Ацы аз 23 июлы  Сириаг Арабаг республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Валид Муаллем æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Медойты Димитр сириаг горæт Дамаскы сæ къухтæ æрфыстой дыууæ паддзахадты ‘хсæн дипломатон ахастытæ сфидар кæныны фæдыл сразыдзинадыл. Ацы дипломатон къахдзæф саразыны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатолийæн уыд официалон балц Сиримæ, цыран фембæлд Сириаг Арабаг Республикæйы лидер Башар Асадимæ. Уыцы фембæлды рæстæджы къухтæ бафыст æрцыд æмгуыстад æмæ хæлардзинады фæдыл бадзырдыл.

Сириаг парламентæй куыд хъусын кæнынц, афтæмæй фидар æрцыд закъоны проект, кæцыйы ис хæларад æмæ æмгуыстады фæдыл бадзырд сратификаци кæныны тыххæй пункт.

Банысан кæфын хъæуы уый, æмæ ацы аз майы мæйы Сириаг Арабаг Республикæ кæй банымадта Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Республикæты паддзахадон хæдбардзинад. Дыууæ бæстæты лидерты фембæлды фæстæ уыдон сæ къухтæ æрфыстой къорд сразыдзинæдтыл, кæцытæ ахазгæнæг суыдзысты дыууæ бæстæйы æмархайдæн.

Афтæ ма Уæрæсейы Федерацийы Сириаг Арабаг Республикæйы минæвар Риад Хаддад фехъусын кодта, зæгъгæ, æввахс рæстæджы баконд æрцæудзæн Республикæ Хуссар Ирыстоны сæйраг горæт Цхинвалы Сириаг Арабаг Республикæйы минæварад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.