Харебаты Леониды райгуырдыл 90 азмæ

Йæ цард æмæ сфæлдыстадон фæндагыл дзæвгар хæрдтæ æмæ уырдгуытæ уыдис. Бирæ зынтæ бавзæрста. Уæддæр, кæуыл бацин кодтаид, уыцы хъуыддæгтæ цъус нæ уыдысты. Адæймаг та уыдоны фарнæй фæцæры æмæ размæ фæцæуы. Леонид, йæ бон куыд у, афтæ фыссæн сисæй лæггад кодта Ирыстонæн, ирон адæм æмæ ирон литературæйæн.

Харебаты Петрейы фырт Леонид райгуырдис 1932-æм азы цыппурсы мæйы 12-æм бон Къахеты, Лагодехы районы Хуыцъейы хъæуы зæхкусæг бинонты ’хсæн. Йæ фыдæлтæ уырдæм хуыздæр цардæнхъæл алыгъдысты, фæлæ сæ зæрдæ уадиссаг ницæмæй барухс. Фыдыбæстæйæ иппæрд адæм сыгъзæринæй цы зæххытæ балхæдтой, уыдоныл дидинæг не ’фтыдтой. Леонид дæр мадæй хæрз сабийæ баззад сидзæрæй. Фыд дыккаг ус æркодта, фæлæ йæхицæн дæр рацæрын нæ бантыст, фæхъуыд хæрз æвзонгæй — 41-аздзыдæй. Фидæны фыссæг сабийæ фæцух мад æмæ фыды уарзтæй, уыд хиуæтты æвджид. Уæддæр ыл алы рæвдауæн дзырд сагъта базыртæ. Йе ’фхæрд зæрдæйыл-иу сæмбæлд хуры тын. Йе ’мдзæвгæ «Фæстаджы хæрзбон»-æй йæ мады æфсымæры рухс ном куы ардта, уæд уарзгæйæ уымæн загъта: «Хæрз сывæллонæй сидзæрæй куы баззадтæн, уæд-иу мæ мæ мады æфсымæр Джусойты Къиазо йæ уæрагыл сæвæрдта æмæ-иу мæ аргъæуттыл ирхæфста».

Фидæны фыссæджы кæд йæ фадат нæ амыдта, уæддæр зындзинæдты ныхмæ ныллæууыд фидарæй æмæ сын нæ куымдта асæттын. Йæ фадæттæ йæ куыд амыдтой, афтæ йæ уд радта чиныгмæ. Гуырдзы Къахеты цæрæг адæмæн нæ мадæлон æвзагыл ахуыр кæныны бар кæй нæ лæвæрдтой, уый тыххæй астæуккаг скъола каст фæцис гуырдзиаг æвзагыл. Уæддæр æй йæ мадæлон æвзаджы уарзт йæхимæ тынгдæр æлвæста. Мады æхсыримæ уый ахъардта йæ туджы, йæ уды уый тæлфыд. Сæрыстырæй уымæн загъта «Ирыстон»-ы:

Æз Къахетмæ дæ ном хъуыстон мæ фыдæлтæй
Æмæ-иу мыл арт сирвæзтис, уæд цины арт.
О, хурджын Ир, фыдæлты зæхх, фыдæлты къуым,
Æрхастон дæм, цæджджинагау, æхсидгæ уарзт!
(«Ирыстон»)

Уыцы æхсидгæ уарзтимæ бацыд 1952-æм азы Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты филологон факультеты ирон æвзаг æмæ литературæйы хайадмæ ахуыр кæ­нынмæ. Каст æй куы фæцис, уæд 1962-æм азмæ куыста ахуыргæнæгæй, дæс азы бæрц уыд газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы, сырæзт бæрнон нымæрдары хæдивæджы онг. Куыста типографы директорæй, чингуыты рауагъдад «Ирыстон»-ы редакторæй, стæй йæ акодтой Хуссар Ирыстоны драмон театры директорæй. Фæстæдæр рауагъдады сæйраг редакторæй, 1992-æм азы та ссис йæ директор. Уыд газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор, стæй — Республикæ Хуссар Ирыстоны Фысджыты цæдисы сæрдары хæдивæг. У культурæйы сгуыхт кусæг. Хицæн рæстæджыты хорзæхджын æрцыд майдан æмæ Кады грамотæтæй… Йæ райгуырдыл 70 азы юбилеймæ райста РХИ-йы орден «Кады нысан».

Леонидæн йæ поэтикон дзуринæгтæ сæйраджы раргом сты йæ фыццаг æмдзæвгæты æмбырдгæндтæ «Æхсæрдзæн» (1961) æмæ «Мæ уарзт»-ы (1964). Ирон чиныгкæсæджы зæрдæмæ уыдон фæрцы ссардта фæндаг. Æвзонг поэт бацархайдта, дæс азы бæрц сфæлдыстадон куысты йæ къухы зæрдæзæгъгæйæ цы бафтыд, уыдон иу æмбырдгондмæ æркæныныл, адæмы рæгъмæ сæ рахæссыныл. Уый фæстæ дзæвгар чингуыты автор баци.

Харебайы фырт не ’фсæст йæ Фыдыбæстæйы рæсугъддзинадмæ кæсынæй. Цин ыл кодта, æмæ йемæ цин кæны ирон чиныгкæсæг дæр:

 

Акæсут-ма хуссарвæрстæм,
Гауызтау æрттивынц.
Акæсут-ма зад быдыртæм,
Цæсты тигътæ исынц.
(«Мæ хæлæрттæм»)

Æвдисы йын йе ’рдзон курдиат.

Леонид, поэтыл куыд æмбæлы, афтæ не ’фсæды йæ Фыдыбæстæйы рæсугъддзинадмæ кæсынæй. Цин кæны æмæ йемæ цин кæны чиныгкæсæг: «Куыд рæсугъд дæ, куыд гауызхуыз, куыд хурæнгæс? Нæ дæ ’взарын — зæхх дæ æви сырх арвырон!» Кæнæ: «Мæ зæрдæйыл зæйтæ рацыд, цины зæйтæ, Фыды уæзæг, мæ Ирыстон, дæ буц фендæй. Кæм ма уыдзæн, дæуау рæсугъд, дæуау адджын Ирон лæгæн æндæр бæстæ, зæгъут мын æй?!» («Ирыстон»).

Леониды дзуринæгтæн сæ сæйраджы сæйраг уыд æмæ у Фыдызæхх. Æгæрыстæмæй йын йæхи кæны цагъар. Куысты фæллад кæй нæ зоны, æрмæстдæр æй уый ирвæзын кæны («Æз дæ цагъар дæн, Ирыстон»).

Йæ Фыдыбæстæйыл уæлæхох чи нæ кæны, хъæбулы уарзтæй йæ чи уарзы, хъæбулы лæггад ын чи кæны, уымæ амонд æнæмæнг бахуды йæ мидбылты. Леониды хъысмæтæй фæцис уыцы амонд, цæмæй йæ фыдæлты зæххы хъарм банкъардтаид ногæй. Йæ фыдæлтæ цардæнхъæл хауæггаг кæмæн фесты, фæстæмæ йæм æрыздæхынмæ сæ былты цъæрттæ чи хордтой æмæ сæ фæдон кæмæ æрцыд, уыцы Фыдызæхх ын у æппæтæй зынаргъдæр — «Дзырдтон: мæ фыдызæххыл ногæй Кæндзынæн хуым, кæндзынæн хуым. Мæ цин мын риуыл арт æфтыдта. Мæ зæрдæйæн йæ худын цыд. Æз хъуыстон хæхты джисхъус дзурын: «Нæ фырт æрцыд, нæ фырт æрцыд!» («Фыдызæхх»).

Æмдзæвгæйы сæйраг хорздзинад уый у, йæ фыдæлты уæзæгмæ, ногæй дзы билцъ ауадзынмæ кæй æрыздæхт: «кæндзынæн хуым, кæндзынæн хуым», хæхтæн æрмæст йæхæ­дæг нæ, фæлæ хъуамæ йæ «туджы цъыртт ысуа сæ уарт». Æмдзæвгæйы уый у сæйраг, ногæй та фыдæлты зæххыл ахæм хъуыдыимæ уый тыххæй скодта арт.

Поэты бæллиц у, «хуры тынтау, хæхтыл амонд тауын». Лирикон хъайтар йæ Фыдызæххæн уымæн уырнын кæны: «Уарзын, мыдыбындзау, Иры чыргъæдмæ мыд хæссын» («Уарзын»); «Æз дæ къæбицмæ, Кусæг цъæх мæлдзыгау, Алхатт хæсдзынæн Æргъом» («Ирыстон»).

Алчи дæр зоны, цард фæллойы фæрцы кæй рæзы, фæлæ алкæй нæ фæнды йæхи фæлмæцын кæнын. Аивады кусæг æппынæдзух куысты лæуд куы нæ уа, йæ хъуыдыйы фæрцы йæ зæрдæйы арф æвæрæнтæм куы нæ æвнала, уæд йæ къухы ницы бафтдзæн. Адæймаг йæ ныхасыл йæхæдæг куы ’ууæнда, уæд æм исчи дæр æрыхъусы. Æртындæс коммунарæн 1920-æм азы нæ цыфыддæр знæгтæ Згъудеры къуылдымыл сæ хуры рухс куы ахуыссын кодтой, уæд Ирыстоны мады зæрдæ фæцис æртындæс цæфы. Арв ыл æрталынг æр­тындæс хатты.

Поэты Ирыстоны уарзт дзурын кодта поэты гуырдзиаг-ирон хæсты рæстæджы, гуырдзиаг адæм ирон адæмæн цы фыддзинæдтæ арæзтой, уыдон ныхмæ дæр. Æмæ æнæсдзургæ цы уыдис, уыдон æнахъинон митæм кæсгæйæ. Æрмæст, сæ ныхмæ чи лæууы, Ирыстонмæ сæ чи нæ уагъта, уыцы хæстонты нæ мардтой. Ирон у: саби уа æви зæронд, нæлгоймаг уа æви сылгоймаг — мардтой алкæй дæр. Поэты зæрдæ баризын кодта, гуырдзиаг куыйдзых Цхинвалы районы Хелцуайы цæрæг зæронд усы къухыл сыгъзæрин къухдарæн куы ауыдта, уæд æм куыд фæлæбурдта: æфтауын ын куынæ куымдта, уæд æнгуылдз куыд ахауын кодта. Уый тыххæй фæрсы лæгмары мады дисгæнгæ, ома, ау, ахæм тугхор мады гуыбыны сæвзæрд: «Дзидзи йын искуы дардтай?»; «Ныр цы къухдарæн бакæныс, — Никуы дæ судзы й’азар?! Цал дæм æрхаста ахæмтæ, Цалæй дзы кæныс базар?» («Къухдарæн»).

Амонды, стыр амонды хъуыддаг у раттæг адæм, Фыдызæхх, фарны уацары уæвын. Бирæ уарзын чи зоны, уымæн йе ’нæуынондзинад дæр бирæ вæййы.

Æмбæстагон темæйыл фыст уацмыстæ чиныгкæсджыты зæрдæтæм иууыл тынгдæр цæй тыххæй фæарынц фæндаг, уыдонæй иу миниуæг у, адæймаджы уды рис аивады хуызы кæй равдисы йæхи, уый. Фыссæг æнахъом сабийæ кæй фæцух мады, стæй та фыды рæвдыдæй, уый йæ зæрдæйы баззад æргом хъæдгомы хуызæнæй. Сæ уарзт йæ риуы сыгъд, артыл дымгæ куыд ныдзæва, уыйау. Кæй зæрдæ нæ бангæстæ уыдзæнис «Мад» кæнæ «Фын» кæсгæйæ.

Фыссæджы сфæлдыстады аккаг бынат бацахстой йæ романтæ «Уарзт æмæ денджыз», «Сыгъдысты зæрдæтæ», стæй йæ сабитæн фыст æмдзæвгæтæ, радзырдтæ, кадджытæ. Йæ уацмыстæ йын уæлдай цымыдисондæр æмæ зæрдæмæдзæугæдæр кæнынц, фæлмæн юмор дзы кæмæ хæццæ кæны, уыдон.

Хъазиты Мелитон, Профессор