Цхинвалы централон стадионы фембæлдысты командæ «Цхинвал» æмæ РЦИ-Аланийы иууыл тыхджындæр командæтæй сæ иу – «Хъæдгæрон». Уыдонæн сæ архайдмæ бакæсынмæ стадионмæ æрбацыд РХИ-йы Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитеты сæрдар Зассеты Сергей. Хъазты фыццаг æмбисы активондæрæй архайдтой фысымтæ, фæлæ сын пурти бакъуырынæн цы гæнæнтæ уыдис, уыдонæй не спайда кодтой. Фæстиуæгджын рауад хъазты дыккаг хай. Цхинвайлæгты хъахъхъæнæджы гуымир рæдыды фæстæ хыгъд байгом кæнын бантыст уазджытæн. Уымæй чысыл фæстæдæр «Хъæдгæрон»-ы хъазджытæ фæтк фехалдтой сæ иварон фæзуаты æмæ тæрхонгæнæг снысан кодта 11-метрон цæф. Уый хорз сæххæст кодта Бæззаты Ибрагим. Уый ма 70-æм минутыл бакъуырдта дыккаг пурти дæр. Фæлæ уазджытæн бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын.

Цхинвайлæгтæ, пурти бауадзгæйæ, абырстой размæ æмæ «Хъæдгæрон»-ы командæйы кулдуары пурти смидæг кодта Тимур Соколов. Хъазты кæронмæ ма 8 минуты куыд хъуыд, афтæ тæрхонгæнæг фысымты хъазджытæн равдыста сырх карточкæ æмæ командæ Цхинвал баззад дæсæй. «Хъæдгæрон»-ы командæйæн  уыд хыгъд сæмхуызон кæныны гæнæнтæ, фæлæ сæ не спайда кодтой. Афтæмæй хъазт фæцис 3:2 хыгъдæй цхинвайлæгты пайдайæн.

Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ июны райдианы Арцахы кæй уыдзæн Европæйы чемпионат, кæцы уагъд цæуы дунеон организаци Конифайы эгидайы бын. Уым хайад райсдзæн РХИ-йы æмбырдгонд командæ дæр. Уырдæм хуынд æрцæудзысты командæ «Цхинвал»-ы хъазджыты фылдæр хай.

Æввахс рæстæджы Хуссар Ирыстоны æмбырдгонд ко-мандæ йæхи цæттæ кæнын райдайдзæн Европæйы чемпионатмæ. Уый тыххæй хъазджытæ рацæудзысты цæттæгæнæн сбортæ. 

***

  Футболæй Уæрæсейы дыккаг дивизионы «Хуссар» зонæйы радон туры Дзæуджыхъæуы «Спартак-Дзæуджыхъæу» фысымиуæг кодта «Краснодар-3»-йæн. Хъазт фæцис 1:1 хыгъдæй. Фембæлды дыккаг минутыл уазджытæн бантыст пурти бакъуырын. 17-æм минутыл спартаконты капитан Бибылты Шотайæн бантыст хыгъд сæмхуызон кæнын.

«Спартак-Дзæуджыхъæу» радон хъазт акæндзæн 18 майы Краснодары «Урожай»-имæ.

  ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.