АРМРЕСТЛИНГ

Дзæуджыхъæуы спорты галуан «Манеж»-ы уагъд æрцыд Еналдыты Асланбеджы номарæн æппæтуæрæсейон турнир армрестлингæй. Ерысты организатортæ уыдысты Цæгат Ирыстон-Аланийы спорты министрад æмæ республикæйы армрестлингы федераци. Ирон спортсментæ рамбылдтой аст сыгъзæрин, 12 æвзист æмæ 13 бронзæ майданы. Цæгат Ирыстон-Аланийы физикон культурæ æмæ спорты министр Гæбулты Владимир куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ турнирæн ис бæрзонд статус æмæ йæ уæлахиздзаутæ райс-дзысты Уæрæсейы спорты дæсныты нæмт-тæ.

“Ерысты хайад райстой хуссарирыстой-наг авд спортсмены. Турниры сыгъзæрин майдан рамбылдта Гасситы Сослан. Æр-дæгфиналы уымæн йæ къухты бафтыд, йæ уæз 180 килограммы кæмæн уыд, ахæм спортсменыл фæуæлахиз уæвын”, – уый тыххæй нын фехъусын кодта тренер Джиоты Валери. Уый ма куыд загъта, афтæмæй ерысты йæхи тынг хорз равдыста 2017 азы дунейы чемпионаты æвзист призер æмæ 2019 азы Европæйы чемпион Хæбæлаты Арсен, кæцы карз конкуренцийы ссис брон-зæйон призер. Джиойы фырты ныхæстæм гæсгæ, хуссарирыстойнаг спортсментæ иууылдæр уыдысты хорз цæттæ, æгæрыстæмæй, призон бынæттæ чи нæ бацахста, уыдон дæр. «Сæ ныхмæ тох кодтой 20-30- аздзыд фæлтæрдджын спортсментæ», – банысан кодта уый. Æппæтуæрæсейон турниры хайад райстой 245 спортсмены Уæрæсейы 22 регионæй. Хуссарирыстойнаг спортсменты бацæттæ кодтой Джиоты Валери, Коцты Дмитри æмæ Бететы Алан.

БОКС

Ирон боксер Гасситы Мураты тренер Абель Санчес фехъусын кодта, зæгъгæ, украинæйаг Александр Усикæн фæзын уыдзæн иууыл уæззаудæр уæзы тох кæнын. Санчес банысан кодта, зæгъгæ, йæ фæнды боксерты матч-реванш фенын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, Гасситы Муратæн дунеон бок-серон суперсерийы зындзинæдтæ сæвзæрдысты, æххæст формæйы кæй нæ уыд, уымæ гæсгæ æмæ, зæгъ, хорз уаид, ногæй куы фембæликкой, уæлдайдæр та – иууыл уæззаудæр уæзы титулы. Санчес комментаритæ сарæзта, иууыл уæззаудæр уæзы Гасситы Муратæн америкæйаг боксеримæ 27-æм июлы Арлингтоны (АИШ, Техас) цы тох уыдзæн, уымæн дæр. Тренер банысан кодта, зæгъгæ, ныр хъæуы рингмæ рахизын æмæ тыхтæ бавзарын.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.