Нæ республикæмæ кусæгон балцы æрцыдысты Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министры хæдивæг Игорь Кошин æмæ ХПÆ-йы паддзахадтæ – хайадисджытимæ, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазимæ социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл УФ-йы Президенты Управленийы хистæры хæдивæг Денис Травин. Уазджыты йæхимæ райста РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли. Фембæлды ма хайад райстой РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, РХИ-йы УФ-йы Уæлвæткон æмæ æххæстбарджын минæвар Мурат Кулахметов, РХИ-йы Президенты Администрацийы сæргълæууæг Козаты Игорь æмæ Хицауады уæнгтæ.

Уазджытæн раарфæ кæнгæйæ, Бибылты Анатоли банысан кодта, уæрæсейаг делегацийы æрцыд баст кæй у Хуссар Ирыстоны, йæ инфраструктурæйы рæзтимæ, республикæйы социалон-экономикон рæзтмæ здæхт Инвестпрограммæ реализаци кæнынимæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, 2019 азæн Инвестицион программæ æххæст кæнгæйæ, бакондæуыд серьезон куыст.

«Бирæ куыст бачындæуыд. Ис, цæуыл æруынаффæ кæнæм Инвестпрограммæйы фæстиуджыты фæдыл. Нæ разы цы хæстæ æвæрд æрцыдысты, уыдон æххæст кæндзыстæм æмæ мæ ныфс ис, куысты эффективондзинад æмæ гъæдыл дызæрдыггæнæн кæй  нæ уыдзæн. Бузныг зæгъын мæ фæнды Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрадæн, УФ-йы Президенты Администрацийæн æмæ Уæрæсейæн æгасæйдæр Хуссар Ирыстоны цардархайды æппæт къабæзты рæзтмæ йæ хъусдарды тыххæй. Фæстиуæг бæрæг у», – загъта Президент æмæ банысан кодта, ацы аз Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы сæйрагдæр объекттæ арæзт цæуынц, уыдон. Ахæмтæ та сты Гуырæн хæдзар, бирæфатерон цæрæн хæдзæрттæ Гуыбаты æфсымæрты уынджы, сывæллæтты рæвдауæндон æмæ Хъалонтæ æмæ æмбырдты фæдыл комитеты бæстыхæйт-тæ Суворовы уынджы æмæ æндæртæ.

«Æппæт уыцы проекттæ æнтысгæйæ фæуд кæнынц æмæ арæзт та цæуынц Хуссар Ирыстоны адæмы хæрзиуæгæн. Боны фæткы цы фарстытæ лæууы, уыдон нын бæлвырд сты. Ницы проблемæтæ ис, ис æрмæстдæр хицæн моменттæ, кæцытыл хъæуы æруынаффæ кæнын ацы азы Инвестпрограммæйы фæдыл æмæ радон къахдзæфтæ арæзт æрцæуа дарддæры азтæн Инвестпрограммæ реализаци кæныны тыххæй. 2020-22 азтæн Инвестпрограммæйæн цы бындур æвæрд æрцыд, уымæн ис социалон здæхт æмæ йæ нысан у комфортон царды уавæртæ аразын» , – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Йæ рады Игорь Кошин бузныг загъта, афтæ зæрдиагæй сæ кæй райстой, уый тыххæй æмæ банысан кодта, ахæм фембæлдтытæ регулярон æгъдауæй кæй вæййынц æмæ уынаффæ кæй фæцæуы конкретон практикон фарстатыл. Ныр та аз фæуд кæны æмæ фæстиуджытæ аразыны рæстæг æрбалæууыд.

«Нæ боны фæткы сæйраг у 2019 азæн Инвестпрограммæ. Тагъд æрбалæудзæн декабрь æмæ афон у бæрæг фæстиуджытæ саразынæн, куысты темптæ лæмæгъдæр нæ, фæлæ хъæуы фæцырддæр кæнын, цæмæй аз фæуа аккагæй. Уæ архайдтыты руаджы ацы аз фыццаг хатт рæстæгыл бацæттæ æрцыдис æппæт проектон-сметæйон документаци – фыц-цæгæм кварталы, æмæ уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, хорзæрдæм бандавдзæн рахицæнгонд фæрæзтæй хуыздæр спайда кæныныл», – загъта уый.

Игорь Кошин хорзыл банымадта, ацы азы куыст кæй æрцыд æмæ кæй райстæуыд 2020-2022 азтæн Инвестпрограммæ, кæцыйы иуварс æрцæудзысты бирæ инфраструктурон цухдзинæдтæ. «Мах хъуамæ æркæсæм  радон Инвестпрограммæйы мадзæлттæ проект кæныны хъуыд-дагмæ, цæмæй ног азы рæстæгыл æрæвнæлдæуа сæ сæххæст кæнынмæ», – загъта уый.

Уый ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй социалон инфраструктурæйы объекттæй дарддæр куыстæуы куыстмызд фæфылдæр кæныны фарстыл дæр.

«Уый у ахсджиаг хъуыддаг æмæ Владимир Путинимæ дæ æнтысгæ фембæлдтыты руаджы ацы фарстатæ скъуыддзаг кæнын йæ бынатæй феггуырсдзæн», – загъта Игорь Кошин.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.