РХИ-ЙЫ ПРЕЗИДЕНТ БИБЫЛТЫ АНАТОЛИ ФЕМБÆЛД ГОРÆТ КЪУАЙСАЙЫ ЦÆРДЖЫТИМÆ

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли фембæлд горæт Къуайсайы æхсæнадимæ. Фембæлды рæстæджы æруынаффæ кодтой социалон здæхты фарстаты  фæдыл.

Фыццаджыдæр, бынæттон культурæйы хæдзары æрæмбырдуæвджытæн паддзахады сæргълæууæг раарфæ кодта рухс бæрæгбон – Чырыстийы Райгасы боны цытæн. Уый фæстæ радзырдта ныфс æвæрдтыты тыххæй, чи сæххæст сты, уыцы  стæй Къуыдаргомы социалон-экономикон рæзты фæдыл 2019 азы Хуссар Ирыстоны къухдариуæгады плæнттыл.

«Æмбæстæгты куырдиæттæм гæсгæ 17 хæдзары æмбæрзтытæ цалцæг æрцыдысты, тагъд рæстæджы æрластæуыдзæн æрмæджытæ 10 хæдзары æмбæрзт сцалцæг кæнынæн. Уымæй уæлдай ма, ацы аз Къуайсайы райдайдзысты 8 уынг аразын, скусдзæн нымæцон телеуынынад, 2020 азмæ арæзт фæуыдзæн Цхинвал-Къуайсайы фæндаджы арæзтад», – загъта Бибылты Анатоли.

Хуссар Ирыстоны районты газ кæй нæй, уымæ гæсгæ республикæйы хъæуты æмæ горæт Къуайсайы цæрджытæн электроэнергийы тариф у къаддæр, æмæ уый фæстиуæгæн фæхуыздæр ис хъалонтæ æмбырд кæныны уавæр. Фæлæ хъæуы банысан кæнын, æмбæстæгты иу категорийæн кæй ис бирæ фиддонтæ фидинаг, æмæ уый фæдыл Президент бахаста ахæм фæндон, цæмæй хæстæн реструктуризаци саразой æмæ афтæмæй цалдæр азы æмгъуыдмæ сæ хæс бафидой.

«Электроэнерги у ахæм товар, кæцы Хуссар Ирыстон æлхæны Уæрæсейы Федерацийæ. Абоны бон нын æбæрн хъалонфидджыты тыххæй Уæрæсейы раз ис стыр хæс. Паддзахад æрвылаз дæр уый тыххæй компенсаци фиды 90 милуан сомы бæрц, кæд æмæ ацы æхцайы фæрæзтæ гæнæн ис æмæ хардз цæуой нæ цæрджыты социалон хъуагдзинæдты фæдыл.

Къуайсайæгтæ бахатыдысты паддзахады сæргълæууæгмæ, цæмæй сæм газ ласой баллонты мидæг. Бибылты Анатоли бахæс кодта хъæуæг инстанцитæн, цæмæй сбæрæг кæной фарст аскъуыддзаг кæныны æмгъуыд.

Къуайсайы цæрджыты куырдиæттæн сæ фылдæр, сæйраджыдæр, цæрæнуатон фарстыты фæдыл, скъуыддзаг æрцыдысты бынаты.

Бæрæг куыд у, афтæмæй 2008 азы августы хæсты рæстæджы цы муниципалон хæдзæрттæ арæзт æрцыдысты, уыдонмæ  хъæрмад уагъд не ‘рцыд хъæуæг стандарттæм гæсгæ æмæ æмбæстæгты хъаст у рæстаг. Президент бахæс кодта Дзауы район æмæ горæт Къуайсайы администрацитæн, цæмæй аиуварс кæной уæвæг цухдзинæдтæ æмæ схъарм кæной хæдзæртты ацы аз, афтæ ма, цæмæй ссардæуа зæххы фадыг горæты территорийыл æмæ хæдзар саразой бирæсывæллонджын бинон-тæн, кæцытæ цæрынц бæрзонд бынаты æмæ æрвылаз дæр сæмбæлынц бирæ цардуагон проблемæйыл.

Муниципалон хæдзæртты афтид фатерты фарстыты фæдыл, кæцыты хицæуттæ цæрынц Хуссар Ирыстонæн æддейæ, Бибылты Анатоли бахæс кодта Дзауы районы прокуратурæ æмæ æппæт бæрнджын адæймæгтæн, цæмæй иу мæйы æмгъуыдмæ æрбавдисой информаци ацы фарсты фæдыл.

«Фатертæ лæвæрд æрцыдысты, сæ мидæг та цæргæ ничи кæны. Уый раст нæу. Рæстдзинад хъуамæ фæуæлахиз уа. Æнæ-мæнгхъæуæг у, хæдзæртты чи цæры, уыдоныл сæ сфидар кæнын, стæй афтид хатæнтæ байсын æмæ кæмæ æмбæлы, уыдонæн сæ радтын», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Квотæмæ гæсгæ рынчын сывæллоны хоскæнынмæ арвитын, афтæ ма фатер райсыны фæдыл куырдиæттимæ бахатыд Къуайсайы цæрæг сылгоймаг. Президент уайтагъд аскъуыддзаг кодта уыцы фарст – бахæс кодта, цæмæй йын баххуыс кæной Хæрзаудæн фонд «Аланийы Иудзинад» æхцайы фæрæзтæй.

Фембæлды кæрон Бибылты Анатоли загъта Хуссар Ирыстоны Парламентмæ депутатты æрбалæугæ æвзæрстыты тыххæй дæр æмæ æрсидт Къуыдаргомы æмæ республикæйы цæрджытæм иудзинадмæ, цæмæй раст æмæ объективон равзæрст саразой.

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.