10 азы размæ (2009 азы 25 майы) Хуссар Ирыстоны столицæ Цхинвалы къухтæ æрфыстæуыд Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон статистикæйы федералон службæйы æмæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон статистикæйы управленийы ‘хсæн æмгуыстады рæзты æмæ кæрæдзийæн æххуыс кæныны тыххæй Суагъæйыл.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы минæварад Facebook-ы куыд фехъусын кодта, афтæмæй «документ дæс азæй фылдæр æххуыс кæны дыууæ паддзахады ‘хсæн кæрæдзийæн пайдайы ахастытæн, объективон статистикон информаци райсын æмæ йæ кæрæдзийæн дæттынæн, фадат дæтты,  РХИ-йы цы экономикон уавæр ис, уый хуыздæр бамбары-нæн».

 Уæрæсейы æрдыгæй Суагъæйыл йæ къух æрфыста Уæрæсейы Федерацийы Паддзахадон статистикæйы федералон службæйы къухдариуæггæнæджы хæдивæг Александр Кевеш, Хуссар Ирыстоны æрдыгæй та – РХИ-йы Паддзахадон статистикæйы управленийы хистæр (Хуссар Ирыс-тоны ныры премьер) Пухаты Эрик.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.