Йæ райгуырды 110 азы сæраппонд

 

Фæдисон уыд йæ равзæрст фæндагыл Георги. Нæ ирон советон литературæйы, бæлвырддæрæй та, ирон советон драматургийы, Джимиты Георгийы ном егъау бынат æрцахста, куыд курдиатджын кинорежиссер æмæ драматург, очеркты дæсны æмæ сценарист, йæ мадæлон æвзаджы ад æмæ авналæнтæ чи зыдта, ахæм курдиатджын адæймаг. Уый уыдис нæ литературæйы æвæллайгæ зиууæттæй иу. Æнцад нæ бадтис, æрулæфт нæ зыдта, уарзта цард æмæ йæ равдисыныл йæ уд хъардта.

Æвæджиауы зиууон уыд Джимийы фырт нæ драматургийы дæр æмæ куыд кинорежиссер, афтæ дæр. Георги хауы ахæм фысджыты нымæцмæ, кæцытæ ирон литературæмæ æрбацыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ ирон профессионалон театртæ сæ байгомæй фæстæмæ цы пьесæтæ æвдыстой, уыдоны автортæй иу уыдис Джимиты Георги. Джимийы фыртæн йæ литературон бынтæ нымæцæй кæд бирæ не сты, уæддæр, сæ нысаниуæг æмæ сæ ахадындзинад дардыл у.

Джимиты Георги райгуырдис 1-æм январы 1907 азы сахар Владикавказы мæгуыр, цыбыркъух хæдзары. Йæ фыд Сауи царды фæрæзтæй цух уыд, мæгуырæй хъомыл кодтой йæ сабитæ. Фыдцардæн цы лæууы! Байсæфт Сауи, ацыд йе ‘цæг дунемæ, ныууагъта æнахъомæй йæ чысыл лæппуты, йæ чысыл чызджыты цыбыркъух мады æв-джид. Гиуæргийыл уæд цыдис 14 азы, уыдис зæнæджы хистæр, хæдзар та уыд фæкæсынхъуаг.

1907 аз, Георгийы райгуырæн аз у, æмæ уый та йæхæдæг бирæ цæуылдæрты дзурæг у. Цыдис тох царды сæрыл. Тыхст уыдис дуг æмæ æвзонг, 14-аздзыд Георгийы бахъуыд царды уæззау æфсондз райсын. Цынæ куыстытæ кодта æвзонг лæппу маамæлайы къæбæрыл: уыд бæхтæрæг, ласта хъæдæй суг, куыста дзабыртæ уæйгæнæн дуканийы. Йæ егъау бæллиц уыд, йæ мад, йæ къаннæг хотæ æмæ æфсымæртæн къæбæр арын.

Георгийы егъау бæллиц ма уыд ахуыр, фæлæ йын ацы фæндаг дæр æхгæдта мæгуырдзинад. Цалдæр азы фæцахуыр кодта Дзæуджыхъæуы скъолаты, стæй йæ ных сарæзта Мæскуымæ, цæмæндæр æвзонгæй бауарзта кино, экран, царды нывтæ уымыты уынын. Уый уал бæлвырд у: – 1926 азы бацыд Мæскуыйы кинематографийы техникумы режиссерон факультетмæ. Зæрдæрайæ дзы фæцахуыр кодта цыппар азы, каст æй фæцис иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Ацы техникум уæрæх дуæрттæ байгом кодта Георæн цардмæ, алфæмблай дунемæ акæсынæн, ам рабæрæг сты йе стыр æвзыгъддзинæдтæ кино, театр æмæ драматургийы фадгуыты.

Георæн йæ фыццаг къахдзæф уыдис киностуди «Восток фильм»-мæ, цыран райдыдта режиссерон куыст ассистентæй. Кинофильм «Зелимхан» куы æвæрдтой, уæд йæ режиссер уыдис Георги.

1932 азы Георги хуынд æрцыд Бакомæ, Азербайджаны киностудимæ разамонæ-гæй, цыран фæкуыста 1934 азмæ.

1934 азы Георги æрбаздæхт Ирыстонмæ æмæ райдыдта æндæр æмæ æндæр бы-нæтты кусын. Нырма уал куыста Цæгат Ирыстоны адæмон ахуырады аивады хайады хистæрæй. Уæдмæ 1935 азы байгом Цæгат Ирыстоны драмтеатр. Уый егъау æмæ цины бæрæгбон уыд Ирыстонæн, ахæм цины бæрæгбон уыдис æрæджы дæр, 2015 азы театр йæ 80 азы бон куы нысан кодта, уæд.

Йæ рæстæджы тынг бацин кодта Георги ирон профессионалон театры байгомыл. Уæд æппæт йæ тыхтæ радта драматургийы, ирон театры репертуары рæзты хъуыддагæн.

1936-æм азы Дзæуджыхъæуы ирон театры сценæйыл æвæрд æрцыд йæ хъæл-дзæг комеди «Чындзæхсæв». Уый уыдис фыццаг ирон советон комеди, колхозон цард æмæ ирон фыдæлтыккон æгъдæут-тæм ног дуджы хуры тынтæ куыд бакастысты, уыдæттæ æвдисæг комеди.

1940 азы фæзынд Джимиты Георгийæн йæ иннæ комеди «Ног чындз». Ам дæр та драматург æрæвæрдта йæ разы хæс, цæмæй æрдзура, цахæм уыд колхозонты цард фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ, стæй ногдзинæдтæ ирон фæстæзад æгъ-дæуттыл куыд уæлахиз кæнынц, уыдæттыл.

Уæдмæ ралæууыд тугуарæнты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты дуг. Лæджыфыдхор знаг цæмæй дæрæнгонд æрцыдаид, уый тыххæй алы æмбæстаг дæр хаста йæ хайбавæрд. Тынг ныхъхъуыды кодта ацы ахсджиаг  фарстыл Георги дæр. 1941 азы ацыд бархийæ хæсты цæхæрмæ. Ам дæр та йæм егъау бæллицтæ уыд, фæлæ сын сæ сæххæст кæнын нæ бафæрæзта, йе ‘нæниздзинад нывыл кæй нæ уыд, уый аххосæй 1942 азы æрыздæхт Ирыстонмæ.

Нæ драматург хæсты фыццаг бонты бавнæлдта йæ пьесæ «Тохы бонтæ» фыссынмæ æмæ йæ фысгæ дæр ныккодта, цалынмæ фронтмæ нæ ацыд, уæдмæ. Цæфтæ æмæ уæззау низимæ æрыздæхт 1942 азы фронтæй, фæлæ иу ран не ‘рбадт, йæ къухæй не ‘руагъта фыссæн сис, кæрæдзи фæдыл ивылдысты йæ очерктæ, йæ радзырдтæ, йæ пьесæтæ («Чабæхан», «Сау мигъ»).

1944 азы сентябры мæйы Цæгат Ирыстоны обкомы уынаффæмæ гæсгæ Джимиты Георги æрвыст æрцыд Мæскуымæ, цæмæй ныффыстаид сценари Цæгат Ирыстоныл. Уый Георгийæн йæ рагон сагъæсты сæр уыд, йæ хъавд æм рагæй уыд, фæлæ йæ сæххæст кæнын йæ къухты не ‘фтыд, æмбæлд алыгъуызон цæлхдуртыл.

Ацы темæйыл хъуыдыгæнгæйæ, Георги йæ разы æрæвæрдта хæс, цæмæй уыцы сценарийы бындурыл снывæнда йæ нывæфтыд фильм йæ райгуырæн Ирыстоныл.

Уæддæр зæгъæн ис, Георы сфæлдыстадон балц кæй райдыдта 1932 азæй, Азербайджаны киностудимæ, сценарион хайадмæ хуынд куы æрцыдис, уæдæй. Уыцы аз уый æрæвнæлдта сценари фыссынмæ. Схуыдта йæ «Знæгты хæлардзинад».

Дзæуджыхъæумæ æрбаздæхгæйæ, уый æрæвнæлдта пьесæ ныффыссынмæ, цы æрмæджытæ æртымбыл кодта, уыдоны бындурыл. Схуыдта уый дæр «Знæгты хæлардзинад».

Драматург йæ пьесæйы карзæй æф-хæры паддзахы хицауады æнæраст политикæ, кæцы хæрам æмæ фыдæхдзинад æфтыдта Цæгат Кавказы цæрæг нациты ‘хсæн, цæмæй революцийы уылæнтæй фæиппæрд уыдаиккой, цæмæй дзы хайад ма райстаиккой. Пьесæйæн егъау æнтыст уыд, Цæгат Ирыстоны драмтеатры сценæйыл куы цыдис, уæд.

Сценæмæ кæсджытæ, нæ театрдзаутæ, цины æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты, йæ пьесæ «Чындзæхсæв» сценæйæ куы рарттывта, уæд.

Адæм федтой æмæ зæрдæбынæй фæцин кодтой, колхозон куысты йæ хид чи калы, ног дуг кæй барæвдыдта æмæ сын сæ рагон, фыдæлтыккон æгъдæуттæм рæсугъд ивындзинæдтæ куыд хаст цыд, уыцы нывтыл.

Йæ рæстæджы æмбæлон аргъ æрцыд ацы комедийæн: «Это было многообещающее начало. Хотя некоторые персонажи комедии Джимиева выглядели бледными и схематичными, хотя изъяснялись эти персонажи сухим, натянутым языком, в ней были образы иного склада  – образы новые, правдивые, сочные. В некоторых, естественных и забавных комедийных ситуациях проглядывал веселый, лукавый юмор». (Т.Кариаева и М.Литвиненко. Северо-Осетинский драматический театр. Орджоникидзе, 1960. Стр.41).

Стыр райгондæй сæмбæлдысты театрдзаутæ Георгийы иннæ комеди «Ног чындз»-ыл дæр. Актуалон у йæ темæ ацы комедийæн дæр. Фыст æрцыд Фыдыбæстæйон хæсты агъоммæ. Ам дæр та уынæм фæллойгæнæг колхозонты, реалон нывты æвдыст цæуынц царды ногдзинæдтæ, фыдæлтæй баззайгæ æгъдæуттæ ног хурмæ сæ хуыз ивын куыд райдыдтой, ног, фæзминаг æгъдæуттæ царды бындур куыд æвæрдтой.

1944 азы Цæгат Ирыстоны драмтеатры сценæйыл фæзынд Георгийы драмæ «Сау мигъ». Зæгъын хъæуы, Джимиты Георгийы сфæлдыстады иууыл зынгæдæр уацмыс кæй у йæ ацы драмæ.

Пьесæ «Тохы бонты» цы лæмæгъ-дзинæдтæ равдыста автор, уыдон ныр ам баххæстгонд æрцыдысты.

Нæ драматург «Сау мигъ» фысгæйæ егъау куыст бакодта, фæзылд Цæгат Ирыстоны хъæутыл, фæфыста, цы уавæрты цыдис тох Цæгат Ирыстоны хъæуты 1942 азты, цахæм уыд знаджы цæсгом, цы уавæрты тох кодтой фæсчъылдымы адæм, цахæм уыд йæ хайбавæрд Советон Æфсадæн знаджы ныппырх кæныны хъуыддаджы.

Реалон сюжет райста автор йæ драмæйæн. Цы фæлгæндзтæ снывæста, цы сюжет райста, уый хъары алы чиныгкæсæджы зæрдæмæ дæр. Тынг райгондæй баззадысты театрдзаутæ дæр. Реалон нывтæ цæуынц æвдыст советон адæмы патриотизм, Советон Æфсады удуæлдай тох, се ‘нувыддзинад, сæ хъæбатырдзинады фæндæгтæ.

Йæ рæстæджы йын æмбæлон аргъ скодтой адæм, театрдзаутæ. «Сау мигъ», – фыста Богазты Умар,- у ирон драматургийы зынгæдæр уацмыстæй иу. Автор дзы йæхи равдыста курдиатджын æмæ арæхстджын фыссæгæй. Зæгъæн ис, Джимиты Георгийæн йæ курдиатдзинад æмæ йе сфæл-дыстадон куыст бахæццæ сты сæ тæккæ тæмæнмæ (ома, ацы пьесæ куы ныффысста, уæд  – Г.Г.).

Советон адæмы удуæлдай тохы фæн-дæгтæ уынæм Георгийæн йæ радзырд «Чабæхан»-ы дæр. Чабæхан историон фæлгондз у, цардис Алагиры, уыдис ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг. Немыц Алагир куы бацахстой, уæд Чабæханæй домдтой, цæмæй сын уагътаид газет ирон æвзагыл. Чабæхан ууыл не сразы – ссардта йæ мæлæт фашистты къухæй.

Æппæт уыцы хабæрттæ реалон нывты равдыста Георги йæ радзырдты. Чабæхан æцæг ирон хъæбатыр чызг уыд, йæ рухс ном хæссы абоны бон дæр Алагиры уынгтæй иу.

Джимиты Георги канд драматург нæ уыд, уый уыдис арæхстджын прозаик æмæ очерктæ фыссæг дæр.

Советон Цæдисы хъæбатыртæй бирæтыл фæфыста очерктæ.

Кæронбæттæны зæгъын хъæуы: хъæз-дыг æвзаджы хицау уыд Джимийы фырт. Мадæлон æвзаджы дзырдтæ, рæсугъд æмбарæн фæрæзтæ, зæрдæ чи бацагайдзæн, ахæм ныхæстæ бæлвырдæй зынынц йæ пьесæты.  Æппæт дæр иста цардæй. Цы фæлгæндзтæ сфæлдыста, уыдонæй иуæй дæр афтæ зæгъæн нæй, æмæ не сты характерон, типон –  сæ дугæн.

Æмткæй та, Георгийы тыххæй зæгъæн ис: йæ цыбыр царды бонты цæрдæг зиууонау бавнæлдта стыр хъуыддæгтæм æмæ сын сæ бакæнын кæд кæронмæ нæ бафæрæзта, уæддæр нын цы ныууагъта, уыдон бæрæгæй æрттивдзысты нæ литературæйы хæзнадонæй.

Сæдæ дæс азы æххæст кæны Георгийы райгуырдыл, йæ раттæг адæм хъуамæ сæ зæрдыл дарой сæ кæддæры зиууæтты, на-цион культурæ æмæ аивады рæзтæн йæ цард, йæ бонтæ чи радта, уыдоны. Æуы-донæй уыд Джимиты Савелы фырт Георги дæр.

Октябрь 2017 аз

ПЛИТЫ Гацыр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.