Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æдасдзинады Советы нымæрдары хæдивæг Рашид Нургалиевимæ бабæрæг кодтой Ручъы тъунелыл уагъдцæуæг электроадæттæн резервон хаххы куыстыты цыд.

Хуссар æмæ цæгатæрдыгæй штольнæты цæуæг кабелы фæдыл куыстытимæ зонгæ кæнгæйæ, уыдонæн радзырдтой куыстытæ æххæст кæныны этапты, техникон проблемæты æмæ йæ фæуыны æмгъуыдты тыххæй.

Арæнгонд бæрндзинады æхсæнад СК «Энергопрогресс»-ы Генералон директор Семен Крыловы ныхæстæм гæсгæ, куыстытæ уагъд цæуынц æхсæвæй бонæй, хуссайраг штольны нæй проблемæтæ, куыстытæ уым фæуыдзысты августы.

Объект лæвæрд æрцæудзæн графикмæ гæсгæ, ацы азы октябры мæйы

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.