Дæллаг Гудзабар кæд горæтмæ бынтон хæстæг у, уæддæр хауы Цхинвалы районмæ. Ацы хъæуы цæры 160 бинонты бæрц. Ис сын цæхæрадæттæ, дыргъдæттæ, сæндæттæ. Фæлæ, куыд æндæр хъæуты цæрджытæ, афтæ уыдон дæр хъаст кæнынц, дон сын кæй нæ фаг кæны, уымæй.

Гудзабары хъæуы иувæрсты цы донхæры къанау цæуы, уый бирæ азты дæргъы сыгъдæг нæ цыд. Сæрдыгон бонты донхæры къанауæй цыд æнуд тæф, йæ фæрсты ахизæн дæр нæ уыд. Ардæм сæ цардуагон брон калдтой хъæуы цæрджытæ сæхæдæг дæр. Доны къанау ссыгъдæг кæныныл, Гудзабары цæрджытæ рагæй дзырдтой, сæ проблемæйы тыххæй фыстой президентмæ дæр.

Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг ивгъуыд аз дæр Паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиорация»-йы кусджыты æххуысæй архайдта къанау сыгъдæг кæныныл.  Иу рæстæджы къанауы рацыд дон дæр. Адæм иу чысыл сулæфыдысты, сæ цæхæрадæттæ ныр донхæр кæй кæндзысты, уый ныфс сæ бацыд. Фæлæ, уый бирæ нæ ахаста. Иуæй дон нæ фаг кодта, аннæмæй та донхæры къанау ранæй-рæтты фæстæмæ бронæй йедзаг кæнынц цæрджытæй бирæтæ.

Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Мамытаты Вахтанг куыд зæгъы, афтæмæй ныртæккæ администрацийы тыхтæй цæуынц фæндаг цалцæггæнæн куыстытæ. Ивгъуыд аз уым иу километры бæрц ивд æрцыдысты зæххы бын коммуникацитæ. Фæндагыл хуыр калд æрцы, фæлæ йын йæ уæлцъар асфальт кæнын нал бантыст. Ныр ацы хъæуы районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады æххуысæй арæзт æрцæудзæн фæндаг. Уыцы-иу рæстæджы паддзахадон унитарон куыстуат «Мелиораци» та сыгъдæг кæны донхæры къанау.

Уазæгты Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.