ФУТБОЛ

РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты сæрдар Зассеты Сергей йæхимæ райста цхинвайлаг футболисттæ Зæгъойты Олег æмæ Цхуырбаты Дэвиды, кæцытæ æрæджы систы 16 азы онг кæуыл цæуы, уыцы футболистты ‘хсæн Уæрæсейы субъектты чемпионаты уæлахиздзаутæ. Уыдон хъазыдысты Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты иумæйаг командæйы сконды. Ацы æнтысты тыххæй сын лæвæрд æрцыд спорты дæснытæм кандидатты кадджын нæмттæ. Футболисттæ семæ æрхастой турниры сæйраг приз. Уыдонæн раарфæ кодта Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл  комитеты сæрдар Зассеты Сергей.

«Арфæ уын кæнын уе ‘нтысты тыххæй. Тынг æхсызгон нын уыдис Ирыстоны спортивон кад бæрзонд кæй кæнут, уый. Сæрбæрзондæй нæ хъус дардтам турнирмæ. Ныр дарддæр уæхиуыл кусут æмæ нын рухс кæнут нæ зæрдæтæ», – загъта Зассеты Сергей.

Ерыстæ уагъд цыдысты Волгограды. Æлборты Олег у дуаргæс, Цхуырбаты Дэвид та хъазы рахиз хъахъхъæнæджы позицийы. Дыууæ футболист дæр стыр хайбавæрд бахастой сæ командæйы уæлахизмæ.

Фембæлды рæстæджы РХИ-йы футболы федерацийы президент Джиоты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй æвзæнгты ‘хсæн дæр тынг зын у Уæрæсейы чемпионат рамбулын.

«Сымах хорз цæвиттон равдыстат нæ республикæйы æвзонг спортсментæн. Фенын сын кодтат, хорз куы тренировкæ кæнай, уæд  къухты кæй бафты спорты бæрзæндтæм схизын. Арфæ уын кæнын футболы федерацийы номæй. Ныфс мæ ис, æмæ дарддæр дæр стыр цинимæ нæ хъус кæй дардзыстæм уæ спортивон карьерæмæ», – загъта йæ раныхасы Джиоты Алан.

Æвзонг спортсментæн ма раарфæ кодта раздæры зындгонд футболист Джиджджойты Алан.

Турниры ирон футболистты командæ сæ дæлкъордæй ахизгæйæ æрдæгфиналы хъазыд Мæскуыйы футболисттимæ. Сæйраг рæстæг фæцис 1:1 хыгъдæй æмæ уæлахиздзау сбæрæг кæныны тыххæй бахъуыд 11-метрон цæфтæ сæххæст кæнын. Ам тынг дзæбæх йæхи равдыста хуссайрæгты капитан Зæгъойты Олег, систа дыууæ пуртийы æмæ уый фæрцы йæ командæ фæуæлахиз 4:3 хыгъдæй. Финалы та Хуссар æмæ Цæгат Кавказы Федералон зылдты иумæйаг командæйы ныхмæлæууæг уыд поволжаг федералон зылды командæ. Ам дæр та ныхмæлæууæг командæтæн нæ бантыст хыгъд байгом кæнын æмæ та футболистты бахъуыд 11-метронтæ æххæст кæнын. Æмæ та ногæй йæ ныхас загъта Олег, кæцыйы хорз хъазты фæрцы йæ командæ рамбылдта 4:3 хыгъдæй æмæ ссис чемпионаты сæйраг призы хицау. Ацы хъазты тыххæй Зæгъойты Олег радзырдта сæ тренер сын цы дзырдта, уый.

«Тренер нын загъта, ома, нæ бон цы уыдис, уый сарæзтам. Ныр та хъæуы хъазæн фæзмæ рахизын æмæ æдæрсгæйæ ахъазын. Æмæ нын æцæгæй бантыст хорз ахъазын. Кæй зæгъын æй хъæуы, кæмдæр нæм спортивон амонд дæр бахудт. Уымæн æмæ хъазты фæстæ 11-метрон цæфтæ фæхонынц «лотерея». Куы рамбылдтам, уæд нæ цинæн кæрон дæр нæ уыд. Бузныг мæ фæнды зæгъын нæ ныййарджытæн æмæ спортуарзджытæн, афтæ ма Волгограды ирон диаспорайæн, нæ хъæзтытæм-иу кæй æрбацыдысты, уый тыххæй», – загъта Зæгъойты Олег.

Цхуырбаты Дэвид куыд банысан кодта, афтæмæй сæ командæ фаворитты номхыгъды нæ уыд. «Куы æрцыдыстæм турнирмæ, уæд нæ серьезон ныхмæлæууæгыл ничи нымадта. Фæлæ уыцы хъуыдыимæ мах разы нæ уыдыстæм. Æмæ нын бантыст рамбулын, кæй зæгъын æй хъæуы, нæ тренерты фæрцы», – банысан кодта Цхуырбаты Дэвид.

Кæронбæттæны футболисттæ Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет æмæ футболы федерацийы номæй хорзæхджын æрцыдысты Кады грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæй.

Фембæлды фæстæ йæ хайадисджытæ кубокимæ систой зæрдылдарæн къамтæ.

 

УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

 

Уæгъдибар хъæбысхæстæй УФ-йы æмбырдгонд командæйы тренер Тедеты Дзамболат фехъусын кодта, 20 октябры Будапешты дунейы чемпионаты бæстæйы командæйы сконды хайад чи райсдзæн, уыдоны нæмттæ. Командæйы капитан уыдзæн 2016 азы Олимпион хъæзтыты чемпион Абулрашид Садулаев. Ирон богалтæй Уæрæсейы спортивон кад хъахъхъæндзысты 23 азы онг спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпион, Уæрæсейы чемпион Сидахъты Зауырбег æмæ Уæрæсейы чемпион Цæкуылты Батырбег (74 кг).

 

***

Рæмонты Сослан æмæ Цæболты Хетик систы клубты ‘хсæн Ираны чемпионаты къордон этапы уæлахиздзау. Чемпионаты ис дыууæ дæлкъорды. Уыдонæй сæ иуы архайы клуб «Араш», кæцыйы сконды хæцыдысты ирон богалтæ. Къордон этапы дыккаг туры «Араш» 8:2 хыгъдæй рамбылдта клуб «Сатареган». Сослан æмæ Хетик сæ тохтæ рамбылдтой æмгъуыдæй раздæр. Сæ клубы ма архайдтой Олимпион чемпион Владимир Хинчегашвили æмæ дунейы чемпион ирайнаг Реза Яздани.

Хуриты Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.