Уæрæсейаг æхсæнад «Знание»-йы проект «Умное кино»-йы уæлахиздзау Наталья Штонда систа документалон фильм Беслæны 1-æм скъолайы сæрæгасæй баззайæг сывæллæтты тыххæй. Фильм «Дети Беслана» конд у новеллæтæй, кæцытæ дзурынц амынæты бахауæг сывæллæтты историтыл.

«Уыцы тæссаг трагедийæ рацыд 18 азы, сывæллæттæ раджы сыстыр сты. Чи дзы кусы дохтырæй, ахуыргæнæгæй, полициагæй, чи та архайы спортивон карьерæйы. Бирæтæ дзы ныридæгæн хъомыл кæнынц сæхи сыввæллæтты. Нæ хъайтартимæ ныхас кæныны фæстæ мæм афтæ фæкаст, цыма уыдонæн трагеди знон æрцыд. Абоны онг дæр нæ ферох кодтой уыцы бонты цауты тыххæй, алцыдæр хъуыды кæнынц лыстæггай», — загъта Наталья Штонда.

Фильмы хъайтарты ’хсæн сты Олимпион призер Найфонты Артур, дохтыр Гуыбеты Бэлæ, кæцы трагедийы рæстæджы фесæфта йæ фыды, дохтыр Георгий Ильин, кæцыйы ныв 2004 азы федтой æнæхъæн дунейы, афтæ ма Хъæллæгаты хотæ Викæ æмæ Оля. «Хъайтартæй алкæйы тыххæй дæр гæнæн ис хицæн фильм сисын, ахæм цымыдисон æмæ драматикон цард сын ис. Мæ командæимæ цы кинолентæйыл куыстон, уый дзурæг у хъайтарты æнтыстыты, афтæ ма сæ цард куыд ацыд, уый тыххæй. Алкæцыйы мысынады дæр трагеди ныууагъта йæ арф фæд», — банысан кодта уый.

Ныртæккæ фильм «Дети Беслана» ис кондады финалон этапы: цæуы монтажгонд. Куыст бацæудзæн мæскуыйаг фестиваль «Умное кино»-йы программæмæ, кæцы уагъд цæудзæн 2023 азы. Бакæсæн æм уыдзæн онлайн режимы дæр.