Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæрдар Къозонты Алан сарæзтон ацы комитеты ацы азы куыстæн хатдзæгтæ.

Къозонты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй профилон комитетæн ацы аз æмткæй уыд æнтыстджын æмæ продуктивон. Йæ ныхæстæм гæсгæ, азы дæргъы уагъд æрцыдысты планон мадзæлттæ комитеты рабадтыты, Парламенты къухдариуæгады хæслæвæрдтæ æххæст кæныны, депутатон хъæппæристимæ ралæууыны, депутатон фæдæвзарæнтæ уадзыны хуызы.  Уагъд ма цыдысты алыгъуызон æмбырдтæ, уыцы нымæцы уæрæсейаг коллегæтимæ. Нысан æрцыд, комитеты уæнгтæ хайад кæй райстой дыууæ иумæйаг рабадты УФ-йы Федералон Æмбырд æмæ Паддзахадон Думæйы сенаторты хайадистæй. «Уыцы фембæлдтыты æз бахастон ахæм фæндон, цæмæй æфсымæрон бастдзинæдтæ фидар æрцæуой горæт Цхинвал æмæ Хъырымы Республикæйы горæттæй сæ иуимæ. Къамисы уæрæсейаг хайы æмсæрдар Сергей Цеков ацы фæндон хорзыл банымадта æмæ мæ номыл фыстæг рарвыста, кæцымæ гæсгæ горæт Цхинвалимæ æфсымæрон бастдзинæдтæ сфидар кæнынмæ цæттæ сты Саки æмæ Евпаторийы горæтон зылдтæ», – загъта Къозонты Алан.

Йæ ныхæстæм гæсгæ æппæт райсгæ документтæ æрвыст æрцыдысты горæт Цхинвалы администрацимæ, цæмæй ацы фарсты фæдыл куыст æрцæуа æмæ бацæттæгонд æрцæуой æрмæджытæ. Уыимæ иумæ, уый ныфс бавæрдта, тагъд рæстæджы Хъырымы Республикæ æмæ горæт Цхинвалы ‘хсæн хæларсыхагон æфсымæрон ахастыты фæдыл сразыдзинадыл къухтæ фыст кæй æрцæудзæн. Уый та ахъаз уыдзæн кæрæдзийы ‘хсæн базарад райрæзын кæнынæн, афтæ ма кондадон, инвестицион æмæ æддагэкономикон æмгуыстадæн. Къозоны фырт ма загъта, зæгъгæ, ахæм æрдхорддзинадæн ис историон бындур. Хъырымы стыр хъусдард аздæхдтой астæуккаг æнусы алайнаг цыртдзæвæнтæм.

Уымæй уæлдай ма, Къозонты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй иумæйаг рабадтыты уый æрæвæрдта æмбæстæгты куысты стажмæ хауæг фарст.

«Пенсийы чи ацæудзæн кæнæ цæуы, нæ уыцы æмбæстæгты куысты стаж, бадзырдтæм гæсгæ нымад цæуы 2002 азы 1 январы онг. Уымæй фæстæмæ уæрæсейаг фарс нæ кусæг æмбæстæгтæн сæ куысты стаж нæ нымайы. Уæрæсейаг фарсы хъуыды у афтæ, æмæ кæд не ‘мбæстæгтæ ахыгъдтæ арæзтой РХИ-йы Пенсион фондмæ, уæд. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ паддзахад хъуамæ райса йæхимæ æмбæлон бæрндзинад. Уыцы фарстатыл ныртæккæ кусынц нæ депутаттæ УФ-йы Федерацийы Советы», – загъта уый.

Йæ ныхæcтæм гæсгæ, комитеты уынаффæ кодтой «Туг дæттын æмæ йæ компонентты тыххæй» закъоны проектыл, кæцы бавдыста РХИ-йы Хицауад.

«Закъоны проект бæстон кæндзæн РХИ-йы туг дæттыны æмæ йæ компонентты рæзты барадон, социалон, экономикон нормæтæ, доноры туг цæттæ кæнын, æфснайын, транспортировкæ кæнын, йæ æдасдзинад æмæ дзы клиниконæй спайда кæнын, афтæ ма туг ратджыты æмæ йæ компонентты æнæниздзинад хъахъхъæнын, рецепиентты æмæ сæ бартæ бахъахъхъæнын. Ацы фарстыл уынаффæ кодтам æмæ ист æрцыд дыууæ къуыримæ.

Ис цавæрдæр фиппаинæгтæ, фæлæ практикон куысты рæстæджы, уыдон иуварс æрцæудзысты. Сæйраг у закъон нын кæй ис, æмæ иумæйаг кластеры куысты райдианæй уый уыд æнæмæнгхъæуæг», – банысан кодта парламентари.

Уымæй уæлдай ма, депутаты ныхæстæм гæсгæ, профилон комитет уынаффæ кодта «Æвджиды æмæ æвджидады тыххæй» закъоны проектыл, кæцы æрвыст æрцыд бæстондæр ыл бакусынмæ.

«Райсынæввонг сты æндæр закъоны проекттæ, кæцытæ баст сты æмбæстæгты æнæниздзинадимæ – «Æмбæстæгты æнæниздзинад бахъахъхъæнын», «СПИД-ы ныхмæ тох кæныны тыххæй», «Туберкулезы ныхмæ тох кæныны тыххæй», «Инвалидты тыххæй». Æппæт ранымайгæ закъæтты проекттæ æвæрынц финансон уаргъ бюджетыл, фæлæ уæддæр уыдон сты æнæмæнгхъуæг», – загъта Къозоны фырт.

Уымæй уæлдай ма, профилон комитеты сæрдар æрымысыд, РХИ-йы Парламенты фæстаг рабадтыты бирæ депутатты, сæйраджыдæр Уалыты Розæйы фæрцы кæй уынаффæ кодтой республикон рынчындоны донифтонгады тыххæй. Ацы фарст депутаттæ хорзыл банымадтой æмæ йæ рæстæджы хъæуæг ивындзинæдтæ хаст æрцыдысты 2019 азы паддзахадон бюджетмæ, æмæ иннæ азы райдианы Республикон соматикон рынчындон донæй ифтонг цæудзæн æнæкъуылымпыйæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.