Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста республикæйы цæрджыты. Уыдон развæлгъау бахатыдысты Президенты Æхсæнадон исæнуатмæ сæ куырдиæттимæ.

Куырдиæттæн сæ фылдæр хай уыдысты сæ хæдзæртты агъуыстытæ раивыны æмæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынимæ баст.

Горæт Цхинвалы цæрæг Манана Вовк бахатыд Президентмæ, цæмæй йын раивой йæ рудзгуытæ æмæ йын баххуыс кæной хæдзар сцалцæг кæнынæн.

«Мæ хæдзар 2008 азы августы хæсты рæстæджы ныппырх. Йæ æмбæрзт ын раивтой, фæлæ хæдзар не сцалцæг кодтой. Кæд уæ бон у, уæд нын баххуыс кæнут рудзгуытæ раивын æмæ хæдзар сцалцæг кæнынæн. Уымæн æмæ махæн уый фадат нæй», – загъта Манана Вовк.

Президент бафæдзæхста РПП «Иугонд Ирыстон»-ы минæвар Сиукъаты Олегæн, цæмæй ацы фарст скъуыд- дзаг æрцæуа.

«Рудзгуытæ раивут, æмæ бынаты фенут, нæ бон ма ацы бинонтæн цы у баххуыс кæнын»,- загъта Бибылты Анатоли.

Ахæм фарст аскъуыддзаг кæныны тыххæй Президентмæ бахатыд Козаты Раяйæ дæр.

«Æз уæм нæ бахатыдаин, ацы фарст дæлдæр къæпхæныл скъуыддзаг куы æрцыдаид, уæд», – загъта Козаты чызг.

Фарст аскъуыддзаг кæнын Бибылты Анатоли бахæс кодта Сиукъаты Олегæн. Уый банысан кодта, райсом Козаты Раяйæн йæ рудзгуытæ кæй сбардзысты æмæ сæ æртæ бонмæ кæй раивдзысты.

Наниты Владимир бæстæйы сæргълæууæгмæ бахатыд, цæмæй йын рахицæн кæной зæхх хъæдкуысты цех саразыны бынатæн, раздæр ын Черепичнаяйы уынджы цы зæхх рахицæн кодтой, уый бæсты.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Черепичнаяйы уынджы йын цех саразыны  бар нæ дæттынц микрорайоны цæрджытæ.

«Цехы арæзтады тыххæй мæм ис алы документ дæр. Фæлæ районы цæрджытæ нæ разы кæнынц, уымæн æмæ уыдоны фæнды, цæмæй сын уыцы бынаты саразой улæфæн зонæ. Æз зæххы тыххæй арендæйы фиддонтæ фидын, фæлæ дзы мæ бон ницы саразын у», – банысан кодта Нанийы фырт.

Президент бахæс кодта горæт Цхинвалы админист-рацийы сæргълæууæджы хæдивæг Пухаты Димитрæн, цæмæй ацы фарст аскъуыддзаг кæна.

«Горæты администраци рахицæн кодта зæхх цех саразыны тыххæй, æмæ сымах хъуамæ саразат æппæт дæр, цæмæй Владимир куса æнæкъуылымпыйæ», – загъта Президент

Йæ рады, Пухаты Димитр  банысан кодта, цех саразыны тыххæй горæты администраци цы зæхх рахицæн кодта, уый улæфæн бынаты аккаг кæй нæу.

Бибылты Анатоли бахæс кодта горæты администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгæн, цæмæй микрорайоны цæрджытимæ аныхас кæна æмæ улæфæн зонæ саразынæн ссарой æндæр бынат.

«Адæймаг йæхæдæг архайы, æмæ йын баххуыс кæнут, саразут ын хъæуæг уавæртæ», -загъта Президент.

Паддзахады сæргълæууæгмæ ма бахатыдысты Дудайты Мзия æмæ Уазæгты Марфа  – Дудайты Марикы хо æмæ йæ идæдз. Уый  амардæуыд  2018 азы январы.

Уыдон бахатыдысты Президентмæ, Марикы амæлæты фæдысгæрсты фарсты тыххæй. Дудайты Марикы хойы ныхæстæм гæсгæ, зындгонд у, чи йæ амардта, уый дæр цæры Цхинвалы районы Арцеуы хъæуы.

Президент банысан кодта, ахæм уавæры барадхъахъ-хъæнæг органтæн сæ бон нæу æмæ дам-думты бындурыл кусой.

«Барадхъахъхъæнæг органтæ архайынц закъонмæ гæсгæ. Абон уа æви райсом Дудайты Марикы амарыны гуырысхо кæуыл кæнынц, уый ахст æрцæудзæн. Æмæ уый кæд зæгъа заказгæнæджы ном, уæд, кæй зæгъын æй хъæуы, уый дæр æмбæлон æфхæрд баййафдзæн», – загъта Президент.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддæгты министр Наниты Игорь йæхи фарсы ‘рдыгæй банысан кодта, уагъд кæй цæуынц мадзæлттæ, цæмæй гуырысхо кæуыл кæнынц, уый кæм æмбæхсы, уый ссарой  æмæ йæ æрцахсой.

«Абон уа æви райсом уæддæр æй ссардзыстæм. Иууыл æмбæхсгæ нæ кæндзæн. Ацы фадыджы куыст цæуы активонæй», – банысан кодта Наниты Игорь.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.