Сывæллæттæ сты нæ фидæны аразджытæ, алы адæймаг дæр йæ кæстæртæй æвæры стыр ныфс æмæ сæ вæййы буц. Нæ чысыл хуртæ цас фылдæр уыной хорздзинад, уыйбæрц нæ фидæн дæр уыдзæн рæсугъддæр.

Хорз традици у сæрдыгон улæфтыты райдианы кæй фæнысан кæнæм Сывæллæттæ хъахъхъæныны дунеон бон. Нæ республикæйы сывæллæттæн сæ бæрæгбоны цытæн уагъд æрцыдысты бирæ рæсугъд æмæ хъæлдзæг мадзæлттæ. Сабийы бонтæ сты зæрдылдаринаг рæстæг, ахуыры азты æмæ стыр кæныны хъæлдзæг рæстæг. Сывæллæтты абоны æмæ сомбоны тыххæй бæрндзинад фыццаг рады хæссынц сæ ныййарджытæ, ахуыргæнджытæ, хъомылгæнджытæ æмæ дохтыртæ дæр. Махæн, хистæртæн, 1-æм июны бæрæгбон нæ зæрдыл дарын кæны, сывæллæтты кæй хъæуы, цæмæй сыл аудæм æмæ сæ хъахъхъæнæм, уый.

Сывæллæттæ хъахъхъæныны дунеон боны цытæн нæ республикæйы рынчын сывæллæттæн æххуысæн уагъд æрцыдис диспансеризаци. Уый арæзт цæуы нæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сосланы бахæсмæ гæсгæ. Уый тыххæй нын фехъусын кодтой Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министрады пресс-службæ. Уыдон куыд банысан кодтой, уымæ гæсгæ сывæллæтты ахæм диспансеризаци ауадзынмæ дохтыртæ æрæвнæлдтой майы мæйы фæстаг бонты æмæ сын ауагътой лæмбынæг медицинон басгæрст. Хуссар Ирыстоны Республикон бирæпрофилон медицинон центры Сывæллæтты рынчындоны поликлиникæйы хайады гæс Хæныкъаты Ларисæ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ диспансеризаци рацыдысты 80 сывæллоны бæрц, кæцытæ уыдысты æвæгæсæг æмæ цыбыркъух бинонты сывæллæттæ æмæ сидзæртæ. «Диспансеризаци кæддæриддæр у æнæмæнгхъæуæг æмæ йæ Сывæллæттæ хъахъхъæныны дунеон боны цытæн ауагътам. Диспансеризацийы фæлгæтты мах лæмбынæг басгæрстам нæ чысыл хурты. Уыдон рацыдысты лабораторон диагностикæ, æнæмæнг хъуыддагыл ма банымадтам, цæмæй сын сарæзтаиккам ЭКГ æмæ УЗИтæ. Кæд æмæ сывæллæттæн зæрдæйы патологи ис, уæд сын æнæмæнг аразæм сæ зæрдæтæн УЗИтæ. Сывæллæттæн чи фæхос кæны, сæ уыцы дохтырты амындмæ гæсгæ ма сын уæлæмхас саразæм, чи бахъæуы, уыцы æнæмæнгхъæуæг басгæрстытæ дæр. Нæ горæты скъола-интернаты сывæллæттæ æнæмæнгдæр рацæудзысты рентгенографи, сæ кармæ гæсгæ та сын араздзыстæм флюорографи. Уæлдæр банысангонд сывæллæтты категорийæ дарддæр нæ поликлиникæмæ æрбахатынц ацы категоримæ чи нæ хауынц, уыцы сывæллæттæ дæр. Фæлæ сæ уымæ нæ кæсгæйæ æнæмæнгдæр райсæм æмæ сæ басгарæм радмæ гæсгæ», – загъта Хæныкъаты Ларисæ. Уый ма куыд банысан кодта, афтæмæй диспансеризаци хъуамæ рацæуой кæй фæнды, æппæт уыцы сывæллæттæ. «Поликлиникæмæ йæ бон æрбацæуын кæмæн нæу йе ‘нæниздзинады аххосагæн, уыцы сывæллæттæм та цæудзыстæм хæдзæрттæм. Ацы хъуыддаг организацигонд цæудзæнис æмæ сæм æрвитдзыстæм профилон æмæ фадыгон дохтырты», – зæгъы Хæныкъаты чызг.

Диспансеризацийæн хатдзæгтæ саразгæйæ, Хæныкъаты Ларисæ банысан кодта, зæгъгæ, басгæрстыты рæстæджы клиникон иртасæн куыстыты фæстиуджытæм гæсгæ, сывæллæтты æхсæн фыццаг рады цы низтæ рабæрæг, уыдон уыдысты неврологион патологиимæ, афтæ ма дзы сбæрæг зæрдæнизтимæ (порок сердца) æмæ бронхиалон астмайæ рынчынтæ.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ацы диспансеризаци ахъаз кæй у рæстæгыл низтæ сбæрæг кæнын æмæ рынчынтæн æмбæлонæй схос кæныны хъуыддагæн. Ахæм хæрзиуæгон медицинон мадзал кæй сорганизаци кодтой медицинон кусджытæ, уый тыххæй сын сын зæгъæм стыр бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.