БОКС

Дунейы раздæры чемпион Гасситы Мураты тренер Абель Санчес «Sky Sports»-æн куыд загъта, афтæмæй йæ боксерæн иууыл уæззаудæр уæзы катеогрийы бантысдзæн йæ тыхджын цæф æнæхъæнæй равдисын.

«Бахъæудзæн æй рæстæг, цæмæй æрцахуыр уа иууыл уæззаудæр уæзы категорийы архайын. Фæлæ йын æнæмæнгæй дæр бантысдзæн ацы уæзы йæхи аккагæй равдисын. Уый æз раджы загътон. Уартæ  иумæ кусын куы райдыдтам, уæд. Уый тыххæй мын «радзырдтой» йæ къухтæ. Уый дæр у ахæм панчер, куыд дунейы иууыл уæззаудæр уæзы архайæг тыхджындæр боксертæ. Зæгъæм, куыд Эвандер Холифилд. Стæй ма иннæтимæ абаргæйæ,у тынг цырд. Ахæм миниуджытæ та иууыл уæззаудæр уæзы сты æнæмæнгхъæуæг, цæмæй дæ ныхмæлæуджыты дарай дистанцийы», – банысан кодта Абель Санчес. 

ФУТБОЛ

Гуырцъыты Батраз ссис футболон командæ «Алани»-йы æххæстбарджын футболист. Уый командæйы уыд арендæйы. Фæлæ ныр дзæуджыхъæуккаг клуб Песчанокопаг районы командæ «Чайка»-йæ балхæдта футболисты контракт. Гуырцъыты Батраз «Алани»-йы сконы акодта 18 хъазты æмæ бакъуырдта 10 пуртийы.

ПАУЭРЛИФТИНГ

Исландиаг пауэрлифтер æмæ актер Хафтор Бьернссон рекорд сæвæрдта стано-вая тяга кæй хонынц, уыцы дисциплинæйы. 31-аздзыд спортсмен систа 501 кг уæзы штангæ. Коронавирусы пандемийы аххосæй Бьернссон ахæм бæрæггæнæн офици-алон ерысты нæ равдыста, фæлæ йæхи спортивон за-лы.

Бьернссоны бæрзæнд у 206 см. Уый дунейы фылдæр зонынц куыд актер, кæцы ахъазыд «Игра престолов»-ы Григор Гора Клиганы ролы. Спортивон æхсæнад та йæ зоны куыд планетæйы иууыл тыхджындæр адæймаг сбæрæг кæныны ерысты цалдæр хатты призер.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.