Знон уыд Парламенты радон сесси. Хайад дзы райста Президент Гаглойты Алан.

Парламенты сессийы  депутаттæ æргом хъæлæсæппæрстæй  иууылдæр сразы сты  Собаты Григорийы республикæйы Генералон прокуроры бынатмæ снысан кæныныл. Парламентмæ йын йæ кандидатурæ барвыста Президент Гаглойты Алан.

Ног сæвзæрст Генералон прокурорæн раарфæ кодта Парламенты Сæрдар Æлборты Алан, ахæм бæрнджын бынатмæ йæ кæй равзæрстой, уый тыххæй.

Президент Гаглойты Алан банысан кодта, зæгъгæ, хъæлæсæппæрсты фæстиуджытæй бæрæг у конструктивон куыстмæ Парламенты цæттæдзинад æмæ сын уый тыххæй бузныг загъта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, республикæйы къухдариуæгад кæддæриддæр цæттæ у Парламентимæ диалогмæ.

Собаты Григори дæр йæ рады бузныджы ныхæстæ загъта депутаттæн æмæ ныфс бавæрдта закъоны домæнтæ æх-хæст кæнынæй.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.