Хъæлдзæг, цины æмæ рæсугъд æнкъарæнтимæ æрæджы Цхинвалы колледжы рауагъдонтæ хæрзбон загътой сæ ахуыргæнæндонæн. Уый фæдыл мадзалмæ æрбацыдысты Президент Бибылты Анатоли æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ.

Президент æмæ йемæ бацæуджытыл, ирон æгъдаумæ гæсгæ, амбæлыны фæстæ ахуыргæнæндоны кæрты айзæлыд ирон кафты мелоди æмæ цалдæр чызджы рæсугъд кафæн дарæсы сæххæст кодтой «Чызджыты кафт».

Уый фæстæ ахуыргæнæндоны директор Козаты Лирæ йæ раныхасы банысан кодта, зæгъгæ, 74 лæппу æмæ чызджы райстой аст дæсныйады фæдыл дипломтæ.

Директоры ныхæстæм гæсгæ, цæмæй колледж æххæстæй скуыстаид, уый тыххæй хъуыд бирæ хæрдзтæ бакæнын æмæ бузныг загъта, се ‘ххуысы къух сæм чи фæдаргъ кодта, уыдонæн.

Паддзахады разамонæг Бибылты Анатоли зæрдæбын арфæ ракодта, колледж каст чи фæцис, дæсныйад чи райста æмæ ныр царды фæндагыл чи ныллæудзысты, уыцы æвзонг лæппутæ æмæ чызджытæн. Йæ цæст сын бауарзта амонд æмæ æнтытстытæ сæ дарддæры царды. Президент ма раарфæ кодта колледжы ахуыргæнджытæн дæр, Ирыстонæн ахсджиаг чи у, ахæм специалисттæ кæй цæттæ кæнынц, уый тыххæй.

Йæ раныхасы Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали та банысан кодта, зæгъгæ, мах сæрыстыр стæм сымахæй. Уымæн æмæ райстат дæсныйæдтæ æмæ сæ пайда кæндзыстут уæхи, æмæ бирæ кæй уарзут, уыцы Ирыстоны хæрзиуæгæн. 

Уыцы бон ма хуыздæр ахуыргæнинæгтæн Санахъоты Артур, Дяченко Ксения, Гаглойты Æхсар, Абайты Владимир, Джиоты Владимир, Хъуылымбегты Нона, Тыджыты Виктория æмæ æндæртæн лæвæрд æрцыдис хорзæхтæ.

Кæронбæттæны арвмæ суагътой, колледж цал рауагъдон рауагъта, уал -74 къорийы æмæ уый фæстæ уазджытæ федтой, ахуыргæнинæгтæ мадзалмæ цы куыстытæ бацæттæ кодтой, уыдон.                                                                                       

Гӕззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.