ФÆБÆРÆГ СТЫ УÆЛАХИЗДЗАУТÆ

Фæцис РХИ-йы Президенты кубок рамбулыны сæраппонд республикон турнир футболæй. Ерыстæ стыр цымыдис сæвзæрын кодтой спортуарзджытæм. Сæйраг призыл тох кодтой 17 командæйы.  Финалон хъазты фембæлдысты паддзахадон æдасдзинады комитеты æмæ Хъайтарты уынджы командæтæ. Паддзахадон æдасдзинады комитеты командæ турнир рамбылдта игъуыд аз æмæ та йæ ныр дæр фæндыд сæйраг приз сæхи бакæнын. Уымæ гæсгæ фыццаг минутты стыр тыхтæй абырста размæ, фæлæ 16 минутыл бауагъта контратакæ. Хъайтарты уынджы командæйы футболист Бететы Маратæн бантыст пурти рæсугъд бакъуырын. Хыгъд байгом кæныны фæстæ дæр хъазты стыр ивындзинæдтæ не ‘рцыд. Паддзахадон æдасдзинады комитеты командæйы футболисттæ стыр тыхтæй цыдысты атакæйы, Хъайтарты уынджы командæ та фыццаг рады йæ хъус дардта йæ кулдуæрттæм. Хъазты фыццаг æмбисы кæронмæ ма 5 минуты куыд хъуыд, афтæмæй та Хъайтарты уынджы командæйæн бантыст дыккаг пурти бакъуырын. Ногæй та расгуыхт Бететы Марат. Хъазты дыккаг хайы дæр цыд карз спортивон тох. Паддзахадон æдасдзинады комитеты командæйæн бантыст иу пурти бакъуырын. Расгуыхт Бекъойты Ацæмæз. Уыд ма сын цалдæр хорз гæнæны хыгъд сæмхуызон кæныны тыххæй, фæлæ æнтыстджынæй ахъазыд Хъайтарты уынджы кулдуаргæс æмæ йæ командæйæн æрхаста уæлахиз. Турниры хайадисджытæн раарфæ кодта президент Бибылты Анатоли æмæ схор-зæхджын кодта фæуæлахизуæвæг командæйы.

Турниры бронзæйон призертæ систы Хъахъхъæнынады министрады хъазджытæ. Бæрæг æрцыдысты ерысты хуыздæр хъазджытæ æмæ тæрхонгæнæг. Хуыздæр тæрхонгæнæджы приз райста Тедеты Александр. Хуыздæр хъазджытыл та нымад æрцыдысты Багаты Дзамболат, Бекъойты Олег,  Цхуырбаты Руслан æмæ Бететы Марат. Турниры хуыздæр хъазæгыл нымад æрцыд Артур Урбицкий.

Ерысты уæлахиздзауты æмæ призерты схорзæхджын кæныны церемонийы ма хайад райстой РХИ-йы футболы федерацийы президент Джиоты Алан, спорты фарстыты фæдыл президенты æххуысгæнæг Джиоты Руфин, Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь, Парламенты депутат Касаты Ацæмæз æмæ Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей.

 

ТУРНИР ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

3-æм ноябры Алина Кабаевайы номыл спортивон комплекс «Олимп»-ы уагъд æрцыд дунеон турнир ленк кæнынæй, цыран хайад райстой куыд Хуссар Ирыстоны, афтæ Уæрæсейы регионты спортсментæ, уыцы нымæцы Хъæрæсе-Черкесси æмæ Ставрополы крайы минæвæрттæ дæр. Турниры организатортæ уыдысты РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет æмæ Хуссар Ирыстоны Ленк кæныны федераци. Турнир бакæныны цытджын церемонимæ æрбацыд РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли.

Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы паддзахадон гимнтæ сæххæст кæныны фæстæ ерысты хайадисджытæ æмæ уазджытæн раарфæ кодта Бибылты Анатоли. Уый стыр аргъ скодта Евгения Терлеевайы куыстæн.

«Тынг æхсызгон мын у, традицион ерысты хайад кæй исынц Уæрæсейы Федерацийы минæвæрттæ. Уый дзурæг у ууыл, æмæ Хуссар Ирыстонмæ, сæрмагондæй, спортмæ цымыдисдзинад азæй азмæ кæй рæзы. Æппæтдæр арæзт цæуы Евгения Викторы чызджы руаджы. Мах иууылдæр уынæм, йе ‘рбацыдæй спорты ацы хуыз кæй рахызт ног æмвæзадмæ. Уый бæрæг у уымæй дæр, æмæ ленк кæныны секцимæ кæй цæуынц бирæ æвзонг спортсментæ», – загъта уый.

Турниры хайадисджытæн раарфæ кодта РХИ-йы Ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеева. «Арфæ уын кæнын иууылдæр. Абон мах стæм бирæ фылдæр, уымæн æмæ нæм æрцыдысты уазджытæ æндæр спортивон организацитæй. Махæн æхсызгон у, Уæрæсейы регионты минæвæртты дæр кæй бафæндыд нæ ерысты хайад райсын, уый. Дарддæр дæр тырндзыстæм турнирмæ ноджы фылдæр хайадисджыты хонын», – загъта Терлеева.

Турниры бирæ хайадисджытæ кæй уыд, уымæ гæсгæ цыд дыууæ боны дæргъы. Хисæрмагонд хыгъды хуссарирыстойнæгтæй æртæ дистанцийы фæуæлахиз Тыджыты Дианæ, дыккаг бынæттæ бацахстой Уалыты Даянæ æмæ Джиоты Сабинæ, æртыккæгтæ та систы Тохъмайты Александр æмæ Тедеты Ирмæ. Командон хыгъды фыццаг бынат бацахста Черкескы командæ, дыккаг ссис ленкгæнæн бассейн «Дельфин»-ы фыццаг командæ æмæ æртыккаг бынат та фæцис спортивон галуан «Олимп»-ы командæйы.

Ерысты уæлахиздзаутæ хорзæхджын æрцыдысты алыгъуызон хорзæхтæй.

Турнирæн фæстиуджытæ сарæзта РХИ-йы Ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеева.

Хуриты Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.