ХЪОРОТЫ ДАУЫТЫ РАЙГУЫРДЫЛ СÆХХÆСТ 130 АЗЫ

Ирон адæмæй кæсын-фыссыны хъуыддагыл чи фæцалх, уыдоны нымæц фылдæрæй-фылдæр куы кодта, раст уыцы дуджы адæмы зæрдæмæ æввахс фæндаг чи ссардта, уыцы фысджытæй иу уыдис Хъороты Дауыт. Адæм ын бауарзтой йæ фæлмæн, юморæмхæццæ рæсугъд ирон æвзаг. Кæд ын уый бæрц сфæлдисын нæ бантыст, уæддæр йæ фыссæн сисæй цы кадавар уацмыстæ рантыст, уыдоныл ирон адæм сæмбæлдысты зæрдиагæй, уæлдайдæр йæ иуактон комеди «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди»-йыл. Адæм дзыхæй-дзыхмæ истой комедийы фæлгæнцты ныхæстæ, фæзмыдтой сæ. «Гаритт Химаны сæр йæ хинтимæ» ирон адæмы ‘хсæн ссис хъæлдзæгдзинады, мидбылхудт расайыны хос.

Хъороты Дауыт райгуырд 1890 азы Хуссар Ирыстоны, Астæуккаг Ерманы. Йæ фыд Гиго æмæ йæ мад Берозты Магда сфæлмæцыдысты сæ тыхст цард, сæ мæгуырæй æмæ цардагур алыгъдысты Алагирмæ. Уым чысыл Дауыты йæ фыды ‘фсымæр Габо бакодта йæ дуканимæ цумайы лæппуйæ.

Габойы фæндыд Дауытæй йæхицæн нымайæг скæнын æмæ йæ уыйадыл ахуыр кæнынмæ радта бынæттон ахуыргæнæг Дзасохты Алыксимæ. Дауыт ахуыр кæнынмæ разынд тынг зæрдæргъæвд лæппу. Иу афæдзмæ каст фæци райдиан скъола æмæ 1904 азы фæлварæнтæ радта Дзæуджыхъæуы горæты ахуыргæнæндоны 4-æм хаймæ. Ам йæ ахуыр куы ахицæн кодта, уæд та Калачы бацыд бухгалтеры курсытæм æмæ та уыдон дæр иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци 1909 азы майы мæйы.

Дауытæн дарддæр ахуыр кæныны фадат нал фæци, кæд æй тынг фæндыди, уæддæр. Цыбыркъух бинонтæ æххуысмæ æнхъæлмæ кастысты, æмæ уый дæр райдыдта кусын. Зæрдиагæй архайдта рухстауæг æхсæнадты дæр. Уæлдайдæр та «Хохаг адæмы ‘хсæн ахуырдзинад æмæ техникон зонæнтæ рапарахат кæныны æхсæнад»-ы, чиныгуадзæн æхсæнад «Ир»-ы æмæ «Ирон литературон æхсæнад»-ы. 

1923 азы Дауыт нысан æрцыд Хæххон Республикæйы Рухсады адæмон комиссариаты бæрнон кусæгæй Цæгат Кавказы адæмты æвзæгтыл ахуыргæнæн чингуытæ æмæ аив литературæ уадзыны фæдыл. Уый ацы хъуыддаджы сæрыл бирæ тыхтæ æмæ рæстæг бахардз кодта, бирæ фæндиæгтæ уыд йæ сыгъдæг зæрдæйы æмæ тырныдта национ æвзæгтыл чингуытæ уадзынмæ, фæлæ йын æнтысгæ бирæ нæ бакодта. 1924 азы декабры 4 бон Дауыт æнæнхъæлæджы амард.

Дауыты литературон бынтæ, йæ царды бонтау, чысыл сты нымæцæй. Æдæппæт æртæ пьесæйы: «Уарзæттæ», «Дæсны» æмæ «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди», хъæл-дзæг ныхæсты чысыл æмбырдгонд «Арвистон» æмæ цалдæр æмдзæвгæйы.

Дауыты фæндыдис ирон дзыллæйы дины мæнгуырнындзинæдтæй фервæзын кæнын æмæ хурмæ рахаста дæсныты сайæн митæ йæ драмæ «Дæсны»-йы. Дауыты фæндыдис уый дæр, ирон фæсивæды ‘хсæн фидар куы уаид рæсугъд æгъдау, рæсугъд ахастытæ сын куы амониккой. Æмæ уый тыххæй ныффыста драмæ «Уарзæттæ».

«Адæмыл сагъæс кæнын», «искæй хъыг, мæгуырдзинад зæрдæмæ хæссын» – афтæ схонæн ис Дауытæн йе ‘мдзæвгæты æмæ йе ‘ртыккаг пьесæйы иумæйаг мидисæн дæр.

Дауыты уацмыстæ зæрдæмæхъаргæ сты сæ хуымæтæг афыст æмæ æнæ уæлдай тыхарæзт сюжеттæй. Йæ фæлгæнцтæ дæр ахæмтæ сты, ницæйаг сты се ‘ппæт дæр – зондæй дæр, удæй дæр. Химан-хъæуыхицау бæллы адæмы ехсæй нæмыны бармæ. Писыр Николай Петрич ахæмтæм нæ бæллы, уый фæнды æрмæст иу хъуыддаг: Химаны бæсты гæртæмтты фылдæр уый куы исид æмæ йæм сыбыртт куы ничи уæндид.

Къулер Сахълæуы та фæнды, «гуыбырнатъор» куы суаид, йæ риуыл «æрхуы гæппæлы бæсты сыгъзæрин медалтæ æмæ крестытæ куы æрыфтауид, йæ уæхсчытыл та цупалхауджын пъалеттæ куы æрхуыйын кæнид», стæй Химан «йæ разы йæ зонгуытыл куы лæууид», æмæ, сæйраджы та – «Адæ-мимæ куыд цæрын хъæуы, уый базониккам, бæргæ, сæ удтæй сын, гæды мыстæй куыд хъазы, афтæ схъазиккам».

Къулер Калман дæр афтæ: «Фæныккуызаты Калман, æрæджы къулер чи сси, уымæн булкъоны цин радтой, зæгъгæ, адæмы æмбисондæн баззаид…». Ницæйæг сты, бæргæ, фæлæ – «паддзахы хицæуттæ!».

Хъæуыхицау æмæ писыр кæрæдзимæ куы фесты, уæд цы гæртæмттæ фæхордтой, уыдон рахъæр сты. Кæрæдзимæ цы ‘взагæй дзурынц, кæрæдзи куыдхистæрæй кæй нæмынц, уымæй та рабæрæг сæ удты гуымирыдзинад æмæ сæ зонды фæстæзаддзинад. Искæй æфхæрынæй дарддæр ницы дæр зонгæ кæнынц, ницæмæ дæр бæлгæ кæнынц. Чи кæуыл тых кæны, чи куыд уæлдæр хицау у, афтæ иннæйы æфхæры. Ницы сты къулертæ Сахълæу æмæ Калман, цумагæнæнтæ, фæлæ уыдон дæр ахст лæджы æфхæрынмæ цæттæйæ лæууынц – ууыл сæ бар цæуы!..  Темырболат чысыл бынат ахсы пьесæйы, фæлæ уый æвдисы авторы хъуыды. Революцийы агъоммæ ахæм уæндон ныхас æнæмæнг уыд ныфсы хос мæгуыр æфхæрд адæмæн.

Комедийы сæйраг быцæу ис Химан æмæ Николай Петричы ‘хсæн. Гæртамыл! Дыууæ хицауы хыл кæнынц, гæртамæй сæ кæй фылдæр хъуамæ фæуа, ууыл. Æмæ мах худæм ацы ницæйаг быцæу æмæ чъизи адæймæгтыл.

Дауыт чиныгкæсджыты зæрдæтæм фæн-даг ссардта, абон уæ кæимæ зонгæ кæнæм, йæ уыцы цыбыр юмористон радзырдты фæрцы дæр.

***

Дыууæ лæджы цæуылдæр фæдзурыныл сты æмæ сын хылмæ асайдта. Сæ иуæн йæ ном Чъебо уыди, иннæмæн та – Михел. Чъебойæн хуыцау йæ къухты стыр рацъон фæрæт фæкодта, Михелæн та – йæ сæрыйас дойнагдур.

Уыцы хуызæнæй кæрæдзимæ æрбацæйлæбурдтой, æмæ сæ адæмæй иргъæ-вæг куынæ фæци, уæд дыууæ дæр сæ удтæн фæтарстысты æмæ сæ иу иннæмæн афтæ зæгъы:

– Фæрæтæй нæ, Чъебо.

Иннæ та афтæ:

– Ды та дурæй нæ уæдæ, Михел.

Хыл ууыл ахицæн. Ныхасы адæм сыл худæгæй фæмардысты.

***

Иу идæдз усæн йæ иунæг лæппу разынди тынг расыггæнаг. Æппындæр йæ нозтæн кæрон нæ зыдта. Иу хатт ын йæ мад кæуын хъæлæсæй афтæ зæгъы:

– Уæ, нана дæ фæхъхъау фæуа, бирæ ма нуаз, фæлæ иу бæрцæй бануаз.

Рæстæг иудзæвгар куы аивгъуыдта, уæд сæ иу сыхаг хъæумæ хуын хæссын хъуыди. Мад лалым арахъхъæй байдзаг кодта æмæ йæ йæ фыртæн арвыста, ноджы ма йын бафæдзæхста:

– Бирæ-иу ма бануаз, дæ фæхъхъау фæ-уон, бæрцæй-иу бануаз.

Лæппу арахъхъы лалым йе ‘ккой бап-пæрста æмæ рарасти. Иудзæвгар куы рауа-дис æмæ хъæуæй куы рахицæн, уæд йæхи-нымæр ахъуыды кодта: «Нана мын афтæ куы загъта: «бæрцæй-иу бануаз», æвæццæгæн, уæд расыг нæ кæны. Цæй æмæ бафæлварон». Æмæ лæппу йæ риуæй бæрц сласта, лалымы комы йæ ныккодта æмæ адæмæн арды нозт бакодта. Кæй зæгъын æй хъæуы, тынг срасыг ис, æмæ фæстæмæ раздæхт. Куы æрцыди хæдзармæ, уæд æм йæ мад хæцы:

– Уæ, дæ туг æмæ дæ рондз дæ хъæлæсæй фæкалай! Афтæ дын куы загътон: бæрцæй-иу бануаз.

Уæд ын йæ фырт дзуапп радта:

– Нана, бæрцæй банызтон, бæрцæй, æмæ иууыл фыддæр уымæн фæдæн.

***

– Гъей, Хъылци, баизæр нын, фæтындз!

– Фæлæуу, иу ма ных-хыр-хон…

– Исчи нæ фæндагыл бастигъдзæнис, фæлтау цом афоныл, – бадзырдта та Хам-бодт.

– Ма тæрс, Хамбодт, бирæ нæм нал ис, æххæст сæ ануазæм æмæ уæд æдасæй цæудзыстæм, – загъта Хъылци.

***

Иу лæгæн йæ хæрæг адавдæуыди æмæ йæ райсомæй йæ сыхаг фæрсы:

– Куыд æнкъард дæ, Уба?

– Куыннæ уон æнкъард, мæ хæдзары дард мæ иунæг хæрæгæй уыди æмæ мын æй дысон адавдæуыд, мæ къона мын чидæр байхæлдта.

– Уый тыххæй æнкъард ма у, хуыцау цы зæгъа, уымæн гæнæн нæй. Табу –  йæхицæн, уый та дын ратдзæни, – йæ хъал калдта мæгуыр, æфхæрд лæгыл йæ сыхаг.

Уæд уый дæр ахъуыды кодта æмæ уæззаугомау дзуапп радта:

– Æз цы хуыцау зонын, уый æнæ дыууадæс сомы хæрæг радта…

***

Тæрхондоны: Хъастгæнæг: Табу – де  стырдзинадæн, байхъус мæм.

  Суд: Хъусын дæм, зæгъ!

  Хъастгæнæг: Фыст цы и, уымæй уæлдай ницыуал зæгъын, мæ фырытæ мын адавта Надо, æмæ мын сæ стæрхон кæн.

Суд (Надомæ басидти): Надо Хъарм-хуыппов, цы зæгъинаг дæ ды, къæрныхы дау дыл куы ис, уæд?

 Надо: Кæды хъуыддаджы тыххæй? Фырыты æви цæуты давды тыххæй?

 Суд (ахъуыды кодта): Цæутæ дæр ма дзы уыди, уæдæ?.. Фырытæн сæ аргъ бафид. Цæуты тыххæй та æртæ мæйы ахæстоны фæбаддзынæ.

  Надо: Фырыты аргъ фидыныл – разы, фæлæ цæуты тыххæй разы нæ дæн: давгæ мæ ничи федта.

***

Ирон æмæ кæсгон кæцæйдæр карк радавтой. Куы йæ сфыхтой, уæд загътой:

– Ай нæ кæй фаг уыдзæн, фæлтау æй нæ иу куы бахæра, уæд – хуыздæр.

Уæд ирон афтæ зæгъы:

– Æмæ йæ нæ дыууæйæ чи хъуамæ бахæра?

Кæсгон ахъуыды кодта æмæ йын дзуапп радта:

 – Ахсæв нæ хуыздæр фын чи фена, карк райсом уый бахæрæд.

Схуыссыдысты.

Кæсгон куы афынæй ис, уæд ирон сыстад, карк бахордта æмæ та фæстæмæ йæ бынаты схуыссыд. Райсомæй куы рабадтысты, уæд ирон кæсгоны фæрсы:

–  Гъы, цы фын федтай?

– Мæ хæлар, диссаджы фын: цыма мæ зæдтæ систой æмæ мæ сæ рухс бынатмæ схастой.

Уæд ирон загъта:

 – Æз дæр дæ тæхгæ федтон, афтæ æн-хъæлдтон, фæстæмæ нал æрыздæхдзынæ, уымæ гæсгæ карк бахордтон.

***

Иу хæдзармæ уазæг æрæфтыдис. Æфсин кæрдзын кæныныл балæууыд æмæ йын йæ чысыл сывæллон «гугку» кæнын кодта. Уæд ын йæ мад загъта:

– Дæ фæхъхъау фæуон, уазæджы уæл-дæйттæ ахæрдзынæ, «гугку» та дын æндæр хатт скæндзынæн.

Уазæгæн фынг æрæвæрдта, сывæллон дæр æддæмæ нал цыди. Уазæджы дзыхмæ каст æмæ комдзæгтæ нымадта. Стонг фæн-даггонæн иу чъири цас ахæрын хъуыди! Фæс-таг кæрдих куы систа æмæ сывæллон, ницы-уал ын баззайдзæн, уый куы базыдта, уæд ныцъæхахст

ласта:

– Фæхæры йæ, нана!.. Фæхæры йæ, нана!..

***

– Замана нæу, Тебо, рæстæг афтæ куы ахæсса, уæд.

 – Куыд?

– «Куыд» куы зæгъай, уæд къæрныхдзинад куы нæ æрсабыр уа, уæд адæм бабын уыдзысты.

 – Бар – йæхи, Тасо, иу æвзæр бæх нæм ис, æмæ изæр талынггæрæтты бацæуын æмæ йæ цуры схуыссын.

 Уæд ын Тасо афтæ зæгъы:

– Дæ хæдзар куы сарæзтай, уæдæ, кæд æртиссæдз туманы цы рæсугъд усыл бафыс-тай, уый дзæгъæл ныууадзыс æмæ дæ цæгæрхæрд бæхы цур ныххуыссыс, уæд.

***

Иухатт дын иу лæг йæ усмæ цыдæр сдзырдта. Æфсин йæхи æрбамæстыхуыз кодта æмæ мæхи марын, зæгъгæ, фæгæпп ласта. Сæрбæттæн йе ‘фцæгыл æрбатыхта, бинонтæ йын фæтарстысты æмæ йæ фæдыл разгъордтой, йæ лæг дæр семæ, афтæмæй. Æрцахстой йæ æмæ йæ бастæй уæгъд кæнынц. Уæд сын лæг афтæ зæгъы:

– Мæхи бар ма йæ бауадзут, уымæн йæ дæсны æз дæн, – афтæмæй сæрбæттæн ноджы тынгдæр алвæста æмæ ус ныцъцъæхахст ласта:

 – Уæуу, марыс мæ!

– Æмæ даехи марынмæ куы рацыдтæ уæдæ? – загъта йын йæ мой.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.