Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты цардæмбал Куымæридтаты Линдæ йæхимæ райста Донецкы Адæмон Республикæйы Президенты цардæмбал Наталья Захарченко æмæ Луганскы Адæмон Республикæйы Президенты цардæмбал Наталья Пасечникы, афтæ ма Сириаг Арабаг Республикæйы Президенты сæрмагонд минæвары цардæмбал Нух Абдул-Уахиды.

«Арфæ уын кæнын Хуссар Ирыстоны уазæгуарзон зæххыл. Бузныг уын, абон сымах нæ адæмæн ахæм нысаниуæгджын бæрæгбон – Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 10 азы сæххæсты бæрæгбоны нæ фарсмæ кæй æрбалæууыдыстут, уый тыххæй.

Ирон адæм зын фæндагыл фæцыдысты сæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадмæ. 10 азы размæ нæ нæ уырныдта, мах искуы сабыр арвы бын цæрдзыстæм, уый. Уæрæсе нын нæ хæдбардзинад кæй банымадта, уый фæрцы мах абон аразæм сабыр цард æмæ фидæнмæ кæсæм ныфсимæ», – загъта Куымæридтаты Линдæ.

Уый ма банысан кодта, ирон адæм хорз кæй æмбарынц, абоны бон Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты, Сириаг Адæмон Республикæйы цæрджытæн куыд зын у, уый æмæ ахæм рæстæджы кæрæдзийы фарсмæ лæууын кæй хъæуы. Куымæридтаты Линдæ ма банысан кодта æхсæнпаддзахадон гуманитарон-ахуырадон проектты рæзтмæ хæларадон бæстæты æрбангом кæнынмæ, æмгуыстады процесстæм фæсивæды аздахыны ахсджиагдзинад.

Сириаг Арабаг Республикæйы Президенты сæрмагонд минæвары цардæмбал Нух Абдул-Уахидимæ ныхас кæнгæйæ, Куымæридтаты Линдæ бузныджы ныхæстæ загъта САР-ы къухдариуæгад æмæ адæмæн РХИ-йы хæдбардзинад кæй банымадтой, уый тыххæй.

«Махæн тынг æхсызгон у уыцы хабар, бузныг стæм уе ‘ууæнкæй æмæ нæм хæлары къух кæй радтат, уый тыххæй», – загъта уый.

Бузныджы ныхæстæ ма РХИ-йы Президенты цардæмбал загъта Наталья Захарченко æмæ Наталья Пасечникæн, æмæ банысан кодта Хуссар Ирыстон, Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты æхсæн æнгом æмгуыстад.

«Нæ бæстæ æхзызгонæй райста Донецк æмæ Луганскæй 50 сывæл-лоны, кæцытæ ирон сывæллæттимæ иумæ баулæфыдысты æхсæнадæмон хæххон лагеры. Нæ сывæллæтты кафджыты ансамбль «Скиф» уыдис гастролты Донецкы, сывæллæттæ райстой тынг хорз тæлмæнтæ.

Ахæм мадзæлттæ ахъаз уыдзысты нæ адæмы, нæ фæсивæды æрбангом кæнын æмæ сæ раст фæндагыл бафтауынæн, цæмæй аргъ кæной сæ историйæн, хæлардзинадæн, хъахъхъæной адæймагон æргъадтæ», – загъта Куымæридтаты Линдæ.

Донецкы Адæмон Республикæйы Президенты цардæмбал Наталья Захарченко, банысан кодта Уæрæсейы Федерацийы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыныл 10 азы кæй сæххæст, уыцы цин Хуссар Ирыстоны адæмимæ кæй дих кæны. Уый ма банысан кодта, РХИ-йы къухдариуæгад Донецкы Адæмон Республикæйы хæдбардзинад кæй банымадта, уый ахсджиагдзинад,  æмæ бузныджы ныхæстæ загъта уыцы историон къахдзæфы тыххæй.

«Нæ бæстæты æхсæн хæларадон ахастытæ фæзынд, æмархайд цæуы æппæт æмвæзадтыл дæр. Мах алы хатт дæр æнкъарæм уе ‘ххуыс, æмæ мах дæр цæттæ стæм æххуыс кæнынмæ. Ацы нысаниуæгджын бон мæ цæст уарзы æппæт Хуссар Ирыстоны адæмæн сабырад, хæрзиуджытæ æмæ дидинæфтыд», – загъта Наталья Захарченко

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.