Æрæджы Кремлы галуаны уагъд æцыд бæрæгбонон концерт, кæцыйы фæлгæтты стыр аргъ скодтой Цæгат Ирыстон-Аланийæ 83-аздзыд постхæссæг Дзалаты Екатеринæйы лæггæдтæн. Мызуры цæрæг сылгоймаг нымад æрцыд «Уæрæсейы посты азы адæймаг»-ыл æмæ йæ схорзæхджын кодтой 300 мин сомы сертификатæй.

Цæгат Ирыстоны Цъæйы комы цæрджытæ ныр æрдæг æнусы дæргъы посты æрвитæггæгтæ исынц Дзалаты Екатеринæйы къухтæй. Уый боны дæргъы ацæуы дæсгай километртæ, æмæ йæ кармæ нæ кæсгæйæ, нæ фæнд кæны йæ уарзон куыст ныууадзын. Уый постмæ кусынмæ бацыд 1968 азы æмæ уæдæй фæстæмæ цæсгомджынæй лæггад кæны адæмæн. 83-аздзыд сылгоймаг пост хæссы ахæм бынæттæм, цыранмæ машинæ нæ цæуы. Бирæ хатт æй бахъæуы къахæй цалдæргай километртæ ацæуын æмæ цæмæй рæстæг «дзæгъæлы ма сафа», уый тыххæй фæндагыл фæбийы цъындатæ. Хæххон курорт Цъæйы чи вæййы, уыдонмæ пост æрбацæуы Буроны поселокмæ, кæцы ис 12 километры дæлдæр. Уырдыгæй курортмæ фыстæджытæ, бандеролтæ æмæ прессæ хæссы Дзалаты Екатеринæ. Æгæрыстæмæй, зымæджы фæндаг зæйтæ куы æрæхгæнынц, уæддæр адресаттæм фæхæццæ кæны газеттæ, фыстæджытæ æмæ æндæр æрвитæггæгтæ.

«Райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн Цъæйы. Уым цардтæн 2002 азы онг. Фæлæ бæрзонд хæххон хъæутæ æдзæрæг кæнын райдыдтой æмæ мæ алыварс цæрæг куынæуал баззад, уæд мæн дæр бахъуыд уырдыгæй ацæуыны сæр. Цæрын Мызуры поселочы. Буронмæ мæ куыстмæ 10 километры бæрц цæуын æмвæндагон машинæтыл æмæ турбазæ Цъæймæ хæссын пост. Мæ райгуырæн хъæумæ куы бахæццæ вæййын, уæд мæ зæрдæ циндзинады æнкъарæнтæй байдзаг вæййы. Бакæсын мæ хæдзармæ, фенын, чысыл чызгæй кæм ралидз-балидз кодтон, уыцы бынæттæ», – радзырдта сылгоймаг.

Постхæссæг суæвын Катяйы фæндыд йæ чысылæй фæстæмæ. Уыдысты хæстон азтæ æмæ сыл-гоймаг бахъуыды кодта, цæрæнбонтæм фронтæй æрвыст фыстæджытæм адæм куыд тынг æнхъæлмæ кастысты, уый. Катя-иу йæхæдæг дæр æнæрхъæцæй æнхъæлмæкаст фронтæй йæ хистæр æфсымæры фыстæджытæм. Хъыгагæн, йе ‘фсымæр сæрæгасæй нал сæмбæлд йæ бинонтыл. Катяйы цард фæсхæст дæр нæ уыд æнцон. Йæ ныййарджытæ фæрынчын сты. Дарддæр сахуыр кæныны бæсты скъолайы рауагъ-доны бахъуыд кусын: дардта фос, карста сын хос. Цъæймæ геологты бригадæ куы æрбарвыстой, уæд æй райстой æххуысгæнæгæй. Фæлæ геологтæ ацыдысты æмæ та чызг æгуыстæй баззад. 1968 азы Цъæйы ссæрибар постхæссæджы бынат æмæ дзы райзæрдæйæ кусын райдыдта Екатеринæ. Уæ-дæй фæстæмæ йæ зæрдæ не сивта йæ уарзон профессийыл.

Буроны регистраци кæны йæ фадыджы корреспонденци, нывæры сæ йæ хызыны æмæ ацæуы хæхтæм. Бирæ хатт æй баласы машинæ, фæлæ зымæджы фæндаджы миты зæйтæ куы æрæх-гæнынц, уæд æй бахъæуы къахæй цæуыны сæр. «Иу хатт хæхтæй æрцæйцыдтæн æмæ мæ размæ фæцис бирæгъ. Хорз уыд æмæ мæ цуры разынд ЛЭП-ы цæджындз. Сбырыдтæн ыл, фæлæ бирæгъ та æрхуыссыд мæ бынмæ. Мæ амондæн машинæ рацæйцыд æмæ йæм мæ хъæлæсы дзаг ныхъæр кодтон: «Бауром, бауром»,- зæгъгæ.  Машинæ баурæдта, шофыр разынд туристон лагеры хистæр. Уый асырдта бирæгъы æмæ мæ æрласта поселочы онг. Уый уыд 20 азы размæ, фæлæ абоны онг дæр мæ зæрдыл лæууы.

 «Катя мæ у 20 азы хистæр, фæлæ мæнæй цырддæр у», – дзуры бынæттон посты хайады хистæр Салихаты Ларисæ.

Екатеринæйы чызг Иринæ дæр цæры Мызуры æмæ алыхатт дæр æххуыс кæны йæ мадæн.

Æрæджы ирон сылгоймаджы уæрæсейаг 2-аг каналы телеуадзæг Гордон фæхуыдта йæ алæвæрд «Мужское и женское»-мæ æмæ йыл тынг фæцин кодтой. Дисы сæ баппæрста сылгоймаджы куыстуарзондзинад æмæ миддуне. Лæвæрдтой йæм алыгъуызон фарстытæ æмæ сын уый дæр райзæрдæйæ дзуапп кодта.

Дзалаты Екатеринæйыл кæд 83 азы цæуы, уæддæр нæ фæнд кæны йæ куыст ныууадзын. «Иуран куы фæбадын, уæд мæ астæу æмæ мæ къæхтæ фæриссынц. Фæлæ къахæй куы цæуын, уæд мын æнцондæр вæййы. Уарзын сатæг уæлдæфмæ тезгъо кæнын. Газеттæ уаргæйæ ныхас кæнын адæмимæ, уы-наффæ кæнæм ног хабæрттыл. Мæнмæ алыхатт дæр æнхъæлмæ кæсынц æмæ мын уый у тынг æхсызгон. Мæхи нымайын амондджыныл», – фæзæгъы Екатеринæ.

ЧЕРТХЪОТЫ Жаннæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.