СТЪОЛЫ ТЕННИС

Хуссарирыстойнаг спортсментæ призон бынæттæ бацахстой стъолы теннисæй æхсæнадон архайæг Тæболты Арсены номарæн турниры. Ерыстæ уагъд цыдысты Дыгуры. Призтыл тох кодтой РЦИ-Алани, Кæсæг-Балхъар, Дагъыстан, Стъараполы край æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ. Къæйтты ‘хсæн ерысты фыццаг бынат бацахстой Хуссар Ирыстоны спортсмен Тедеты Иосиф æмæ Стъараполы крайы минæвар Михаил Чимбарцев. Дыккаг бынат бацахстой иннæ хуссаирыстойнаг спортсментæ Куыдзеты Игорь æмæ Бекъойты Эдвард. Ерысты ма хайад райстой РХИ-йы æм-бырдгонд командæйы уæнгтæ Максим Вед-медеря æмæ Кокойты Амандæ.

Спортсменты ерыстæм бацæттæ кодтой Джиоты Мириан æмæ Уалыты Иринæ.

ФУТБОЛ

Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» 8:0 хыгъдæй фæуæлахиз «Спартак-Нальчик»-ы командæйыл. Хъазт уагъд æрцыд Уæрæсейы чемпионаты дыккаг дивизионы «Хуссар» зонæйы 16-æм туры фæлгæтты. Хъазты 11 минутыл уазджыты хъахъхъæнæг къухæй йæхи иварон фæзуаты кæй ахъазыд, уый тыххæй йæ тæрхонгæнæг рарвыста хъазæн фæзæй. Уыцы уавæрæй спайда кодтой «Алани»-йы хъазджытæ. Фембæлды фыццаг æмбисы бакъуырдтой 4 пуртийы. 4 голы ма бакъуырдтой хъазты дыккаг хайы дæр. Расгуыхтысты Гуырцъыты Батраз, Хæдæрцаты Батраз æмæ фæйнæ дыууæ пурти та бакъуырдтой Хæбæлаты Алан, Ислам Машуков æмæ Хуыгаты Алан.

Радон туры «Алани» 9 ноябры уазæгуаты ахъаздзæн Махачкалайы «Анжи»-имæ.

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

 Воронежы уагъд æрцыд абсолютон уæзы категорийы Уæрæсейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. Турниртæ уагъд æрцыдысты 97 кг æмæ 125 кг уæзты категориты. Иууыл уæззаудæр уæзы категорийы финалы фембæлдысты Гæззаты Батраз æмæ Хынцæгты Сослан. Тыхджындæр разынд Гæззаты Батраз. 97 кг уæзы та фыццаг бынат бацахста Магомедхан Магомедов. Ацы уæзы 3-аг бынæттæ бацахстой Коцты Зауыр æмæ Чертхъоты Гурам.

Банысан кæнын хъæуы æмæ ма чемпионаты  кæй фембæлдысты дыууæ уæзы категориты уæлахиздзаутæ. Ам Гæззаты Батраз фæуæлахиз Магомедхан Магомедовыл.  

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.