Хуссар Ирыстоны Парламенты фæндзæм сессийы дæсæм рабадт, кæцы хъуамæ уагъд æрцыдаид, хæлд æрцыд депутатты иу хайы аххосæй.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты спикер Тадтаты Алан куыд банысан кодта, афтæмæй, сессийы рабадт уагъд не ‘рцыд иуæй-иу депутатты бойкоты тыххæй.

«Парламент у ахæм орган, цыран уынаффæтæ ист цæуынц коллегиалонæй æмæ æмхъæлæсæй, уыцы нымæцы – алы депутат хицæнæй. Кæд иуæй-иу депутаттæн ис бар æмæ схъæлæс кæной, президент цы кандидатурæ бавдыста, уый ныхмæ, уæд æппæт депуттæн дæр ис, куыд сæ фæнды, афтæ схъæлæс кæныны бар, Централон æвзарæн къамисмæ Парламент цы кандидатурæ æрбавдиса, уымæн. Уыимæ иумæ кæцыдæр депутаттæ сæвæрдтой ультиматум æмæ депутатон корпусы сæвæрдтой факты раз, сесси уагъд кæй не ‘рцæудзæн, депутатон корпус куынæ райса, уыдон Централон æвзарæн къамисы уæнгæй цы кандидатурæ бавдыстой Парламентæй, уый, уæд», – загъта Тадтаты Алан.

Спикер æрсидт депутатон корпусмæ, цæмæй сæ куыстмæ раздæхой æмæ закъондæттæн органы сессимæ æрбацæуой.

«Мах стæм адæмæй æвзæрст æмæ хæсджын стæм, цæмæй кусæм адæмы хæрзиуæгæн. Боны фæткы уыд цалдæр ахсджиаг закъоны проекты æмæ сесси ма ауадзын нысан кæны, кæцыдæр депутаттæн ницæуыл дзурæг кæй у Парламенты куысты регламент. Æз бынтондæр растыл нæ нымайын, депутаттæй иуты аххосæй сесси кæй нæ уыд, уым, республикæйы къухдариуæгад æмæ адæмæн пандемийы рæстæджы ахсджиаг ивындзинæдтæ бахæссын, уыцы нымæцы бюджетмæ куы хъæуы, ахæм рæстæджы, цæмæй нæ рынчынтæ ифтонг цæуой æппæт хостæй, медиктæ та – бафыстытæй. Сессийы мах фæнд кодтам бюджетмæ ивындзинæдтæ бахæссын электроифтонгады резервон хахх ауадзыны тыххæй», – банысан кодта Тадтайы-фырт.

Парламенты сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, закъондæттæн органы куыст цы фракцитæ бойкот кодтой, уыдонимæ уагъд цæудзæн консультацитæ.

«Депутатон улæфтытæ хаст цæуынц, цалынмæ мах компромисмæ не ‘рцæуæм, уæдмæ», – банысан кодта уый.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты фыццаг вице-спикер Гасситы Петр йæ рады банысан кодта, Парламенты куыст бойкот кæнын хорзмæ кæй не ‘ркæндзæн.

«Хъыгагæн, мах фæстæмæ уыцы уавæрмæ æрцыдыстæм, кæцыйæ рахызтыстæм тыхæйты. Ахæм æмбарынад, куыд Парламенты куыст бойкот кæнын æнæхъæн дунейы нæй, мах йедтæмæ. Оппозицион депутаттæ цы кандидатурæтæ бавдыстой, уыдоныл кæцыдæртыл депутаттæ кæй не схъæлæс кæндзысты, уый тасæй хæлд æрцыд Парламенты сесси, кæд æмæ Парламенты Президиумы оппозицион депу-татты иу хай схъæлæс кодта, Президент цы кандидатурæ æрбавдыста, уый ныхмæ. Ацы уавæр кæны хаос æмæ къуырццдзæвæнмæ, æмæ æхсæнадæмон аренæйы нæ республикæйы имиджы стыр зиæнттæм», – загъта Гассийы-фырт.

Уый банысан кодта, иннæ сессийы кæй фæнд кодтой бюджетмæ ивындзинæдтæ бахæссын, кæцытæ хаудысты, сæйраджыдæр, электроифтонгады резервон хахх ауадзынмæ.

«Уыимæ иумæ уыцы ивындзинæдты ис æхцайы фæрæзтæ, кæцы хицæн кæны Уæрæсейы Федераци электроифтонгады резервон хаххы тыххæй, кæцыйы тыххæй Хуссар Ирыстоны иу æмæ дыууæ хатты нæ дзырдæуыд æмæ нæ зæрдыл æрлæууы зымæджы, электроэнерги куы нæ вæййы, уæд», – банысан кодта уый.

Парламенты вице-спикер Чилæхсаты Владимир фæндон бахаста, цæмæй Парламент йæхигъдауæй ауадзой, æмæ банысан кодта, кæй æртымбыл уыдзæн æндæр депутатон корпус, кæцы цæттæ уыдзæн кусынмæ.

«Фæндон хæссын, цæмæй парламент уагъд æрцæуа, уымæн æмæ афтæ кусын нæй гæнæн. Адæм махмæ æнхъæлмæ кæсынц фæстиуджытæ, мах та сын сæ ныфсытæ дзæгъæлы кæнæм», – загъта Чилæхсайы фырт.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты Информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.