Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады сырæзтыл 28 азы сæххæсты æмæ Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн цытджын мадзæлтты фæлгæтты æфсæддон уагдоны территорийыл байгом, алы рæстæджыты службæ кæнгæйæ, Фыдыбæстæйы сæрвæлтау йæхи нывондæн чи ‘рхаста, уыдоны номыл «Æфсæддон кад»-ы Мемориалон комплекс.

Мемориалон комплексы ма æвæрд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады фыццаг министр Хуыбылты Валери æмæ Хуссар Ирыстоны Гарзджын тыхтыл фыццаг командæгæнæг Джиоты Аланы бюсттæ.

Æнкъард мелодийы зæлтæм мадзаламонæг фарста, комплексы цы хъæбатыр æдзард æфсæддонты нæмттæ фыст æрцыдысты сыгъзæрин дамгъæтæй, уыдоны нæмттæ.

Паддзахад Аланийы Хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагимы бардзырдмæ гæсгæ Мемориалон комплексы фидæны фæлтæртæм ныстуанимæ æвæрд æрцыд капсулæ. Уым дзырдæуы Хуссар Ирыстоны нырыккон историйыл æмæ йæ Гарзджын тыхты нысаниуæгыл, хæст æмæ уæлахизыл, нæ бæстæйы хæдбардзинад банымайыныл. Ныстуаны ма ис фидæны фæлтæртæн аккаг службæйы фæндиæгтæ, нæ кадджын æфсæддон традицитæ фылдæр кæнын æмæ æфсæддонтæн сабырдзинад, æнæфыдбылыз æмæ фæрныгады фæндиæгтæ. Капсулæ кадджын уавæрты гом æрцæудзæн 2042 азы 17 ноябры – Хъахъхъæнынады министрады сырæзтыл 50 азы сæххæсты боны.

Ирыстон сæрыстыр кæмæй у, уыдоны номарæн

Мемориалон комплекс гом кæныны цытджын церемонийы хайад райстой бæстæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, хицауады бæрнон кусджытæ, уазджытæ, фæмардуæвæг хъайтарты æввахс хиуæттæ, хæлæрттæ, æмслужбæгæнджытæ. Мемориалон комплексы сæйраг фигурæ – хæстон лæг цыртимæ – уый раз бæстæйы къухдариуæгад æмæ мадзалы хайадисджытæ се ‘ппæт дæр ном арынæн сæвæрдтой дидинджытæ æмæ веноктæ. Æмырæй алæууын   æмæ сын æмæхст фæкæнынæй дæр ссардтой сæ рухс нæмттæ.

Цытджын мадзалы рæстæджы хъахъхъæнынады министры хæстæ æххæстгæнæг Гассеты Ибрагим афтæ радзырдта, зæгъгæ, Хуссар Ирыстоны истори æнæаскъуыйгæйæ баст у йæ Гарзджын тыхты рæзты историимæ. Уымæн æмæ дæргъвæтин азты дæргъы хуссар-ирыстойнаг адæмы бахъуыд æгъатыр æмæ тæссаг знаджы ныхмæ лæууыны сæр.

«Иудзинад, егъау хъарутæ æмæ, хъыгагæн, æхсæнгарзы руаджы мах бæлвырд кодтам, хæдбар паддзахады цæрын æмæ фæллой кæныны бар нын кæй ис, уый. Бырсæг агрессоримæ тугуарæн тохты сæрыдысты уæлахиз, æхсардзинад æмæ лæгдзинад, хъайтардзинад æмæ сгуыхтдзинады зонындзинæдтæ. Сæрибардзинады сæрыл нæ тох уыд æнæгуырысхо, махæн дæр æмæ нæ адæмæн дæр», – дзырдта æфсæддон къухдариуæггæнæг.

Нæ «хæлар» сыхæгтимæ тохы быдырты нæ чысыл бæстæ бирæ хъæбатыр лæппуты фесæфта, нæ фидæны фæлтæрты рæсугъд цард æмæ сæрибардзинады тыххæй нæ адæмы хуыздæр фырттæ сæхи æрхастой нывондæн. Хъахъхъæнынады министрады къухдариуæггæнæджы ныхæстæм гæсгæ Мемориалон комплексы фыст æрцыдысты регулярон Гарзджын тыхты æфсæддон службæгæнджыты нæмттæ, кæцытæ фæмард сты, се ‘фсæддон хæс æххæстгæнгæйæ. Уыдоны ‘хсæн ма сты Хъахъхъæнынады министрады æмæ Цæгат Ирыстонæй Æмхæццæ фидауынгæнæг тыхты мотоæхсæг батальоны æфсæддон службæгæнджытæ, кæцытæ Фыдыбæстæ бахъахъхъæнын равзæрстой æрмæст профессийæ нæ, фæлæ сæ удты сидтмæ гæсгæ дæр.

Министрады рæстæгмæ къухдариуæггæнæг егъау бузныджы ныхæстæ загъта Гарзджын тыхтыл Уæлдæр сæйраг командæгæнæг Бибылты Анатолийæн, мадзалы хайадисджытæн, националон æфсадмæ сæ хъусдарды тыххæй, азтæ æмæ дæсгай азтæ цы мысынад хæсдзыстæм, уый тыххæй дæр.

Бæрæгбоны цытæн та æфсæддон службæгæнджытæн йæ цæст бауарзта, цы æфсæддон æвзыгъддзинæдтæ, зонындзинæдтæ исынц, уыдонæй, зæгъгæ, уадз, пайда кæнут, сабыр царды полигонты архайгæйæ, æфсæддон ерысты, фæлæ хæстон уавæрты – макуыуал.

«Уадз, æмæ нæ Райгуырæн бæстæйы сæрмæ арв уæд ирд æмæ сабыр. Æмæ не ‘хсæн чи нал ис, уыдон, мысынады аккаг куыд уæм, ахæм арфæ нæ уæд алкæй дæр», – дзырдта ныхасгæнæг.

Цы бæстæйы сæрибардзинадыл тох кодтам, уый фидæны тыххæй бæрндзинад хъуамæ æнкъарæм

 Бæстæйы сæргълæууæг бæрæгбоны цытæн арфæ ракодта бæстæйы Гарзджын тыхты службæгæнджытæн, ветерантæн. Мадзалы хайадисджытæн, Ирыстон сæрыстыр цы хъæбултæй у, уыцы фæмардуæвæг салдатты хиуæтты номыл загъта бузныджы ныхæстæ, уыдон, зæгъгæ, сты æгæрон хъæбатырдзинад, ныфсхастдзинад æмæ лæгдзинады дæнцæг махæн.

«Мысынады фæйнæгыл кæй нæмттæ фыст æрцыд, уыдон сты, æрмæст сæ хиуæттæ нæ, фæлæ ирон адæм, Хуссарæй Цæгатмæ  сæрыстыр кæмæй сты, ахæм æцæг  хъайтартæ.  Бузныг уыдоны ныййарджытæн, бузныг сæ идæдзтæн, уыцы уæззау уаргъ чи хæссы, сæ фæрнджын хъуыддæгтæ сын чи дарддæр кæны. Фæлæ уæ зæрдыл дарут, уыцы хъæбатыртæ сæ цард кæй рауæлдай кодтой, цæмæй нæ Ирыстон размæ цæуа æмæ дидин æфтауа», – дзырдта Президент.

Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, истори хатт развæлгъау бæрæг кæны ахæм хъайтарты фæзынд а-дунемæ, кæцытæ сæхимæ исынц бæрндзинад æмæ уæлахиз æмæ дарддæры рæзтимæ хъысмæтхæссæг уынаффæтæ. Уыдоны рæнхъытæм бахаста Хуыцауæй ратгæ Хуыбылты Валерийы, Джиоты Аланы – уыдон æфсæддон фадыджы, æмæ мидхъуыддæгты структурæйы та Гæззаты Вадимы. Уыдон, зæгъгæ, сæхимæ райстой нæ Республикæ æмæ адæмы тыххæй бæрндзинад, истой уынаффæтæ, кæцытæ Хуссар Ирыстоны адæмæн уыдысты æнæмæнгхъæуæг æмæ æнæаргъæвгæ. Уымæй дæр уыцы уæззау æбæрæг рæстæджы уыдон ныфс уыд, уыцы уынаффæтæ ахъазгæнæг кæй уыдысты Хуссар Ирыстоны рæзт æмæ размæцыдæн. Активон хайад ма истой Абхазы зæххыл Фыдыбæстæйон хæсты дæр. Ацы адæм, зæгъгæ, сты стыр бузныджы, нæ фидæны фæлтæрты мысынады ныхæсты аккаг.

«Нæ бæстæйæн уæззау азты сæхимæ бæрндзинад чи иста, уыдон мах æрмæст нæ хъуыдыйы ма хъуамæ дарæм, фæлæ цы паддзахады фидæныл тох кодтой, уый тыххæй сæ разы хъуамæ æнкъарæм бæрндзинад. Сæ цард уый тыххæй снывонд кодтой, æмæ ноджы дæс хатты дæр  радтаиккой, цæмæй Ирыстон уа Гуырдзыстонæй сæрибар æмæ дидинæг кала», – дзырдта бæстæйы сæргълæууæг.

Бибылты Анатоли ма бузныджы ныхæстæ загъта Хъахъхъæнынады министрады къухдариуæгады номыл дæр, Мемориалон комплексы арæзтады æмæ абон не хсæн чи нал ис, уыдон ном сæнусон кæныны тыххæй. Ацы Кады аллейæ, зæгъгæ, у сæ мысынады кады аккаг, сæ хиуæттæн, сæ æфсæддон хæлæрттæн фадат уыдзæн ацы бынатмæ æрбацæуынæн æмæ сын сæ ном арынæн.

Орден «Уацамонгæ»-йæ йæ мæлæты фæстæ хорзæхджын æрцыд

Джиоты Алан

Бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли Хуссар Ирыстоны паддзахадон уæлдæр хорзæх «Уацамонгæ»-йæ йæ амæлæты фæстæ схорзæхджын кодта Гарзджын тыхтыл фыццаг командæгæнæг Джиоты Аланы. Хорзæх кадджын уавæрты лæвæрд æрцыд йæ ныййарæг мад Уанеты Ленæмæ. Президенты ныхæстæм гæсгæ «цы чысыл къуыхцыдзинад уагъд æрцыд, уый ныр бæстон æрцыд».

Цалдæр ныхасы комплексы тыххæй

Уæлдæр нысан куыд æрцыд, уымæ гæсгæ Ирыстонæн уæззау азты рæстæджы Гарзджын тыхты регулярон æфсад æмæ уый фæстæ Хъахъхъæнынады министрады сырæзтæй йæ рæнхъыты службæгæнджытæй гуырдзиаг агрессийы ныхмæ лæугæйæ чи фæхъуыд, уыдон нæмттæ сæнусон кæнынæн арæзт æрцыд Мемориалон комплекс ныры æфсæддон уагдоны территорийыл. Ирон хæстон йæ æхсаргардыл æруагъта йæ уæз, йæ сæр къулæй, раст цыма хъынцъым кæны Фыдыбæстæ хъахъхъæнгæйæ, йæ хæстон хæс æххæстгæнгæйæ чи фæхъуыд, уыцы хъæбатыр æдзард лæппуты нæмттæ. Цырты сæрмæ бæрзондæй фæлгæсы ирон нæлгоймæгтыл, фæндаг-гонтыл æмæ хæстонтыл аудæг бардуаг Сыгъзæрин Уастырджи.

Уæлдæр ма куыд банысан кодтам, афтæмæй ма комплексы æвæрд æрцыдысты легендарон Хуыбылты Валери æмæ Джиоты Аланы бюсттæ. Уыдон фарсмæ ма рæгъæй лæууынц, гуырдзыйы агрессийы рæстæджы аккаг ныхкъуырд цы æфсæддон техникæ æмæ уæззау æхсæнгæрзтæй лæвæрд цыд, уыдоны хуызæгтæ.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.