Махæн нæ райгуырæн Ирыстон, нæ фыдыбæстæ зæххы къорийыл иууыл уарзондæр, иууыл адджындæр къуым у. Уарзæм ын йæ алы дзыхъ, йæ алы къуылдым дæр, уарзæм æй æрмæст бæрæгбонты нæ, фæлæ æрвылбон дæр. Ирыстоны хохæй быдырмæ, цæгатæй – хуссармæ нæй ахæм бынат, кувæндон, зæдбадæн кæм нæй. Кæд алы мыггаг, алы хъæуæн йæхи кувæндон ис, уæддæр сын сæ ном ссарæм нæ иумæйаг куывдты, кувы сæм, йæхи сын фæдзæхсы алы ирон лæг дæр. Фæлæ нæм ис ахæм уаз кувæндæттæ, кæцытæ Ирыстонæн систы иумæйаг, национ, æппæт адæмон. Уæлдайдæр та фæстаг азты.

Уыцы уаз кувæндæттæй сæ иу у Хетæджы Уастырджи. Æрвылаз дæр æм сæхи фæдзæхсынмæ æрцæуынц ирон адæм июлы мæйы дыккаг Хуыцаубоны. Кæд æм алы бон дæр кувæм, нæхи йын фæдзæхсæм, уæддæр уыцы бон вæййы йæ кувæн бон, æмæ уымæн нал вæййы азмæлæнтæ Хетæджы къохы, йæ алфæмблай. Ардæм цæуынц ирон адæм Ирыстоны алы горæт, алы район, алы хъæуæй дæр сæхи фæдзæхсынмæ, Ирыстоны рæсугъд æмæ амондджын сомбоны тыххæй зæрдиагæй скувынмæ.

Советон дуджы дæр æм цыдысты сæхи фæдзæхсынмæ, куыднæ йæм цыдысты, фæлæ ныры хуызæн парахат æмæ сæрибарæй нæ – уæддæр тас уыд официалон хицауады рдыгæй æфхæрд райсынæй. Ныр афтæ нал у. Кæд советон цардуагы фехæлдимæ бирæ хæрзиуджытæ фесæфтам, бирæ цыдæртæ нын баззадысты рæсугъд мы-синæгтæй, уæддæр нын фæзынд, нæ кадджын фыдæлтæ нын кæй ныууагътой, уыцы рæсугъд бæрæгбонтæ зæрдæйы фæндиаг нысан кæныны фадат. Ног дуг нын нæ бирæ хъизæмæртты æмрæнхъ æрхаста нæ национ «æз» æдас æмæ сæрыстырæй дзурыны амонд дæр.

Ацы аз Хетæджы Уастырджимæ кувæн бон æрхауд июлы мæйы 14-æм бонмæ. Æрвылазау та ныр дæр бирæ адæм æрæмбырд Ирыстоны алы къуымтæй ацы табуйаг бынатмæ – Хетæджы къохмæ. Стæй æрмæст Ирыстоны алы къуымтæй нæ – куывддон адæмы ‘хсæн бирæ уыд стыр Уæрæсейы æндæр æмæ æндæр регионтæй чи æрцыд, ахæмтæ дæр. Æмæ куыд а-фæстаг азты, афтæ та ныр дæр бæрæгбон рафидыдта уаг æмæ æгъдауæй, ирон аивады рæсугъддзинадæй, карз нозт кæм нæ уыд, ахæм бæркадджын фынгтæй. Боны æмбисмæ æввахс ам азмæлæнтæ нал уыд адæмæй, рæсугъд уагыл фæлыст адæмæй  зæрдæйы рухс æмæ амондджын мидбылхудт ивылæнтæ кодта Хетæджы табуйаг къохы.

Куыд æрвылаз, афтæ та ныр дæр нæ иумæйаг бæрæгбонмæ бирæ адæм æрцыд Ирыстонæн йæ хуссар хайæ, нæ республикæйæ дæр. Хайад дзы райста сæрмагонд делегаци, Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй.

Бæрæгбонмæ æрцæуæг адæмæй алкæмæн дæр фадат вæййы кувæндоны йæхи, йæ бинонты тыххæй скувынæн, фæлæ куывддон адæмæн иумиагæй ракувы дзуарылæг. Ацы хатт ахæм дзуарылæгы бæрн æрхауд Хъайтыхъты Боламæ.

Бæрæгбоны официалон хайы куывддон адæмæн раарфæ кодтой нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли æмæ Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Битарты Вячеслав дæр.

Бæрæгбонмæ æрцæуæг адæмæн зæрдæбынæй арфæ кæнгæйæ нæ республикæйы Президент Бибылты Анатоли загъта:

– Абон Ирыстон нысан кæны йе стырдæр æмæ ахсджиагдæр бæрæгбонтæй сæ иу. Ацы бæрæгбонмæ сæхи фæцæттæ кæнынц Ирыстоны алы хъæуы, алы хæдзары дæр. Хетæджы табуйаг къохмæ рухсзæрдæйæ æрцæуынц адæм Ирыстоны хуссар æмæ цæгат хæйттæй. Ардæм æрбацæуынц сыгъдæг зæрдæйы æнкъарæнтæ æмæ сомбоны ныфсытимæ, скувынц зæрдиагæй, гъемæ-иу сæ куывдтытæ куыд сæххæст уой, ахæм амонд сæ уæд кæддæриддæр!

Алы аз дæр æрæмбырд вæййæм ацы уаз бынатмæ, цæмæй скувæм нæ сабиты абон æмæ амондджын фидæны тыххæй, бафæдзæхсæм нæхи æмæ нæ къабæзты Хетæджы Уастырджийыл. Абон та кувæм нæ Ирыстоны тыххæй, фæдзæхсæм æй Стыр Хуыцауыл, æппæт сыгъдæг тыхтыл, цæмæй йæ хъахъхъæной, цæмæй хызт уа фыдбылызтæй.

Абоны бæрзонд бардуагæн фæндон уæд Ирыстоны дыууæ хайы баиу кæнын! Иунæг кадджын Хуыцау нын радтæд кæрæдзийæн аргъ кæнгæйæ, кæрæдзи æмбаргæйæ, цæрыны амонд!

Куывддон адæмæн зæрдæбынæй раарфæ кодта Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæуууæг Битарты Вячеслав дæр:

– Абон та нысан кæнæм нæ кадджындæр бæрæгбонтæй сæ иу. Абон нæ Ирыстоны алы комы, алы къуымы дæр кувынц, цæмæй ирон зæххыл уа сабырад, цæмæй нæ адæм уой æнæниз æмæ амондджын. Уадз, не ‘ппæт куывдтытæ дæр фехъуысæнт Хетæджы сыгъдæг Уастырджимæ!

Бæрæгбонмæ æрцæуæг адæм та, æрвылхаттау, сæхи Хетæджы Уастырджийæн бафæдзæхсыны фæстæ сæ арæхстдзинад æвдыстой алыгъуызон аивадон æмæ спортивон мадзæлтты дæр. Хетæджы къохы алы рæттæй хъуыстысты  ирон фæндыры зæлтæ, къæрццæмдзæгъд, куыд хистæртæ, афтæ фæсивæд дæр æвдыстой сæ арæхстдзинад кафын æмæ зарынæй. Ацы хатт дæр та ацы фæрнджын æмæ табуйаг бынатмæ ирон адæм æрцыдысты нæ национ хæдгъуыз традицитæ равдисынмæ æмæ уый сæ къухы бафтыд –  кæстæртæ федтой æцæг ирон æгъдау, уыдон сæ зæрдыл бадардзысты ацы боны рæсугъддзинад. Ныфс нæ ис, ахæм рæсугъд бæрæгбонтæ рæсугъдæй нысан кæнын кæй ахъаз кæндзæн нæ национ химбарынады рæзтæн. Æххуысгæнæг у Ирыстонæн, Хетæджы Уастырджи! Дæ рахис базыры бын дар æппæт ирон адæмы цæгатæй-хуссармæ, хохæй-быдырмæ! Дæ фæдзæхст уæд ирон адæм, зæххы къорийы алы къуымы дæр!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.