Æрдз сфæлдисы ахæм диссаджы хæларзæрдæ æмæ рæдау адæймæгты, кæцытæн сæ уд, сæ дзæцц вæййы искæмæн исты хорзы бацæуын, сæ бон цæмæй у, уымæй сын балæггад кæнын. Уыдон тыхст адæймаджы фæрсты никуы ахиздзысты, алы хатт дæр æххуысы къух фæдаргъ кæндзысты. Йæ райгуырæн Ирыстоны æцæг уарзтæй чи уарзы,  æппынæдзух йæ радтæг адæмæн исты хорзы бацæуынмæ чи тырны, уыдонæй иу у зынгæ æхсæнадон архайæг, меценат, Стыр адæймаг Лалыты Лев. Ацы æнахуыр хæларзæрдæ адæймагæн  искæмæн исты хæрзиуæг саразын куы бантысы, уæд йæ риуы дзаг æхцонæй сулæфы.

Лалыты Левы ном хорз зындгонд у дыууæ Ирыстоны дæр. Уый йæ хæрзиуæгон архайд æмæ йæ хорз хъуыддæгтæй йæхицæн ахæм хорз ном скодта æмæ йын кад кæнынц Ирыстоны адæм иууылдæр. Уый у нæ дуджы хъайтар. Ууыл кæд цалдæр азы размæ стыр бæллæх æрцыд æмæ æнамонд цауы фæстиуæгæн цæрæнбонтæм инвалидæй баззад, уæддæр йæ ныфс нæ асаст, йæ зæрдæмæ нæ ныхъуыста, фæлæ йæхимæ уыйас тыхтæ æмæ хъа-рутæ ссардта, цæмæй дарддæр цæра æмæ исты пайда хæсса æхсæнадæн, тыхст адæмæн. Йæ алы къахдзæфæй дæр тауы хæлардзинад, куыд йæ хæдзары, афтæ районы, уынджы, æмткæй Цæгат Ирыстоны. Алкæцы фæрæзджын адæймаг нæ цæуы сывæллæтты, зæрæдты хæдзæрттæм исты æххуыс сын ба-кæныны сæраппонд. Фæлæ Лалыйы фырт стыр æххуыс кæны æххуысхъуаг бинонтæн, сидзæр сывæллæттæн. Уый йæ цард нал уыны æнæ ацы хæрзиуæгон хъуыддæгтæй. Лев цы хæрзаудæн акцитæ сарæзта, уыдон зын банымайæн сты, уымæн æмæ тынг бирæ сты.

Лалыты Лев ацы аз февралы мæйы æвзæрст æрцыд  Дзæу-джыхъæуы Ветеранты советы сæрдарæй æмæ уæхскуæзæй æрæвнæлдта йæ куыстмæ.  Ныртæккæ Лалыйы фырт уадзы акци «Дети войны», зæгъгæ, хæсты сывæллæтты ныййарджыты сгуыхтдзинæдты  мысынады тыххæй. «Къаддæрæй-къаддæр кæны Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисджыты нымæц, кæцыты æххуысæй стыр куыст цыд фæсивæды патриотон хъомылады тыххæй. Абон хæсты ветерантыл цæуы 95-97 азтæ. Уыдонæй бирæтæн сæ бон нал у Цæгат Ирыстон-Аланийы, Хуссар Ирыстоны скъолаты æмæ æндæр ахуырадон уагдæтты коллективты раз ныхас кæнын, сæ мадзæлтты хайад исын. Горæт Дзæуджыхъæуы Ветеранты советы раз лæууы фарст – дарддæр патриотон мидисимæ мадзæлттæ кæй фæрцы хъуамæ уагъд цæуой, уый тыххæй. Бауынаффæ кæныны фæстæ æрцыдыстæм иу хъуыдымæ, зæгъгæ, ахæм мадзæлттæм æрбакæнын хъæуы 1928-1945 азты гуырд «Хæсты сывæллæтты», кæцытæ моралон æмæ физикон æгъдауæй дæр сæхиуыл бавзæрстой хæстон рæстæджы æппæт зындзинæдтæ, активон хайад истой адæмон хæдзарад, сæудæджерад сæндидзын кæныны хъуыддаджы. Абон, æрмæстдæр уыдонæн у сæ бон фæсивæдæн 1941-1945 азты хæсты æппæт тæссагдзинæдты тыххæй радзурын. Хæсты фæсчъылды-мы хайадисджыты ацы категорийыл бындуриуæг кæнгæйæ, махæн нæ бон суыдзæн Ирыстоны фæсивæды патриотон хъомылады фæдыл мадзæлттæ аккагæй æххæст кæнын, æхсæнадон царды сæ æрбангом кæнын», – радзырдта  Лалыты Лев.

«Хæсты сывæллæтты» куыст активизацийы нысæнттæн, горæт Дзæуджыхъæуы Ветеранты советы уынаффæмæ гæсгæ самал-чындæуыд «Дети войны»-йы зæрдылдарæн майдантæ, кæцытæ ныридæгæн лæвæрд æрцыдысты 60 адæймаджы бæрцæн, уыцы нымæцы республикæйы муниципалон районты ветеранон ор-ганизациты минæвæрттæн дæр. Бирæтæ хорзæхтæ исгæйæ, сæ цæстысыг нæ урæдтой.

Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ абоны онг Лалыты Лев йæхи финансон фæрæзтæй кæй балхæдта 100 майданы, кæцытæ, æнæмæнгдæр, ссардзысты сæ хъайтарты. Афтæ ма балхæдта «Стыр Фыдыбæстæйон хæсты уæлахизы 75 азы цытæн» 50 зæрдылдарæн майданы, кæцытæ лæвæрд æрцæудзысты ветерантæн. «Алкæцы ветераны раз нæ хæс нæма бафыстам. Хъыгагæн, азæй-азмæ ветеранты рæнхъытæ къаддæр кæнынц. Æрмæстдæр махыл баст у, нæ сывæллæттæ æмæ уыдоны сы-вæллæттæ сæ зæрдыл дардзыс-ты ветеранты стыр сгуыхтдзинæдты æмæ фæразондзинады тыххæй æви нæ, уый. Мах хæсджын стæм, цæмæй бахъахъхъæнæм рæстдзинад дунейы иууыл тæссагдæр, дæргъвæтиндæр æмæ тугкалæндæр хæсты тыххæй», – банысан кодта Лалыты Лев.

«Дети войны»-йы майданæн нæй паддзахадон кæнæ ведомст-вæйон статус. Ацы хорзæхæн бындур æрæвæрдта æхсæнадон фонд «Дети Великой Отечествен-ной войны»-йы æхсæнадон фонд 2012 азы. Организаци йæхæдæг сырæзт 1996 азы. Майдан у æхсæнадон æмæ лæвæрд цæуы УФ-йы æмæ ХПÆ-йы бæстæты æмбæстæгтæн, кæцытæ райгуыр-дысты 1928 азы 22 июнæй  1945 азы 3-æм сентябры онг.

Лалыты Левы ныхæстæм гæс-гæ, куыддæр эпидемиологон уа-вæр фæхуыздæр уа æмæ фæндаг байгом уа, афтæ фæнд кæны Цхинвалмæ æрцæуын æмæ «Дети войны»-йы  майдантæй хуссарирыстойнаг цæрджыты схорзæхджын кæнын. Хуссар Ирыстоны ацы майдан лæвæрд æрцæудзæн 15 адæймагæн æмæ Сталины майдан та –  хæсты аст ветеранæн.

«Хъыгагæн, æнустæм нæ цæр-дзысты хæсты ветерантæ, æр-цæудзæн рæстæг æмæ дзы иу дæр сæрæгас нал уыдзæн æмæ сын уæд сæ хъайтардзинæдты тыххæй рæзгæ фæлтæртæн хъуамæ дзурой сæ сывæллæттæ æмæ уыдоны сывæллæттæ. Ацы майдантæ фæлтæрæй фæлтæрмæ цæудзысты æмæ афтæмæй ни-куы ферох уыдзысты, сæ дадатæ хæсты цы хъайтардзинæдтæ равдыстой, уыдоны тыххæй. Арфæ кæнын дыууæ Ирыстоны цæрджытæн дæр Стыр Уæлахизы 75 азы цытæн! Мæ зæрдæ сын зæгъы, цæмæй макуы уал феной хæст, макуы уал бавзарой хæсты æппæт тæссагдзинæдтæ», – ба-нысан кодта Лалыты Лев.

Ацы диссаджы адæймаг æдзухдæр ис царды гуылфæнты, иу ран æрбадт ын нæй. Æдзух-дæр тырны адæмы зæрдæ барухс кæнынмæ, исты хорздзинад сын саразынмæ. Иу адæймагæн цас йæ бон у архайын, змæлын, хорздзинад æмæ хæлардзинад тауын. Левæ, бантысæд дын ноджыдæр фылдæр саразын. Хуыцау зæгъæд æмæ Левæйы хуызæн адæймæгтæй Ирыстон алы хатт дæр хъæздыг цы уа.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.