27 апрелы уагъд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Президиумы рабадт. Уагъта йæ РХИ-йы Парламенты Сæрдар Гасситы Петр. Бюджет æмæ хъалонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ уынаффæ кæнынмæ рахаста 2017 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты сæххæсты тыххæй» æмæ «2017 азæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ бангы хыгъды тыххæй» РХИ-йы закъæтты проекттæ. Профилон комитеты æмæ æндæр парламентон структурæты хъуыды хынцгæйæ, скъуыддзаг æрцыд, цæмæй ацы фарсты  фæдыл уынаффæ кæнын адарддæр кæной РХИ-йы Парламенты сессийы рабадты.

Уыцы бон ма уагъд æрцыд РХИ-йы Паралменты æстæм сессийы æхсæзæм рабадт. Уагътой йæ РХИ-йы Парлменты Сæрдар Гасситы Петр æмæ Парламенты Сæрдары хæдивæг Тедеты Руслан .

Профилон комитеты сæрдар Коцты Жаннæ банысан кодта, 2017 азы РХИ-йы Национ бангы хыгъды фæдыл уынаффæ  цыд æмæ йæ хъæуы райсын. Ацы фарсты фæдыл раныхас кодта РХИ-йы Национ бангы хистæр Зассеты Феликс. Йæ раныхасы уый рабадты хайадисджыты лæмбынæг базонгæ кодта бангы куыстимæ, уый фæстæ сдзуапп кодта депутатты цалдæр фарстæн. Сæ хъуыдытæ загътой депутаттæ Тедеты Руслан, Къозонты Алан, Плиты Александр, Дьяконты Амиран, Гæбæраты Юри æмæ æндæртæ.

Ацы профилон комитет ма уынаффæ кæнынмæ рахаста «2017 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты сæххæсты тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект. Сæйраг информатор уыд РХИ-йы финансты министр Хæбæлаты Азæ. Лæмбынæг информацимæ нæ кæсгæйæ, ацы фарст дискусситæ расайдта. Сæрмагондæй, лæмбынæгдæр информаци æркуырдтой депутаттæ Плиты Александр, Къозонты Алан, Дъяконты Амиран, Гасситы Петр, Коцты Жаннæ æмæ æндæртæ. Сæ фарстытæн сын сдзуапп кодтой финансты министр Хæбæлаты Азæ, экономикон рæзты министр Кокойты Геннади, арæзтад æмæ архитектурæйы министр Зæгъойты Эдуард æмæ æндæртæ.

Закъоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

Экономикæ, чысыл амалиуæгад æмæ хъæууон хæдзарады фæдыл парламентон комитеты сæрдар Джиоты Инал уынффæ кæнынмæ рахаста «Республикæ Хуссар Ирыстоны чысыл амалиуæгады субъекттæн хатырон кредиттæ радтыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект. Ацы фарстыл уынаффæ цыд раздæры сессийы рабадты. Уæд закъон ист æрцыд фыццаг бакастæй. Ныр та ист æрцыд кæронбæттæн бакасты.

Сæ хъуыдытæ ацы фарсты фæдыл загътой депутаттæ Гасситы Петр, Коцты Жаннæ æмæ Къозонты Алан.

Закъоны проект депутаттæ райстой æмхъæлæсæй.

«Æндæр фарстатæ»-йы ногæй уынаффæ кодтой рæзгæ фæлтæры моралон-хæрзæгъдауон хъомылады проблемæтыл. Сæ хъуыдытæ ацы фарсты  фæдыл загътой депутаттæ Гасситы Петр, Къозонты Алан, Хуыбиаты Альберт, Уалыты Розæ, Бесаты Зитæ, Тедеты Руслан.

 

Республикæ Хуссар Ирыстоны Параламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.