Къоста – нæ хуры рухс, уæззау царды уавæрты рафтæг мæгуыр хæххон адæмты бартыл, сæ фидæныл карз тохы чи бацыд, йæ цард æгасæй дæр æфхæрд æмæ ссæст дзыллæты сæраппонд чи æрхаста, уыцы  æнæмæлгæ гени… Æппæт дзыллæтæн дæр уымæн уыди Къоста сæ сомыгæнæн, сæ зæрдæбындæр арфæйы сæр. Йе ‘мдугонтæ йæ базыдтой ахæмæй, ахæмæй йæ зонынц абоны дзыллæтæ, ахæмæй баззайдзæн нæ фидæны фæлтæртæн дæр.

Поэт йæ фыдæн цахæм аргъ кодта, уый дæр фаг у йæ удыхъæды ирондзинад æмæ рæсугъд æнкъарæнтæн – «Мæ фыды æз канд уарзгæ нæ кодтон, фæлæ мæм зæды хуызæн касти».

Фыды æндæвдад зындис фидæны поэты хæрзуагдзинадыл, фæлæ йæ культурон-идеологон цæстæнгас фыдæй ист нæ уыд. Куыд зонæм, афтæмæй Къоста йæ мады бынтондæр нæ хъуыды кодта, дыууæ мæйы дæр ыл нæма цыд, афтæ амард йæ мад. Поэтæн йæ хъуыдыйы цæрæнбонтæм баззадысты йæ сидзæры уæззау сабибонтæ. Йе сфæлдыстады кæрæй-кæронмæ ирдæй уымæн зынынц мады фæлгонц æмæ мады рæвдыдæй цух сабидуг.

Къоста йæ удгоймагон рæзтмæ фыццаг къахдзæфтæ акодта хæхбæсты, Нары хъæуы. Ам гуырдис йæ индивидуалондзинад, рæзтис йæ эстетикон цæстæнгас аивадмæ, æрдзы скондмæ. Мадæлон æвзагмæ арф уарзондзинад Къоста банкъардта Ирыстонæй дард уæвгæйæ, Ирыстоны зæххыл нæ, фæлæ. 1871 азы 1 ноябры Къостайы радтой Стъараполы нæлгоймæгты гимназы цæттæгæнæн къласмæ. Дæс азы фæахуыр кодта ацы гимназы, уый фæстæ, 1881 азы фæззæджы бацыд ахуырмæ Бетъырбухы аивæдты академимæ. Хъубаны областы хицауад хохаг адæмтæй алыхуызон иварты фæдыл цы æхцатæ æмбырд кодтой, уыдонæй йын фыстой стипенди. 1884 азы хицауад стипенди нал бафыстой, уымæ гæсгæ аивæдты академи фæуын Къостайæн йæ бон нал бацис. Дыууæ азы ма фæцыдис академимæ уæгъдибар хъусæгæй, фæлæ йæ 1885 азы сæрды бахъуыдис йæ фыды хæдзармæ ‘рыздæхын, ахуыр æххæстæй нæ фæцис, афтæмæй.

Æрыгон поэты сфæлдыстадон уд агуырдта йæхицæн рæзты фадæттæ æмæ уæд рацыд цæрынмæ Дзæуджыхъæумæ. Бирæ азты райгуырæн бæстæйæ дард кæй фæцард, уымæ гæсгæ йæ йæ уд æлвæста фыдыбæстæмæ, мадæлон æвзаг æмæ культурæмæ. Дзæуджыхъæуы фæцард æхсæз азмæ æввахс, фæлæ йæ алывæрсыг сфæлдыстадон гæнæнтæ равдисын йæ къухы нæ бафтыд. Фыста æмдзæвгæтæ, поэмæтæ фылдæр уырыссаг æвзагыл. Куыста, куыд нывгæнæг, афтæ дæр. Уырыссаг нывгæнæг А.Г.Бабичимæ иумæ архайдта равдыстыты. Ныв кодта декорацитæ театрæн, арæзта литературон-музыкалон изæртæ. Искуы иу хатт-иу йæ уырыссаг уацмыстæ мыхуыр кодта Стъараполы газет «Северный Кавказ»-ы. Газетты фæрстыл-иу Къостайы ныхас ирдæй разынд, фæлæ Лермонтовы номарынæн цы æмдзæвгæ ныффыста, уый цензурæ мыхуырмæ нæ рауагъта. Æрмæстдæр æй дæс азы фæстæ ныммыхуыр кодта, уый дæр – фæсномыгæй. Цензурæйы реакци æмбæрстгонд уыд: ирон поэтæн Лермонтов уыдис «бæллиццаг сæрибары фидиуæг», «уæз-дан хъомысджын тых», уый адæмы растын кодтаид «стыр, рæстаг хъуыддагыл тох-мæ». Уымæ гæсгæ йæ нæ уагътой йе ‘мдзæвгæ кæсын, Лермонтовы цырт-дзæвæн куы гом кодта Пятигорскы, уæд дæр. Терчы бæсты хицауы фæндонæй Къоста хаст æрцыд фондз азы æмгъуыдмæ, ирон чызджыты скъолайы сæрыл кæй сдзырдта, уый тыххæй. Нал ын уыд йæ райгуырæн Ирыстоны, йæ иубæстон адæмимæ цæрыны бар. Къоста 1891 азы июны мæйы араст Дзæуджыхъæуæй Лабæмæ, йæ зæронд фыдмæ. Уæд райдыдта, æвæццæгæн, йæ царды иууыл тыхстдæр рæстæг. Æхсæнадон хъуыддагæй бынтондæр фæиппæрд, хауæггаг сси йæ цард. Йæ зонындзинæдтæ æмæ йæ курдиат кæм равдыстаид, ахæм куыст кæныны фадат ын нæ уыд.

1892 азы январы мæйы Къостайыл сæмбæлд ноджы фыддæр цæфтæ хъысмæтæй. Цæлыккаты Аннæ йын йæ минæвæрттæ раздæхта, разыйы дзуапп нæ ратгæйæ. Уыцы рæстæджы ма йыл сæмбæлд ноджы æвирхъаудæр хабар –  йæ фыды мæлæт. «Мæ фыды мæлæт мын бынтон амардта мæ зæрдæ…æз мæхи банкъардтон бынтон иунæг ацы стыр дунейы…», – фыста Къоста Цæлыккаты Аннæмæ.

1893-æм азы февралы мæйы æрцыд Стъараполмæ æмæ кусын райдыдта газет «Северный Кавказ»-ы. Фæкуыста дзы 1897-æм азмæ. Уыцы рæстæг æппæты фылдæр кодта йе сфæлдыстадон куыст æмæ æхсæнадон архайд. Уый уæд фыста уырыссаг æвзагыл дæр æмæ ирон æвзагыл дæр, фæлæ йæ ирон уацмыстæн нæ уыд мыхуыры уадзыны фадат. Поэт бирæ куыста йæ ирон æмдзæвгæтыл æмæ фæстæдæр рацыдысты хицæн æмбырдгондæй, схуыдта йæ «Ирон фæндыр». 1897 азы Къоста фæрынчын, стæджыты хæцгæ низ ыл фæзынд, æмæ йын июлы мæйы Стъараполы операци скодтой. Операци хорз ацыд, фæлæ карз низыл нæ фæуæлахиз сты. Октябры мæйы ацыд Бетъырбухмæ æмæ уым ногæй дохтырты къухмæ бахауд. 25 ноябры йын скодтой тынг уæззау операци æмæ æхсæз мæйы дæргъы йæ хуыссæнæй нæ сыстад. Июны мæйы фæстæмæ æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ дарддæр архайдта низы ныхмæ тох кæныныл.

Къостайы цард æмæ сфæлдыстады фæдыл Абайты Васо афтæ дзырдта: «Къостайæн уыд йæхи Бенкендорф – инæлар Каханов». Уыцы провинциалон Бенкендорфы бардзырдæй Къоста фыццаг хатт хаст æрцыд Терчы зылдæй.

1899 азы 26 майы Къоста уыд фæндагыл ног хасты бынатмæ. 1900 азы мартъийы мæйы æрыздæхт Кавказмæ æмæ ногæй райдыдта кусын Стъараполы, Пятигорскы æмæ Дзæуджыхъæуы периодикон мыхуыры. Йæ публицистикæ ссис ноджы карздæр. Раздæрæй ныр активондæр уыд йæ архайд. Афтæ зынд, æмæ райдыдта йе сфæлдыстады ног, ахъаззаг рæстæг, фæлæ йæ тыхтæ фаг нæ уыдысты, йе ‘нæниздзинад кæй фæцудыдта, уый бæрæг уыд. 1901 азы æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ, йæ фæнд уыд ам бæстон æрцæрын. Активонæй архайдта бынæттон культурон-рухсадон мадзæлтты. Ныв кодта, фыста уацтæ, куыста дарддæр поэмæ «Хетæг»-ыл. Йæ фæнд уыд курдиатджын сабитæн аивадон скъола байгом кæнын, газет «Казбек»-ы редактор суæвын… Фæлæ йæ фæндтæ йæ къухы нал бафтыдысты. 1903 азы зымæг Къоста арвыста рынчынæй, иунæгæй, æнæарт фатеры, æвæгæсæгæй. Мæгуыр æмæ тыхст уавæры уыд уæд Къоста. Афтæ мæгуыр уыд, царды фæрæзтæй – цух, æмæ-иу хатгай йе ‘мбæлттæй куырдта къæбæры æхца. Сæрды йæм æрцыд йæ хо æмæ йæ аласта йæхимæ. Æртæ азы ма фæцардис уым поэт, фæлæ сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон куыстмæ бавналын йæ бон нал баци. 1906 азы 19-æм мартъийы (ног нымадæй – 1 апрелы) йæ куыстæй æрлæууыд поэты æнæрынцой зæрдæ.

Къостайæн йæ удæгасæй йе сфæлдыстады æмæ æхсæнадон куысты аха-дындзинад бирæ ничи æмбæрста. Фæлæ йæ мæлæты фæстæ сбæлвырд, дисса-джы курдиаты хицау, куырыхон æмæ лæджыхъæдджын уд кæмæн уыд, уыцы адæймагæй кæй фæцух сты ирон адæм, уый.

Къоста æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта, скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Фыста ирон æвзагыл дæр æмæ уырыссаг æвзагыл дæр, фæлæ фæстæдæр, æрыгон лæппуйæ, фылдæр фыста уырыссагау.

1885 азы Бетъырбухæй куы ‘рыздæхт, уæды рæстæг ын уыд зын æмæ тыхст. Фыдыбæстæмæ æрыздæхт ын цины хъуыддаг уыдаид, адæмы æфхæрд куы нæ федтаид, уæд. Мæгуырдзинад, æбардзинад, адæмæн сæ уд ныцъист кодтой паддзахы администраци. Æппæт уыцы уавæртæ æнцой нæ лæвæрдтой поэтæн. Поэмæ «Фатимæ», «Тæрхоны раз», «Кæуæг айнæг», этнографион очерк «Особа» – ацы уацмыстæ се ‘ппæт дæр сты ирон адæмы царды ныхмæвæрддзинæдтыл фыст, ивгъуыд цард иртасæг. Иннæтæй раздæр фыст æрцыд æмæ мыхуыры рацыд поэмæ «Фатимæ» (1889 аз.).

Ивгъуыдыл сагъæсгæнгæйæ, Къостайæн йæ хъуыдытæ кæддæриддæр уыдысты бæлвырд, кæрæдзийыл баст. Уый зыдта адæмы ивгъуыд, абон æмæ фидæн кæрæдзийыл æмбаст кæй сты. Уый æмбæрста, адæмы ивгъуыды кæй нæ уыд сæрибардзинад, уый уыд йæ сагъæсы сæр, ууыл дзырдта уæлдæр ранымад уацмысты.

Поэт дзырдта, хохæгты сæрыл йæ бон цы уыд, уымæй: поэтикон ныхасæй, публицистикон уацтæй, фыста официалон инстанцитæм æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ иууыл ирддæр уæды царды æцæгдзинад равдыста сатирикон поэзийы, фыццаджыдæр, поэмæ «Кому живется весело»-йы.

Нæ фæндагамонæг, нæ лæугæ хох, нæ цæугæ мæсыг

Йæ лирикон поэзийы дæр гыццыл нæй сатирикон мотивтæ. Æцæг, йæ худыны сæр уыдысты чиновниктæ нæ, фæлæ тохгæнæг мещанты психологон гыццыл дуне æмæ удыхъæд . Поэт уыдоны идеалтæ æмæ бардзы царды уагы ныхмæ æвæрдта амонд.

Адæмы темæ у Къостайы сфæлдыстады астæумагъз, уый уæрæхæй зыны йæ поэмæты. Уыцы темæйыл фыст сты цалдæр æмдзæвгæйы уырыссаг æвзагыл дæр. Фæлæ æппæты ирддæрæй – адæмы цард, адæмы хъысмæт æвдыст цæуы «Ирон фæндыр»-ы.

«Ирон фæндыр» у, Къоста ирон æзагыл цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон æмбырдгонд. Фыста йæ цæргæ-цæрæнбонты. Ацы чиныгмæ бацыдысты, 1885 азы сæрдæй йе сфæлдыстадон фæндаджы кæронмæ цы уацмыстæ ныффыста, уыдон. Фыст цыдысты алы азты. Кæм сæ мыхуыр кодтаид, уый нæ уыд. Ирыстоны уæды дуджы нæ уыд периодикон мыхуыр. Æмдзæвгæтæй бирæтæ адæмон зарджыты хуызы хæццæ кодтой адæммæ. Азтæ цыдысты, поэтмæ уыд йе ‘мдзæвгæтæ хицæн чиныгæй рауадзыны фæнд. Фæлæ æрмæст 1898 азы 3 сентябры фæзынд фыццаг сыгъдæг къухфыст ахæм сæргондимæ: «Зæрдæйы са-гъæстæ, зарджытæ, кадджытæ, æмбисæндтæ».

1899 азы майы мæйы фæзынд «Ирон фæндыр». Уый уыд диссаджы цау, стыр уыдис йæ ахадындзинад ирон национ культурæйы историйы. Ирон профессионалон поэзийæн æппæт адæм аргъ скодтой æмæ нацийы монон царды зынгæдæр фæзынд ссис.

Къоста йæ уацмыстæ адих кодта æртæ тематикон къордыл: лирикæ, уæрæх райсгæйæ, баснитæ æмæ æмдзæвгæтæй фыст аргъæуттæ, сывæллæттæн æмæ сывæллæттыл фыст æмдзæвгæтæ. Сывæллæттæн æмæ сывæллæттыл фыст æмдзæвгæтæ фыццаг рауадзынмæ хъавыд хицæн чиныгæй: «Мæ лæвар Иры сабитæн».

Раст цыма йæ уарзон адæмы номæй зæгъынмæ хъавыд, уый хуызæн фæкæсынц адæймагмæ Раиса Ахматовайы ныхæстæ: «Мах Къостайы арфхъуыдыджын цæстытæм куы фæкæсæм, уæд нæ разы сæвзæры ахæм фарст: кæцæй уыд ахæм егъау хъару хохагмæ? Кæцæй равзæрд ахæм тых йæ фæлтæртæм, маст æмæ мæгуырдзинадæн бабыхсгæйæ, Къостайы æхсидгæ рæнхъытæ чи бахъахъхъæдта. Æппынфæстаг, «Ирон фæндыр»-ы хæххон адæймаг федта йæхи хъæлæс, баууæндыд йæхиуыл».

Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæммæ Къостайы размæ дæр уыд хъæздыг адæмон поэзи. Уый размæ ирон æвзагыл фыст æрцыдысты Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæ, фæлæ Къоста уыдонимæ нæ базонгæ. Уымæ гæсгæ Къостайæн йæхи бахъуыд националон профессионалон поэзийæн бындур æвæрын. Уырыссаг литературæ йын уыд фæзминаг, ирон адæмон поэзи дæр уыд æнусон традицитæй æххæст, уымæ гæсгæ уый йæ аивады лæмбынæг йæ хъус дардта дыууæ традицимæ дæр. Къоста ирон адæмон поэзи систа дунейы хуыздæр литературæты æмвæзадмæ.

Къоста йæ фарн æмæ генион сфæлдыстады ахадындзинады фæрцы йæ раттæг адæмæй æндæр адæмтæм дæр раджы анхъæвзта. Хуымæтæджы нæ фыста Мариэттæ Шагинян Къостайы тых-хæй: «Йæ адæмы æгæрон уарзтæй кæй уарзта, уый тыххæй Къоста у национ æмæ æппæтадæмон культурæйы сæраппонд æцæг тохгæнæг, стæй у, абон мах, æфсымæрон адæмтæ, хæларæй кæм цæрæм, уыцы æхсæнады барджын уæнг».

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.