Ивгъуыд майрæмбоны хъуамæ уыдаид Парламенты радон  сесси, фæлæ кворум кæй нæ уыд, уый тыххæй йæ нæ ауагътой. Залы 34 депутатæй уыд æрмæстдæр 17.

Ацы цауы тыххæй комментаритæ радтой парти «Иугонд Ирыстон»-ы лидер Парламенты депутат Тадтаты Алан æмæ политикон парти «Ныхас»-ы лидер, Парламенты депутат Санахъоты Давид:

Тадтаты Алан: – Закъонмæ гæсгæ, Габатты Алан депутаты бынатæй исинаг у. Мæхæдæг ма куы уыдтæн Парламенты Сæрдар, уæд нæм про-куратурæйæ æрбацыд фыстæг, цæмæй йын йæ депутатон æнæ фæныхилындзинад сисæм. Къуырийы фæстæ та нæм дыккаг фыстæг æр-барвыстой, цæмæй уыцы фарстыл фæгæдзæ кæнæм, нырма йæ ма ра-хæссæм сессимæ. Ныр та афтæ рауад, æмæ иннæ депутатты фæнды, цæмæй йын йæ мандат ма байсой, фæлæ йын сисой йæ æнæфæхилындзинад.

Депутат 10 мæйы дæргъы куы нæ цæуа Парламентмæ, уæд  Конституцимæ гæсгæ, халы депутаты статус æмæ йын исын хъæуы йæ мандат.

Фæстаг мæйты дæргъы «Иугонд Ирыстон»-ы фракци цалдæр хатты раразмæ кодта фарст депутат Габатты Аланæн йæ мандат æрисыны тыххæй, уымæн æмæ уый фехæлдта депутаты статус æмæ 10 мæйы ис республикæйæн æддейæ.

Закъонмæ гæсгæ, депутат æхсæз мæйы дæргъы æртæ сессийы куы рауадза, уæд фарст æвæрд цæуы йæ мандат æрисыны тыххæй. Дыууæ мæйы дæргъы фракцийы куырдиаты ницæмæ æрдардта Парламенты къухдариуæгад, сессимæ йæ нæ хæссы.

Парламенты Президиумы мах фарст æрæвæрдтам, цæмæй сессийы боны фæткмæ хаст æрцæуа Габатты Аланы тыххæй фарст. Ацы хъуыддаг æнæразыдзинад равзæрын кодта депутатты иу хаймæ. Уыдоны фæнды, цæмæй Парламенты куысты «Иугонд Ирыстон» æххæстбæрцæй хайад ма иса. Уымæн æмæ нæ фракцийы 14 депутатон мандатæй Парламенты архайынц æрмæстдæр 13 депутаты.

Æрмæстдæр партийы фракцийæн йæ бон у йæ депутаты мандат райсын. Уымæй дарддæр партийы тыхсын кæны, Парламенты куыст кæй ныццауæзты ис, уый дæр.

Æртæ мæйы дæргъы Парламентæн уыд æрмæстдæр иунæг рабадт. Республикæйы та ис ахæм проблемæтæ, кæцытыл æвæстиатæй хъуамæ уынаффæ кæной депутаттæ.

Парламенты Сæрдары номыл æрмæст иу куырдиат нæ балæвæрдтам. Фыццаг уал балæвæрдтам куырдиат 15 къухфыстимæ. Ацы куырдиаты депутаттæ домдтой республикæйы кризисон уавæры тыххæй æнæрадон сесси ауадзын. Фæстæдæр та балæвæрдтам 13 къухфыстимæ куырдиат.

Нæ зæрдыл лæууы, абон нын нæ партийы куырдиат æнæзакъоныл чи банымадта, уыцы депутаттæ Парламенты куыст куыд ницæмæ дардтой, уый. Нæ нæ ферох сты, Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадмæ цы фыстæджытæ æрвыстой, уый дæр. Мах радикалон мадзæлтты фарс нæ хæцæм æмæ паддзахады куыст нæ бойкот кæнæм, мах стæм конструктивон куысты фарсхæцджытæ, уымæн æмæ уый дыварсон у. Нæ фракцийы закъонон домæн у Парламенты депутаты мандат æрисын. Мах домæм, нæхи сæрмагонд фæндæттæ æххæст кæнын нæ, фæлæ  закъон æххæст кæнын æмæ æппæт фадæттæй дæр архайдзыстæм, цæмæй йæ мачи хала.

Фракцийы æппæт уæнгтæ дæр æмбарынц уавæры вазыгджындзинад, фæлæ закъон алкæмæн дæр иу кæй у, уый тыххæй æмвæнд стæм. Закъон æххæст кæнын мах куы нæ домæм, уæд  Парламенты дарддæры куыст кæй бахъуыд.

Санахъоты Давид:

– Майрæмбоны парти «Иугонд Ирыстон» æмæ «Дзыллæты иудзинад»-ы партитæ Парламенты сесси-мæ кæй не ‘рбацыдысты, уый тыххæй сесси нæ ауагъдæуыд. Мах æй нæ бамбæрстам, уыцы депутаттæ цы аххосагæй не ‘рбацыдысты, уый. Кæд сессийæн бойкот сарæзтой, уæд ын йæ аххосаг хъуамæ загътаиккой.

Æз дæн,  Дзабиты Иналы амæлæты аххосаг куыд æмбæлы, афтæ – за-къонмæ гæсгæ  равзарыны тыххæй сесситæм чи нæ цыд, уыцы депутаттæй сæ иу. Фæлæ мах нæ позици загътам. Цалынмæ сессимæ не ‘рбацыдыстæм, уæдмæ дзы цыдæриддæр механизм уыд, уыдон сарæзтам, æгæрыстæмæй депутаттæ хъæлæс дæр скодтой, Парламентæн сæ фылдæр хай схъæлæс кодтой, генпрокуроры сисыны тыххæй, фæлæ нын нæ домæн кæй ницæмæ æрдардтой, уый тыххæй нал цыдыстæм сесситæм. Фæлæ ныр афтæ нæ рауадис.

«Иугонд Ирыстон»-ы фракци дæр æмæ «Дзыллæты иудзинад» дæр дзурынц, зæгъгæ, парти «Иугонд Ирыстон»-ы уæнг,  депутат Габатты Аланы йæ бынатæй сисыны домæн æххæст кæй не ‘рцыд, уый тыххæй бойкот кæнынц.

Ацы хъуыддаджы, æвæццæгæн, рæдийынц Парламенты къухдариуæгад дæр, уымæн æмæ Габатты Аланы тыххæй Парламентмæ фыстæг раджы æрбарвыстой Генпрокуратурæйæ, цæмæй йын йæ депутатон æнæ фæныхилындзинад (неприкосновенность) сисой. Ацы фарст сессимæ хъуамæ хаст æрцыдаид, цæмæй йыл æруынаффæ кодтаиккой депутаттæ, фæлæ æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ, ныры онг не ‘рцыд хаст.

Габатты Алан æхсæз мæйы дæргъы  æртæ сессимæ кæй не ‘рбацыд, уый тыххæй «Иугонд Ирыстон»-ы фракци официалон гæххæт балæвæрдтой Парламенты къухдариуæгадмæ. Уый фæстæ рацыд ноджы цыппар мæйы, фæлæ фарст, цæмæдæр гæсгæ, сессимæ ныры онг хаст не ‘рцыд. Ацы хъуыддаджы аххосджын сты фракцийы минæвæрттæ дæр, уымæн æмæ сæ куырдиат сæххæст кæнын нæ домдтой.

Уымæй раздæр та  Габатты Аланы фарст хъуамæ йæ парти равзæрстаиккой, съезд хъуамæ ауадзой æмæ йын йæ фарст уым аскъуыддзаг кæной. Фæлæ партийы цæмæдæр гæсгæ афтæ нæ фæнды.

Афтæ куы уыдаид, æмæ бойкотгæнæг фракциты тынг фæндыд, цæмæй Габатты фырт сæрибар æрцыдаид депутаты бынатæй, бæлвырд æрцыдаиккой йæ фæткхалынæдтæ,  иннæ фракциты депутаттæ та уыцы хъуыддагыл куы нæ разы кодтаиккой, уæд уый æндæр хъуыддаг у, уæд сæ бон уыд бойкот расидын, фæлæ дзы ахæмæй ницы уыд, афтæмæй сессийы куыст фехæлдтой.

Мах, Цънелис æмæ Синагуры гуырдзиæгтæ цы посттæ сæвæрдтой, уый тыххæй куы бойкот кодтам, уæд нæдæр «Иугонд Ирыстон», нæдæр «Дзыллæты иудзинад»-ы партитæ нæ равдыстой ахæм активондзинад. Уый нæ, фæлæ ма æнæ кворумæй сесситæ дæр уагътой. Уый раст нæу, кæд рæстдзинады сæрыл тох кæныс, уæд уыцы рæстдзинад хъуамæ алыварсон æмæ  фæдфæдылон уа.

Кæд цасдæр рæстæг рацыд, уæддæр фарст ныры онг сессимæ не ‘рцыд хаст. Фæлæ майрæмбоны сессийы боны фæткмæ гæсгæ хъуамæ равзæрстаиккам Габатты Аланы хъуыддаг æмæ скъуыддзаг æрцыдаид йæ депутатон æнæфæхилындзинад ист æрцæудзæн æви нæ. Бойкот чи расидт, уыдон та фæнды, цæмæй йын йæ мандат байсой (депутатон хæстæ æххæсткæнынæй йæ ссæрибар кæной).

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.