29 октябрæй 2 ноябрмæ РХИ-йы Президент йæхимæ райста 20 æмбæстагæй фылдæр, кæцытæ бахатыдысты Президенты æхсæнадон химæисæнмæ. Æмбæстæгтæ ист цæуынц æрвылбон дæр.

Паддзахады сæргълæууæгмæ бахатыдысты 29-æм кооперативы уæнгтæ, уыдонæн сæ проблемæ скъуыддзаг нæ цæуы дæсгай азты дæргъы. Кооперативы уæнгтæ æрдомтой, цæмæй сын фатертæ рахицæн кæной Хъайтарты уынджы ног микрорайоны. Бибылты Анатоли куыд банысан кодта, афтæмæй уый зонгæ у уыдоны проблемæимæ æмæ 29-æм кооперативæй дарддæр ма дзы кæй ис 31-æм кооператив дæр.

«Дыууæ кооперативон хæдзары дæр кæронмæ арæзт не ‘рцыдысты, уыдоны уæнгтæ фæсайды сты. Ацы проблемæ хъæуы аскъуыддзаг кæнын, фæлæ махæн нæ бон нæу фатертæ рахицæн кæнын, уымæн æмæ уыдон сты радылæуджытæн», – загъта Президент.

Уый загъта ахæм фæндон, цæмæй бакæной ног категори цæрæнуат райсыны тыххæй, номхыгъдты æмæ фидæны дыууæ кооперативы уæнгтæй цæрæнуат кæмæн нæма ис, уыдонæн сæ бон уа йæ домын.

Президенты æхæнадон химæисæнмæ цы æмбæстæгтæ бахатдысты, уыдонæн сæ фылдæрæн сæ куырдиæттæ сты 2008 азы хæдзар кæмæн ныппырх сты, уыдон сцалцæг кæныны фæдыл.

Дзукъаты Бэллæйы хæдзар гуырдзыйы агрессийы рæстæджы басыгъд. Хæдзары хицæуттæ, паддзахады æххуысмæ нæ æнхъæлмæ кæсгæйæ, сцалцæг кодтой 1-аг уæладзыг. Бибылты Анатоли бахæс кодта горæт Цхинвалы администрацийæн, цæмæй саразой арæзтадон куыстыты сметæ. Уый ныфс бавæрдта, хæдзары арæзтад кæй райдайдзæнис иннæ азы райдианы.

Йæ хæдзар арæзт кæй æрцæудзæн, уый фæдыл Президент ныфс бавæрдта Мамиты Зарбегæн дæр, кæцы цæры Козоны фырты уынджы.

«2008 азы цы хæдзæрттæ пырх æрцы-дысты, уыдон иууылдæр æнæмæнгæй хъуа-мæ æндидзыд æрцæуой. Сыгъд хæдзæртты иу хай мах план кæнæм иннæ аз сцалцæг кæ-нын бюджеты хи æфтиæгтæй. Кæд уыцы æхцайы фæрæзтæ фаг нæ кæной, уæд агурдзыстæм æндæр ресурстæ», – загъта Президент.

Хæсты фæсчъылдымы ветеранæн, Дидмухайы хъæуы цæрæг Бестауты Лаврентийы тыххæй кæцыйæн йæ хæдзар ныппырх ис æхстыты рæстæджы, Бибылты Анатоли ба-хæс кодта, цæмæй тагъд рæстæджы бакæной ног рудзыгуытæ æмæ йын раивой йæ астæрд.

Уый ма бахæс кодта, цæмæй Икъаты Медеяйы хæдзарæн дæр раивой йæ æмбæрзт æмæ рудзгуытæ.

Тæболы фырты уынджы Бикойты Таймуразы фатер пырх æрцыд 2008 азы. Хайгай цалцæг æрцыд, фæлæ фатеры цæрыны фадат нæй: рудзгуытæ æмбæлон арæзт не сты, цалцæг кæронмæ нæ фæцис. Бибылты Анатоли горæт Цхинвалы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Дмитрæн бахæс кодта, цæмæй Бикойы фырты фатер дæр хаст æрцæуа цалцæгкæнинæгты номхыгъдмæ.

Пухаты Дмитры ныхæстæм гæсгæ, цалцæгкæнинаг цы муниципалон хæдзæртты номхыгъды ис 48 фатеры.

«Ацы аз мах фараст фатеры сцалцæг кодтам, ныртæккæ та цалцæг кæнæм æртæ фатеры. Иннæтæ сцалцæг кæнынмæ мах æрæв-налдзыстæм тагъд рæстæджы», – загъта уый.

Сталины уынджы 16-æм бирæуæладзыгон хæдзары цæрджытæ дæр уыдысты Президенты химæрайстмæ. Уыдонæн фехъусын кодтой, сæ хæдзæрттæм бацæуæнтæ цалцæг кæй æрцæудзысты.

Куырдиæттæ иууыл æвæрццагæй скъуыддзаг не ‘рцæуынц. Иуæй иутæ сæ зæронд хæдзар бавдисынц, куыд хæсты рæстæджы кæмæн разиан чындæуыд, ахæмæй, афтæ, фæлæ хæдзар куы басгарынц специалисттæ, уæд æндæр цау рабæрæг вæййы.

Бибылты Анатоли банысан кодта, республикæйы къухдариуæгады раз кæй ис ахæм хæс, цæмæй 2008 азы цы хæдзæрттæ ныппырх сты, уыдон цалцæг æрцæуой. Президент бынтондæр растыл нæ нымайы цæрæнуат дих кæныны фæдыл къамисы куысты хи хæццæ кæнын.

«Æз бахæс кодтон, цæмæй къамисмæ хаст æрцæуой алыгъуызон ведомствоты минæвæрттæ, ома, æрмæст горæт Цхинвалы администраци нæ, фæлæ Парламент, Генералон прокуратурæ, Мидхъуыддæгты министрад, Паддзхадон æдасдзинады комитет æмæ æндæр структурæты минæвæрттæ. Уый у ахæм къамис, кæцы кусы документтимæ, архивтимæ æмæ уыдоны бындурыл фарст скъуыддзаг æрцæуы. Æз уыдоны уынаффæты фæдыл быцæу нæ кæндзынæн, æмæ уыдоны куысты мæхи нæ хæццæ кæнын», – загъта Президент.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.