«Республикæ Хуссар Ирыстоны Конституцийы 50-æм статьяйы 23-æм пунктмæ æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны прокуратурæйы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны 2017 азы 10 октябры Закъоны 12 статьяйы 1-аг пунктмæ гæсгæ бавдыст цæуы Собаты Григори Гурамы фырты кандидатурæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Генералон прокуроры бынатмæ», – дзырдæуы Гаглойты Аланы фыстæджы Парламенты Сæрдар Æлборты Аланмæ.

Уый размæ Генералон прокуроры бынатмæ Президенты бавдисгæ кандидатурæ фæстæмæ ист æрцыд.

Биографион зонæнтæ:

Собаты Григори Гурамы фырт райгуырд 1981 азы 8-æм январы Знауыры районы Знауыры хъæуы.

Ахуырад – уæлдæр юридикон, 2004 азы каст фæцис Тыбылты Алыксандры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет, квалификаци – юриспруденцийы дæсныйады фæдыл юрист.

Къласон цин – юстицийы уынаффæгæнæг – лæвæрд ын æрцыд 2013 азы 10 январы РХИ-йы Генералон прокуратурæйы бардзырдæй.

Æфсæддон ном – дæлбулкъон.

Фæллойадон архайд:

2000 азы июлæй 2005 азы январмæ – РЦИ-Аланийы Фидауынгæнæн тыхты службæ.

2004 азы ноябрæй 2005 азы февралмæ – РХИ-йы Æфсæддон прокуратурæйы стажер.

2005 азы февралæй 2008 азы маймæ – РХИ-йы Æфсæддон прокуратурæйы фæдагурæг.

2008 азы майæ 2011 азы ноябрмæ – коррупцион здæхты фыдракæндтæ фæдагурыны фæдыл мидхъуыддæгты хайады хистæр фæдагурæг.

2011 азы ноябрæй 2011 азы декабрмæ – финансон-бюджетон æмæ хъалонты фадгуыты закъæттæ æххæст кæныны цæстдарды фæдыл прокурор.

2011 азы декабрæй 2013 азы мартмæ – коррупцион здæхты фыдракæндтæ фæдагурыны фæ-дыл уæлдай ахсджиаг хъуыддæгты фæдыл хайады хистæр фæдагурæг.

2013 азы мартæй 2018 азы апрелмæ – Цхинвалы горæты тæрхондоны тæрхонгæнæг.

2018 азы апрелæй 2022 азы августмæ – РХИ-йы Хъахъхъæнынады министрады службæ.

2022 азы сентябрæй  æмæ абоны онг – горæт Цхинвалы прокурор.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.