Арцахы столицæ Степанакерты уагъд æрцыд CONIFA-йы эгидæйы бын Европæйы чемпионаты финалон хъазт, цыран фембæлдысты Хуссар Ирыстон æмæ Хурныгуылæйнаг Сомихстоны командæтæ. Ацы æмбырдгондтæ уый размæ та хъазыдысты къордон этапы. Уæд 2:1 хыгъдæй фæуæлахиз хуссарирыстойнаг командæ. Ныр дæр та нæ республикæйы спортуарзджытæ æнхъæлмæ кастысты æрмæстдæр  уæлахизмæ, нæ футболисттæ та ногæй тыхджындæр кæй разындзысты, уымæ. Хъазт стыр экраныл æвдыст цыд нæ горæты кафе «Винченцо»-йы. Уырдæм æрбацыдысты сæдæгай спортуарзджытæ. Хъазтмæ каст РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли дæр. Паддзахады сæргълæууæгимæ ма уырдæм æрбацыдысты республикæйы цытджын уазджытæ, кæцытæ æрцыдысты æвзæрстытæм цæстдарджыты статусы. Хъазты рæстæджы кæд пурти фылдæр уыд хурныгуылæйнаг Сомихстоны футболисттæм, уæддæр пурти бакъуырыны тæссаг уавæртæ фылдæр æвзæрын кодтой нæ футболисттæ. 7-æм минутыл уал дардæй пурти ныццавта Бæззаты Ибрагим, фæлæ пурти атахт кулдуæрттæ цурты. Чысыл фæстæдæр нæ командæйы хуыздæр размæбырсæг Гуырцъыты Батраз фæсайдта ныхмæлæууæг командæйы дыууæ хъазæджы, фæлæ йæ цæфы фæстæ пуртийы систа ныхмæлæууæг командæйы кулдуаргæс. 35-æм минутыл ма Гуырцъыты Батраз ногæй бабырста иварон фæзмæ, фæлæ йын нæ рауад пас радтын. Хъазты дыккаг æмбисы дæр хуыздæр архайдтой нæ командæйы уæнгтæ. 57-æм минутыл хыгъд байгом кæнынæн тынг хорз уавæр уыд Бæззаты Ибрагимæн, фæлæ йæ къухты нæ бафтыд сæрæй пурти хорз ныцццæвын. Ибрагим фæстæдæр йæхи сраст кодта. Уый хорз сæххæст кодта иварон цæф æмæ пурти смидæг Хурныгуылæйнаг Сомихстоны командæйы кулдуары. Афтæмæй хыгъд ссис 1:0 нæ командæйы пайдайæн.

Хъазты сæйраг рæстæджы хыгъд нæ фæивта. Тæрхон-гæнæг хъазтмæ бафтыдта 5 уæлæмхас минуты. Уыдон дæр фесты, фæлæ тæрхонгæнæг хъазт не ‘рурæдта. Уыцы рæстæджы æнæнхъæлæджы Хурныгуылæйнаг Сомихстоны командæйы размæбырсæгмæ бахаудта пурти, уый балыгъд нæ командæйы иварон фæзуатмæ, цыран æй хуссарирыстойнаг футболист сфæлдæхта. Тæрхонгæнæг уайтагъд снысан кодта 11-метрон цæф. Хурныгуылæйнаг Сомихстоны хъазджытæн сæ цинæн кæрон дæр нæ уыд, фæлæ сын нæ кулдуаргæс Бураты Мухарбег сæ цин æнæхъуаджы фæкодта. Уый систа пенальти æмæ нæ командæйæн æрхаста уæлахиз. 

Нæ командæ чемпионаты размæ фаворитыл нымад нæ цыд. Фæлæ æнæхъæн турниры дæргъы йæхи равдыста тынг хорз æмæ афтæмæй футболисттæ сæ нæмттæ бахастой нæ республикæйы, стæй дунейы спортивон историмæ.

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.