НОМАРÆН ТУРНИР ШАХМАТТÆЙ

Цхинвалы уагъд æрцыд поэт, журналист æмæ æхсæнадон архайæг, шашкæтæй Советон Гуырдзыстоны чемпион Гобозты Валерийы номарæн турнир. Ерыстæ ныр уагъд æрцыдысты 4-æм аз фæд-фæдыл æмæ та æрæмбырд кодтой республикæйы иууыл хуыздæр шахматистты. Турниры хайадисджытæ дихгонд уыдысты дыууæ кары къордыл. Хистæр кары спортсменты ‘хсæн иууыл фылдæр очкотæ æрæмбырд кодта Сиукъаты Алан æмæ ссис ерысты уæлахиздзау, дыккаг бынат бацахста Саулохты Георги æмæ æртыккаг та ссис Бибылты Алан.

Кæстæр кары къорды иууыл цæттæдæр разынд Бибылты Марат, дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ та бацахстой Кокойты Андрей æмæ Кокойты Мария. 

РХИ-йы шахматы федерацийы президент Саулохты Георги куыд банысан кодта, афтæмæй турнир дарддæр дæр уагъд цæудзæн æрвылаз дæр.

                  ФУТБОЛ

Футболæй Уæрæсейы Кубокы финалы 1/256 Дзæуджыхъæуы командæ «Алания Дзæуджыхъæу» уазæгуаты хъазыд цæцæйнаг клуб «Вайнах»-имæ. Алайнæгтæ фæуæлахиз сты 3:1 хыгъдæй. Командæйы сконды расгуыхтысты Цъакъоты Зауыр, Гуырцъыты Батраз æмæ Артур Малоян. Ацы турниры фæлгæтты радон хъазт «Алания Дзæуджыхъæу» акæндзæн 28-æм июлы Махачкалайы бынæттон командæ «Анжи»-имæ.  

БОКС

Зындгонд ирон боксер Гасситы Мурат травмæ кæй райста, уый аххосæй уагъд нал æрцæудзæн америкæйаг спортсмен Джоуи Давейкоимæ тох. Дыууæ боксеры хъуамæ фембæлдаиккой 27-æм июлы Техасы штаты горæт Арлингтоны. Уæд Мурат фыццаг хатт хъуамæ ерыс кодтаид иууыл уæззаудæр уæзы категорийы.

Тох кæй нал уыдзæн, уый тыххæй  комментаритæ радта Мурат.

«Хатыр курын спортуарзджытæй. Хатыр курын Джоуи Давейкойы командæйæ æмæ йæхицæй ацы тох кæй нал уыдзæн, уый тыххæй. Спорт у æмæ дзы вæййы ахæм цаутæ дæр. Мæ травмæйы тыххæй бæрæгдæр исты куы базонæм, уæд фехъусын кæндзыстæм нæ дарддæры плæнтты тыххæй», – банысан кодта Гасситы Мурат.

Мураты травмæйы тыххæй йæ хъуыдытæ загъта зындгонд уæрæсейаг боксер Федор Чудинов.

«Æз тренер нæ дæн, фæлæ мæ   хъуыдымæ гæсгæ Мурат арæх травмæтæ кæй исы, уымæн йæ аххосаг у тренер Абель Санчес. Йæ тренировкæты рæстæджы бафæллайы организм. Бирæ спортсментæн фаг рæстæг нæ вæййы организм сæндидзын кæнынæн», – загъта Федор Чудинов.

Чудинов раздæр йæ тыхтæ фæлвæрдта Абель Санчесы тренировкæтæ уадзæн лагеры, фæлæ фæстæдæр нал сразы специалистимæ дарддæр кусыныл.

Раздæр ма Абель Санчесы лагерæй рацыд Геннадий Головкин дæр.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.