30-æм июны ауагъдæуыд РХИ-йы Парламенты цыппæрæм сессийы æхсæзæм рабадт. Æмбырд уагъта РХИ-йы Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли. Депутаттæ сфидар кодтой, рахæсгæ боны фæтк æмæ уый фæстæ æрæвнæлдтой, боны фæткы фарстытæм æркæсынмæ.

Парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ депутатты базонгæ кодта РХИ-йы Президенты бахæсгæ Зассеты Феликсы кандидатурæимæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ банчы сæрдарæй йæ сфидар кæныны тыххæй, Национ банчы куысты хорз размæцыд банысангæнгæйæ. Ацы кандидатурæ хорзыл нымад æрцыд æппæт депутатты ’рдыгæй дæр. Парламенты Сæрдар Бибылты Анатоли депутатон корпусы номæй раарфæ кодта Зассеты Феликсæн æмæ равдыста йе ’ууæнк, уымæн йæ архайд ахъаз кæй уыдзæн Хуссар Ирыстоны финансон фадыджы размæцыдæн. Зассеты Феликс йæхирдыгæй бузныг загъта Парламенты къухдариуæгад æмæ æппæт депутатон корпусæн, се ’ууæнк ыл кæй бафтыдтой, уый тыххæй.

Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты комитет сессимæ рахаста дыууæ закъоны проекты: «РХИ-йы Хицауад æмæ Республикæ Абхазы Хицауады ’хсæн РХИ æмæ Республикæ Абхазы æмбæстæгты æнæвизæйон балцыты тыххæй сразыдзинад сратификаци кæнын, кæцыйыл къух фыст æрцыд горæт Цхинвалы 2015 азы 17 августы» æмæ «2012 азы 2 мартæй товартæ уæй кæныны режимы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ’хсæн сразыдзинадмæ ивындзинæдтæ бахæссыны суагъæ сратификаци кæныны тыххæй». Дыууæ закъоны проект дæр депутатты размæ рахаста профилон комитеты сæрдар Коцты Игорь æмæ уыдон æмхъæлæсæй æрцыдысты ратификацигонд.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауад æмæ Республикæ Абхазы хицауады ’хсæн æнæвизæйон балцыты тыххæй сразыдзинадæн йæ нысан у дыууæ паддзахады æмбæстæгты кæрæдзимæ балцытæн барадон разамынад дæттын. Къух цы документыл фыст æрцыд, уымæ гæсгæ Республикæ Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæн бар ис Республикæ Абхазы территоримæ бацæуын, уырдыгæй рацæуын, ууылты ацæуын æнæ визæтæй 90 боны æмгъуыды дæргъы РХИ-йы æмбæстаджы паспорты, РХИ-йы æмбæстаджы фæсарæйнаг паспорты, РХИ-йы æмбæстагдзинад нысангонд кæм у, ахæм райгуырды тыххæй æвдисæндары, дипломатон кæнæ бæрнон кусæджы паспорты фæрцы. Уымæй дарддæр ма ацы документ фидар кæны дыууæ республикæ кæрæдзи документтæ кæй нымайынц, уый.

Дыккаг закъоны проект дæр бавдыст æрцыд, уыцы комитеты ’рдыгæй уый бæлвырд кæны 2009 азы 20 ноябрæй Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты рауагъд товартæй пайда кæныны уагæвæрд, лæмбынæгдæр биноныг кæны РХИ-йы территоримæ кæцыдæр товарты хуызтæ æрбаласыны фарст.

Дарддæр Закъондзинад, закъондæттынад æмæ бынæттон хæдразамынады Парламенты комитеты сæрдар Коцты Олеся депутатты размæ æруынаффæ йыл кæнынмæ рахаста РХИ-йы дыууæ Конституцион закъоны проекты: «РХИ-йы æмбæстæгты æвзарыны сæйраг бартæ æмæ референдумы хайад исыны барты тыххæй» Конституцион закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй” æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент сæвзарыны тыххæй» РХИ-йы Конституцион закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй«.

Депутаттæ лæмбынæг æркастысты банысангонд конституцион закъæттæм, ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй РХИ-йы ЦÆК-ы цы фæндæттæ бахаста, уыдонмæ. Уынаффæ цыд «бæстон цæрыны» цензы фарстыл лингвистон къамисы куысты, къухфыстыты бæрцы æмæ æндæр барасткæнинæгты фарстыты фæдыл. Ацы фарстыты фæдыл сæ хъуыдытæ загътой депутаттæ Харебаты Сергей, Плиты Алыксандр, Бибылты Анатоли, Гæбæраты Юри, Коцты Игорь, Тасойты Димитр, Плиты Агуындæ æмæ æндæртæ. Фыццаг закъоны проекты фарс рахæцыдысты 28 депутаты, йæ ныхмæ уыдысты дыууæйæ. Дыккаг конституцион закъоны проект райсыны пайдайæн сæ хъæлæстæ радтой 26 депутаты, æртæйæ уыдысты йæ ныхмæ, иу та фæстæ фæлæууыд. Уымæй дарддæр ма уæлдæр банысангонд комитет бавдыста «Нотариаты закъондæттынады бындурты тыххæй» РХИ-йы Закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй” закъоны проект. Депутатты корпусæй райстой æмхъæлæсæй. Уый фæстæ Парламенты депутаттæ байхъуыстой Финансты министр Хæбæлаты Азæйы хыгъдмæ 2015 азы РХИ-йы паддзахадон бюджет æххæстгонд куыд æрцыд, уый фæдыл. Уый лæмбынæг райхæлдта бюджеты хæрдзтæ æмæ æфтиæгты структурæ. Сæрмагондæй, 2015 азы паддзахадон бюджеты æфтиæгтæ уыдысты 6 миллиард æмæ 907 милуан сомы, йæ хæрдзтæ та 6 миллиард æмæ 716 милуан сомы. Афтæмæй республикæйæн йæхи сæрмагонд æфтиæгтæ уыдысты 781 милуан сомы, кæнæ бюджеты иумæйаг бæрцæй 11, 3 проценты.

Финансты министр ма уымæй дарддæр дзуапп радта депутатты фарстытæн бюджеты иуæйиу пунктты фæдыл. Сæрмагондæй ацы фарсты фæдыл ныхасы рацыдысты Къозонты Алан, Тасойты Димитр, Тедеты Руслан, Мамиты Инал.

2015 азы паддзахадон бюджет куыд æххæст уыдис, уый фæдыл хыгъдыл æруынаффæ кæныны фæстæ Парламенты профилон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ сфидар кæнынмæ рахаста «2015 азы РХИ-йы паддзахадон бюджет æххæст кæныны тыххæй» закъоны проект.

Коцты Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ закъоныпроектæн йемæ сты уæлæвæрд документтæ, уымæй дарддæр ма Парламенты профилон комитеты куырдиатмæ гæсгæ РХИ-йы Контролоннымайæн палатæ ауагъта бюджет сæххæст кæныны фæдыл хыгъды басгæрст. «Иумæйагæй сисгæйæ бюджетон уагдæтты афæдзы хыгъдтæ сты раст, иуæй-иу фæткхалæнтæ куынæ нымайæм, уæд, кæцытæн срастгæнæн ис», — банысан кодта Коцты Жаннæ.

Хъæлæс дæттыны фæстиуджытæм гæсгæ депутаттæ æмхъæлæсæй райстой закъоны проект. Уыцы комитет ма уынаффæ кæнынмæ рахаста «2015 азы РХИ-йы Пенсион фонды бюджет сæххæст кæныны тыххæй» РХИ-йы закъоны проект. «Байхъуыстæуыд Пенсион фонды сæрдар Тасойты Азæйы хыгъдмæ. Уый дзуапп радта иу цалдæр фарстæн, æмæ рахæсгæ закъоны проект фидаргонд æрцыд.

Уымæй дарддæр ма хъалонтæ æмæ фиддонты фæдыл комитет бавдыста «физикон цæсгæмтты æфтиæгтыл хъалон æвæрыны» РХИ-йы закъоны проекттæ — РХИ-йы Хъалонты кодексы 2 хайы 23 сæры 232. статья «Физикон цæсгæмтты æфтиæгтыл хъалонæвæрд»-мæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй æмæ «РХИ-йы Хъалонты кодексы 2 хайы 26 сæры 379 статья „Пайдайы къахинæгтæй æфтиагыл хъалонæвæрд“-мæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй».

Бавдисгæ закъоны проектты æмбарынгæнæнты нысангонд æрцыд, зæгъгæ, фыццаг уал хъалонты кодексмæ ивындзинæдтæ бахæссыны хъуыддаг здæхт у РХИ-йы баххуырсгæ куыст чи кæны, уыцы фæсарæйнаг æмбæстæгтыл хъалон æвæрынадæн разамынд кæнынмæ, дыккаджы та йæ нысан у, пайдайы къахинæгтæй æфтиаг чи исы, уыдон, цæмæй сæхи хъалонтæ фидынæй ма иуварс кæной. Уый тыххæй, сæрмагондæй, нысангонд у, развæлгъау сфидаргонд фиддоны хуызы хъалонтæ фидыны, фæтк Фиддонтæн сæ бæрц нысангонд цæуы пайдайы къахинæгтæн сæ хуызмæ гæсгæ, стæй РХИ-йы Хицауады сфидаргонд методикæ куыд амоны, ома, зæххы фадыджы экономикон-географион миниуджытæм гæсгæ.

Кæронбæттæны депутатон корпус сфидар кодтой «РХИ-йы зонады сгуыхт архайæг», «РХИ-йы сгуыхт экономист», «РХИ-йы сгуыхт дохтыр», «РХИ-йы æнæниздзинад хъахъхъæныны сгуыхт кусæг» æмæ «РХИ-йы цæрджыты социалон хъахъхъæнынады сгуыхт кусæг»-ы кадджын нæмтты тыххæй уагæвæрдтæ. Уыдон тыххæй фæндон бахастой хъалонтæ æмæ фиддонтæ æмæ Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон политикæйы комитеттæ (Коцты Ж. æмæ Къозонты А.).

Сессийы рабадты хайад райстой Парламенты РХИ-йы Президенты минæвар Козаты Мадинæ, Парламенты РХИ-йы Хицауады æххæстбарджын минæвар Гобозты Вячеслав, РХИ-йы Централон æвзарæн къамисы сæрдар Плиты Беллæ æмæ фæхуынд адæймæгтæ.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.