Хуссар Ирыстон фæхондзæн сириаг парламентариты, цæмæй сæ хъус дарой 2019 азы парламентон æвзæрстытæм, – фехъусын кодта Мæскуыйы «РИА Новости»-йæн хуссарирыстойнаг закъондæттæн органы æддагон политикæйы фæдыл комитеты сæрдар Коцты Игорь.

«Мах куыдфæндыйæ дæр ахæм хонæн арвитдзыстæм, цæмæй нæ сириаг коллегæтæ уой хъусдарджытæ æвзæрстыты рæстæджы», – загъта Коцы фырт, куы дзуапп кодта ахæм фарстыл, зæгъгæ, Цхинвалы план кæнынц парламентон æвзæрстытæм фæхонын САР-ы минæвæртты хъусдарджыты хуызы.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, абон боны фæткы ис дыууæ бæстæты парламентты ‘хсæн æмгуыстады фæдыл сразыдзинадыл къухтæ æрфыссын. Уый банысан кодта, сириаг парламентариты кæй фæхуыдтой Хуссар Ирыстонмæ.

«Ахæм визит план кæнæм. Мах ныфс ис, уый тагъд рæстæджы кæй уыдзæн», – банысан кодта Коцты Игорь.

Уый ма банысан кодта, хуссарирыстойнаг парламентариты кæй цымыдис кæны сириаг коллегæтимæ æхсæнпарламентон æмгуыстад райрæзын кæныны фарст.

«Мах фæнды, цæмæй Сирийæ нæ коллегæтæ æрцæуой махмæ æмæ базонгæ уой нæ цардимæ, нæ паддзахадимæ, не ‘рдзы рæсугъддзинадимæ. Æмæ сæ мах тынг зæрдиагæй райсдзыстæм», – загъта уый.

Раздæры парламентон æвзæрстытæ уагъд æрцыдысты 2014 азы. Хуссар Ирыстоны закъондæттæн органмæ радон æвзæрстытæ уагъд æрцæудзысты 2019 азы.

Ацы аз 29 майы Сири банымадта республикæйы хæдбардзинад. Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли июлы уыдис Сирийы официалон визитимæ æмæ фембæлд САР-ы лидер Башар Асадимæ. Уыдон сæ къухтæ æрфыстой хæлардзинад æмæ æмгуыстады фæдыл бадзырдыл.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.