ФУТБОЛ

Цхинвайлаг дыууæ лæппуйы Зæгъойты Олег æмæ Цхуырбаты Дэвид систы, 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы футболистты ‘хсæн Уæрæсейы субъектты чемпионаты уæлахиздзаутæ. Ерыстæ уагъд цыдысты Волгограды. Олег æмæ Дэвид хъазыдысты Хуссар Федералон æмæ Цæгат Квказы федералон зылдты иумæйаг командæйы сконды. Зæгъойты Олег у дуаргæс, Цхуырбаты Дэвид та хъазы рахиз хъахъхъæнæджы позицийы. Дыууæ футболист дæр стыр хайбавæрд бахастой сæ командæйы уæлахизмæ. Сæ дæлкъордæй ахизгæйæ, Уæрæсейы Хуссары командæ æрдæгфиналы хъазыд Мæскуыйы футболисттимæ. Сæйраг рæстæг фæцис 1:1 хыгъдæй æмæ уæлахиздзау сбæрæг кæныны тыххæй бахъуыд 11-метрон цæфтæ сæххæст кæнын. Ам тынг хорз йæхи равдыста хуссайрæгты капитан Зæгъойты Олег, систа дыууæ пуртийы æмæ уый фæрцы йæ командæ фæуæлахиз 4:3 хыгъдæй. Финалы та Хуссар Федералон æмæ Цæгат Кавказы Федералон зылдты иумæйаг командæйы ныхмæлæууæг уыд Приволжьейы командæ. Ацы хъазты ныхмæлæууæг командæтæн нæ бантыст хыгъд байгом кæнын æмæ та футболистты бахъуыд 11-метрон цæфтæ æххæст кæнын. Æмæ та ногæй йæ ныхас загъта Олег, кæцыйы хорз хъазты фæрцы йæ командæ рамбылдта 4:3 хыгъдæй æмæ ссис чемпионаты сæйраг призы хицау.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ Зæгъойты Олег кæй у раздæры зындгонд боксер Зæгъойты Игоры фырт, Дэвид та у Хуссар Ирыстоны футзалы федерацийы президент Цхуырбаты Вадимы фырт.

 

ЧЕМПИОНАТ ЛЕНК КÆНЫНÆЙ

Республикæйы боны цытæн уагъд æрцыд ленк кæнынæй Хуссар Ирыстоны чемпионат. Хайад дзы райстой 140 æвзонг спортсмены. Уыдон ерыс кодтой уæгъдибар стилæй. Иууыл хуыздæр сæхи равдыстой æмæ чемпионаты уæлахиздзаутæ систы Чысиаты Александр, Тедеты Ирмæ, Гуыбаты Мария, Чиаты Михаил, Джиоты Катеринæ, Бестауты Бега, Тыджыты Дианæ, Тасойты Арсен, Тедеты Сабинæ, Къæбулты Инал, Уалыты Даянæ æмæ Быценты Арсен.

Ленк кæныны федерацийы президент Евгения Терлеева куыд банысан кодта, афтæмæй ерысты хайадисджытæ бæрæг фæхуыздæр кодтой сæ бæрæггæнæнтæ æмæ сæ баззадис тынг райгондæй.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Минскы уагъд цыд 3-хатты Олимпион чемпион Александр Медведы призтæ рамбулыны сæраппонд дунеон турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерысты уæлахиздзау ссис ирон богал Байты Давид. Уый 70 кг уæзы категорийы архайгæйæ, йæ ныхмæлæуджытæн иу балл дæр нæ радта. Фыццаг тохы рамбылдта Алексей Борутайы (Украинæ) 12:0 хыгъдæй, фæстæдæр та æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз Исламбек Орозбековыл (Киргизи) – 10:0. Æрдæгфиналы Давид хæцыд ноджы иу украинæйаг богал Андрей Квятовскиимæ æмæ та ууыл дæр фæуæлахиз 3:0 хыгъдæй. Финалы Давиды ныхмæлæууæг уыд Агагусейн Мустафаев (Азербайджан). Уый та Давид рамбылдта 10:0 хыгъдæй.

ДЗЮДО

21 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн дзюдойæ Европæйы командон чемпионаты уæлахиздзаутæ систы Ирыстоны дзюдойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ Таймæзты Мадинæ, Хъайсынты Мадинæ, Светлана Селезнева, Тыбылты Данæ, Гæмосты Давид æмæ Елбачиты Георги. Уыдон архайдтой Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды. Ерыстæ уагъд цыдысты  Болгарийы. Уæрæсейæгтæ финалмæ цæугæйæ, фæуæлахиз сты Греци, Итали æмæ Германы командæтыл. Финалы та рамбылдтой Францы æмбырдгонды.

Хуриты Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.