Грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы хистæр тренерæй нысан æрцыд Олимпион чемпион Хуыгаты Алан. Хуыгайы фырт йæхæдæг куыд банысан кодта, афтæмæй фæстæмæ здæхы спортмæ.

«Æз нысанмæздæхтæй фæстæмæ здæхын спортмæ. Загътой мын сæ фæндон, цæмæй бацæуон Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы тренерты скондмæ, кæцы алыгъуызон ерысты хъахъхъæндзæн бæстæйы спортивон кад. Цæттæ дæн кусын райдайынмæ, хъомыл кæндзыстæм фæсивæды, цæттæ кæндзыстæм Олимпиадæмæ, стыр æнтыстытæ къухы бафтын кæнынмæ», – банысан кодта Хуыгаты Алан.

Хуыгаты Алан 2019 азы нысан æрцыд РЦИ-Аланийы Физикон культурæ æмæ спорты министрæй. Ацы бынатæй ацыд ацы аз апрелы мæйы.

 

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

7 декабры Узбекситаны райдайдзæн дунейы чемпионат уæззау атлетикæйæ. Ерысты Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды хайад райсдзæн Соттиты Янæ. Уый майдантыл тох кæндзæн 76 кг уæзы категорийы.

Соттиты Янæйæн ацы аз бантыст, 21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменкæты ‘хсæн дуне-йы чемпионат рамбулын.

 

ТЕННИС

Уæрæсейаг теннисист Хъæрæцаты Аслан ссис Прфессионалон теннисистты ассоциацийы хорзæх «Азы прогресс»-ы цыппар претенденттæй сæ иу. Хорзæх лæвæрд цæуы уыцы хъазæгæн, кæцыйæн азы кæронмæ бантыст рейтингы бирæ уæлдæр схизын æмæ æнæхъæн сезоны дæргъы æвдыста хъазты бæрзонд æмвæзад.

Хъæрæцаты Аслан 2021 азы фыццаг хатт рейтингы бахауд 20 хуыздæр теннисисты номхыгъдмæ. Азы кæрон уыд 18-æм бынатыл. Ацы сезоны уый квалификацийыл бахаудта Австралийы гом чемпионатмæ. Уым уый бахæццæ æрдæгфиналмæ æмæ афтæмæй 1968 азæй фæстæмæ ссис фыццаг теннисист, кæцыйæн ацы турниры фыццаг хатт хайад исгæйæ бантыст уыйонг бацæуын.

2021 азы ма йын бантыст фыццаг хатт АТР титултæ дæр рамбулын. Токиойы Олимпион хъæзтыты та æмхæццæ къæйтты ‘хсæн ерысты, Елена Веснинаимæ иумæ хъазгæйæ, ссис æвзист призер.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.