Конкурстæ, премитæ бæргæ хорз сты, алы хатт дæр-иу сæ аккагдæрты куы барæвдауиккам, раст, намысы тæрхонмæ гæсгæ  лæвæрд-иу куы æрцæуиккой, уæд, уымæн æмæ ног курдиæттæ раргом кæнынæн стыр ахъаз сты. Хъæугæ бæргæ кæнынц, цæмæй рæзгæ фæлтæрмæ уа аразын, фæлдисынмæ тырнындзинад, разæнгард сæ кæной уæлахизтæм, æнтыстытæм. А-фæстаг рæстæджыты нæ премитæм цы ног проекттæ бафтыд, уыдоны ахъаззагдæртæй иу у, ацы аз йæ фондз азы юбилей чи нысан кæны, уыцы  æхсæндунеон литературон преми «Булæмæргъ».

Ирон литературæйы къабазы ацы æрвылазон дунеон преми арæзт æрцыд Уæрæсейы Федерацийы Хуссар Ирыстоны Минæварады хъæппæрис æмæ компани «Стройцентр»-ы æххуысæй. Преми дæттыны фæдыл советы сæрдар у Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Гасситы Знауыр.

Ацы бонты Мæскуыйы уыд премийæ ног лауреатты схорзæхджын кæныны церемони. Хайад дзы райстой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли, Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйло, Уæрæсейы Федерацийы Фысджыты цæдисы правленийы сæрдар Николай Иванов, Мæскуыйаг горæтон думæйы депутат Валери Шапошников æмæ æндæртæ. Церемонийы амонæг уыд Хетæгкаты Къостайы номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон драмон театры аивадон къухдариуæггæнæг Дзуццаты Тамерлан.

Премитæ дæттыны церемонимæ бацыдысты Сириаг Арабаг Республикæйы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Уæрæсейы Федерацийы Риад Хаддад æмæ Республикæ Никарагуайы Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын Минæвар Республикæ Хуссар Ирыстоны Альба Торрес.

Банысангонд литературон преми арæзт æрцыд ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл фыссæг æрыгон автортæ агурын æмæ сæ разæнгард кæныны нысæнттæн. Преми «Булæмæргъ» фæндзæм хатт райсынмæ бавдыстæуыд сæдæ уацмысæй фылдæр, кæцытæ хауынц хицæн æмæ хицæн литературон жанртæм: куыд прозæ æмæ поэзийы, афтæ публицистикæ æмæ драматургийы жанрты дæр.

Церемонийы раныхасгæнджытæ куыд банысан кодтой, афтæмæй ацы факт дзурæг у литературон конкурсмæ цымыдисдзинады рæзтыл, кæцы йæхирдыгонау ссис «фыссæн сисы фæлварæн» æмæ ахъаз кæны  ахадæн сфæлдыстадон рæзтæн.

Премийы лауреаттæн зæрдæбын арфæ кæнгæйæ Президент Бибылты Анатоли банысан кодта ирон æвзаджы рæзтæн ахъазгæнæг мадзæлттæ уадзыны ахсджиагдзинад:

– Абон нысаниуæгджын цау æрцыд Ирыстоны культурон царды. Мах не ‘ппæты дæр ардæм æрæмбырд кодта мадæлон æвзагмæ уарзондзинад. Нæй гæнæн æмæ æмбæлон аргъ ма скæнæм ацы хæрзиуæгон райдайæнæн, кæцы популяризаци кæны ирон æвзаг, æмæ ахъаз кæны уый алфæмблай æрыгон курдиæттæ æмбырд кæнынæн, – загъта Бибылты Ана-толи.

Хуссар Ирыстоны паддзахады сæргълæууæг стыр хъыгимæ бафиппайдта, ирон æвзагæй пайда кæныны æмвæзад ныллæг кæй у, уый, загъта, зæгъгæ ис ахæм ирон бинонтæ, сывæллæттæ иронау кæм нæ дзурынц.

– Растæндæр ахæм мадзæлттæ ахъаз кæнынц мадæлон æвзагмæ хуыздæр ахаст дарынæн. Алчи дæр æй хъуамæ æмбара, махæн кæй нæй не ‘взаг фесафыны бар. Уымæ гæсгæ алы ирон дæр хъуамæ йæ сывæллæтты цайдагъ кæна ирон æвзагыл дзурынмæ, уарзын сын кæна ирон культурæ.

Президент куыд загъта, афтæмæй йæ ныфс ис, дарддæр литературон преми «Булæмæргъ»-ы хайадисджытæн сæ нымæц кæй рæздзæн географион æгъдауæй дæр.

Бибылты Анатолийы фæстæ церемонийы раныхас кодта Сергей Меняйло.  Уый дæр фыццаграды бузныджы ныхæстæ загъта ацы проекты хайадисджытæн æмæ йын банысан кодта йæ ахсджиагдзинад, сæ архайд ирон æвзаджы рæзт æмæ бахъахъхъæнынæн стыр ахъаз кæй у, уый банысан кæнгæйæ.

Сергей Меняйло куыд загъта, афтæмæй цыфæнды адæмæн дæр сæ индивидуалондзинад баст у сæ историимæ, сæ культурæ, се ‘гъдæуттæ æмæ традицитимæ. Æмæ загъта, зæгъгæ уыцы хъуыддаджы сæйраг ролы хъазы æвзаг.

– Уымæ гæсгæ цалынмæ уыцы традицитæ парахат кæнæм, не ‘взаг æмæ не ‘гъдæуттæ хъахъ-хъæнæм, уæдмæ уыдзыстæм тыхджын, – загъта Сергей Меняйло.

Официалон раныхæсты фæстæ райдыдта церемонийы сæйраг хай –  премитæ дæттын.

Преми «Булæмæргъ»-ы фыццаг къæпхæны лауреат суæвыны амонд ацы хатт та æрхауд журнал «Мах дуг»-ы сæйраг редактор, Джусойты Нафийы номыл премийы лауреат Хетæгкаты Оксанæмæ, саккаг ын æй кодтой ирон национ прозæйы жанры номинацийы, йæ бавдисгæ радзырдты циклы тыххæй. Фыццаг къæпхæны преми радтыны тыххæй сценæмæ фæхуыдтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы.

Дыккаг къæпхæны преми та лæвæрд æрцыд зындгонд журналист Гасанты Валерийæн, уымæн дæр – националон прозæйы жанры номинацийы. Преми йын саккаг кодтой, куыд йæ бавдыстгонд радзырдты циклы тыххæй, афтæ йæ публицистон чиныджы тыххæй дæр, цы ран мыхуыр æрцыдысты очерктæ, рецензитæ æмæ Ирыстонæн номгæнæг адæймæгты цард æмæ сфæлдыстадыл дзурæг публицистон уацтæ. Гасанты Валери ма у Колыты Аксойы номыл республикон премийы лауреат æмæ Хъамбердиаты Мысосты номыл паддзахадон премийы лауреат дæр.

Æртыккаг къæпхæны преми саккаг кодтой Джиоты Любæ æмæ Хъодалаты Марияйæн – музыкалон-поэтикон аивады рæзтмæ ахадæн хайбавæрд хæссын æмæ фæсивæды ‘хсæн ирон литературон æвзаг популяризаци кæныны тыххæй. Сæ дипломтæ сын радтыны тыххæй сценæмæ фæхуыдтой горæт Сочийы Ирæтты националон культурон центр «Алани»-йы директор Мæргъиты Анатолийы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.