ФЕМБЫЛД НОГ СЕЗОНЫ ФЫЦЦАГ ХЪАЗТЫ

Ног сезоны фыццаг хъазты «Алани-Дзæуджыхъæу» йæхи фæзуаты хъазгæйæ, фембылды «Легион-Динамо»-йæн. Фыццаг минуттæй фæстæмæ фысымтæ сæ къухтæм райстой хъæппæрис, фæлæ сын голтæ бакъуырын нæ бантыст. Таймы æмбисы уазджытæ тæссаг уавæртæ æвзæрын кодтой Бураты Мухарбегы кулдуары цур. «Алани»-йы сконды иууыл активондæр уыд Ислам Машуков. Фондз азы фæстæ Дзæуджыхъæумæ æрæздæхгæйæ, форвард æппынæдзух æндыгъддзинад æвзæрын кодта уазджыты кулдуары цур, фæлæ уымæн дæр йæ къухты нæ бафтыд пурти бакъуырын.

Фембæлды дыккаг æмбисы «Алани Дзæуджыхъæу» фæтыхджындæр кодта йæ размæбырст, фæлæ 62 минутыл Бутаты Аллон фехæлдта хъазты фæтк æмæ йын тæхонгæнæг равдыста сырх карточкæ. Уымæй  спайда кодта ныхмæлæууæджы размæбырсæг – Богатырев æмæ хыгъд ссис 1:0. Хъазты 79 минутыл  хъазтæй æрвыст æрцыд Хъæцмæзты Сослан дæр. Ноджы ма иу иварон цæфы фæрцы чысыл ма бахъæуа дыккаг пурти бакъуырдтаиккой уазджытæ, фæлæ хорз ахъазыд кулдуаргæс.

 Гогниты Спартакы хъомылгæнинæгтæ фарастæй баззайгæйæ, фæтыхджындæр кодтой сæ хъазт, æппынæдзух тæссаг уавæртæ æвзæрын кодтой ныхмæлæууæджы кулдуары цур. Гуырцъыты Батрадз кæд тынг тырныдта пурти бакъуырынмæ, уæддæр ын нæ бантыст. Фæлæ «Ала-ни» кæд фембылды, уæддæр ирон футболистты хъазтмæ кæсгæйæ, ныфс бавæрæн ис фидæны уæлахизтæй.

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Белгороды ахуырдзауты ‘хсæн 9-æм сæрыдгон спартакиадæйы фæлгæтты уагъд æрцыдысты ерыстæ уæззау атлетикæйæ. Ерысты сыгъзæрин майдан рамбылдта ирон спортсменкæ Содтиты Янæ. Уый дыууæ истæн скодта 200 килограммы (90-110 кг). Спортсменкæйы бацæттæ кодтой Дзгойты Олег æмæ Тасойты Æхсарбег.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.