Абысалты Сослан нысан æрцыд туристон архайды къабазы проекттæ реализаци кæныны фæдыл департаменты директорæй. Ацы ног структурæ сарæзта УФ-йы Экономикон рæзты министрад. Цалынмæ «Ростуризм»-ы функцитæ Экономикон рæзты министрадмæ лæвæрд не ’рцыдысты, уæдмæ ацы къабазы сæргъ лæууыд Дыгъуызты Заринæ.

Абысалты Сослан уый размæ та дыууæ азы уыд Уæрæсейы Федерацийы Арктикон зонæйы æмæ Дард Хурскæсæн æмæ Арктикæйы рæзты фæдыл УФ-йы министрады инфраструктурон проекттæ реализаци кæныны департаменты сæргълæууæг.

УФ-йы Экономикон рæзты министрады арæзт æрцыдысты дыууæ ног дæлхайы — туризмы рæзты департамент, æмæ туризмы къабазы проекттæ реализаци кæныны департамент.

Абысалты Сослан каст фæцис ЦИПУ-йы «Прикладная математика и информатика»-йы дæсныйады фæдыл. Куыста УФ-йы президенты цур РЦИ-Аланийы æдзухон минæварады, уыд «РЦИ-Аланийы рæзты корпораци»-йы сæргълæууæг, Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл министрады та лæууыд инвестицион проектты департаменты сæргъ.

2019 азы ссис иууыл масштабондæр кадрон проект «Лидеры России»-йы уæлахиздзау æмæ хайад иста УФ-йы президент Владимир Путинимæ фембæлды.

Абысалты Сослан у Цæгат Ирыстон-Аланийæ рацæугæ.

Банысан кæнын ма хъæуы уый дæр, æмæ Дыгъуызты Заринæ кæй бацыд УФ-йы Хицауады цур экспертон советы скондмæ. Уый размæ не сразы УФ-йы Экономикон рæзты министры хæдивæджы бынаты кусыныл, кæцы дзуапп кæны туризмы къабазыл.