РХИ-ЙЫ ПАРЛАМЕНТЫ СÆРДАР ГАССИТЫ ПЕТР: СИРИ ХУССАР ИРЫСТОНЫ КÆЙ БАНЫМАДТА, УЫЙ БАФИДАР КОДТА РХИ-ЙЫ РАЗАМЫНАДЫ ÆДДАГПОЛИТИКОН СТРАТЕГИЙЫ РАСТДЗИНАД

Хуссар Ирыстоны Парламенты спикер бузныджы ныхæстæ загъта Сириаг Арабаг Республикæйы разамынадæн æмæ сæрмагондæй Башар Асадæн, РХИ-Паддзахад Аланийы хæдбардзинад кæй банымадтой, уый тыххæй.

Гасситы Петр куыд фехъусын кодта, афтæмæй Сирийы архайдтытæ фенын кодтой, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинады дунеон банымады процесс дарддæр кæй цæуы.

«Гуырдзыстон æмæ йе ‘вварсхæцæг ныгуылæны бæстæтæ Хуссар Ирыстоны дунеон банымад ма ‘руадзыныл куыдфæнды ма архайой, уæддæр ацы процессæн ис, фæивæн кæмæн нæй, ахæм характер. Тбилисæн ма баззад æрмæстдæр, цæмæй сразы уа уыимæ. Дипломатон ахастытæ фехалынæй уыдон никæйы фæтæрсын кæндзысты», – банысан кодта РХИ-йы Парламенты спикер.

Уый ма афтæ банысан кодта, зæгъгæ, нæ Сири кæй банымадта, уый бафидар кодта республикæйы ныры разамынады раст æддагполитикон стратеги.

«Æндæр бæстæты минæвæрттимæ контакттæ зынгæ кæй тыхджындæр кæнынц, уый дæтты фæстиуджытæ, дунеон аренæйы Хуссар Ирыстоны позицитæ фидардæр кæнынæн ахъаз кæнгæйæ», – загъта Парламенты Сæрдар.

Сириаг Арабаг Республикæйы хицауиуæгады уынаффæйы Гасситы Петр рахуыдта ахъуыдыгонд æмæ бæрнон архайд, кæцы ногæй сбæлвырд кодта, Дамаскæн йæ бон кæй у æддагон политикæйы Ныгуылæны бæстæты ныхмæ фæлæууын.

«Сири фæстаг азты ссис АИШ-ы сæргълæудæй Ныгуылæны æмæ се ‘вварс чи хæцынц, уыцы террористон къордты экспансийы ныхмæ лæууыны символ. Йæ суверенитеты сæрыл бирæазон æхсарджын тох æмæ Сириаг Арабаг Республикæйы национ интерестæ дунеон аренæйы фæдфæдылонæй хъахъхъæнын æппæт хуссарирыстойнаг æхсæнадмæ райдианæй фæстæмæ æвзæрын кæнынц æвварсхæцынад æмæ æмзæрдæдзинад. Ныр, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад банымайыны тыххæй уынаффæйы фæстæ, нæ бæстæты ницыуал хъыгдары æхсæнпаддзахадон ахастытæ æххæстбæрцæй рæзын кæнынæн», – банысан кодта Гасситы Петр.

Хуссар Ирыстоны Парламенты спикер ма йæ цæттæдзинад равдыста Сириаг Арабаг Республикæйы закъондæттынадон органимæ æхсæнпарламентон æмгуыстад рæзын кæнынмæ.

«Æмбæлон æхсæнпаддзахадон сразыдзинæдтыл къух æрфыссыны фæстæ мах æрæвналдзыстæм сириаг закъонфæлдисджытимæ æмгуыстад æрбæстон кæнынмæ, кæцы ахъаз кæндзæн нæ бæстæты ‘хсæн ахастытæ дарддæр фидардæр кæнынæн», – кæронбæттæны загъта Гасситы Петр.

 

РХИ-ЙЫ ПАРЛАМЕНТЫ ДЕПУТАТ ГÆБÆРАТЫ ЮРИ: СИРИЙЫ ФАРСÆРДЫГÆЙ ХУССАР ИРЫСТОНЫ БАНЫМАЙЫН УЫДИС НÆ ÆДДАГОН ПОЛИТИКÆЙЫ ФÆДФÆДЫЛОН АРХАЙДТЫТЫ ФÆСТИУÆГ

Сириаг Арабаг Республикæ Хуссар Ирыстоны кæй банымадта, уый уыд рæнхъон фæзынд æхсæнпаддзахадон ахастыты. Уый уыдис нæ æддагполитикон ведомствойы фæдфæдылон архайдтыты фæстиуæг, нæ паддзахаддзинад фидардæр кæй кæны æмæ раст фæндагыл лæуд кæй стæм, уыдонæн æвдисæн, – фехъусын кодта РХИ-йы Парламенты депутат Гæбæраты Юри.

Уый ма афтæ банысан кодта, зæгъгæ, æндæр уавæрты ацы цау райсæн уыд хиуылхæцгæйæ, æнæ уæлдай эмоцитæй.

«Ныр та ацы цауæн радтам сенсацион хуыз. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ Сиримæ абон алчидæр йæ хъус дары, æппæт Æввахс Скæсæны регионы политикон тох Сирийы цæуы. Уымæ гæсгæ сириаг разамынады æппæт архайдтытæм ис уæлдай цымыдисдзинад», – загъта Гæбæрайы фырт.

Парламентари ма куыд загъта, афтæмæй Хуссар Ирыстоны банымайыны тыххæй Дамаскы уынаффæйы бамбарæн ис дыууæ факторæй. «Фыццаджыдæр, Сириаг Арабаг Республикæ, куыд нæ Республикæ, афтæ бирæ рæстæджы кодта тугкалæн тох æддагон тыхтимæ йæ сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæрыл. Уыимæ ма рох кæнын нæ хъæуы, Сирийы кæй ис иууыл фылдæрнымæц диаспорæ Турчы фæстæ. Бирæ сириаг ирæттæ схызтысты бæрæг æхсæнадон æмæ профессионалон бæрзæндтæм æмæ сæ бон у æндавай хицауадон уынаффæтыл», – банысан кодта депутат.

Фæлæ, Гæбæрайы фырты ныхæстæм гæсгæ, ахæм æмбæрстгонд æхсæнпаддзахадон æввахскæнынад кæмæндæрты æхсызгон нæ уыд.

«Ацы хъуыддаджы уæлдай тынгдæр фесгуыхт Гуырдзыстоны политикон-националистон разамынад. Ам бынтондæр ссонт сты æмæ уымæ æнхъæлмæкæсæн дæр уыдис. Тбилисы хъуамæ цæттæ уой уымæ æмæ Хуссар Ирыстоны æмæ Абхазы банымайыны процесс дарддæр кæй цæудзæн – рады сты 200 бæстæйы бæрц. Æмæ алы хатт уый фæдыл иттæг кæуын æмæ хъæрзын нæ хъæуы, æнæниздзинадыл уæддæр ахъуыды хъæуы.

Махæй та алкæмæн дæр хъæуы раарфæ кæнын нæ дипломатийы радон уæлахизы тыххæй. Æгас цæуæт сириаг-хуссарирыстойнаг хæлардзинад!», – бафтыдта ма йæ ныхасмæ Гæбæраты Юри.

РХИ-ЙЫ ПАРЛАМЕНТЫ ДЕПУТАТ ЦОЦИТЫ ИГОРЬ: ДУНЕОН ÆМÆХСÆНАДЫ ‘РДЫГÆЙ ХУССАР ИРЫСТОНЫ БАНЫМАЙЫН У, ФÆИВÆН КÆМÆН НÆЙ, АХÆМ ПРОЦЕСС

29 майы Республикæ нысан кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Хæдбардзинады Акт райсыныл 26 азы сæххæсты бон æмæ нын уый ссис дывæр бæрæгбон, Сири æмæ Хуссар Ирыстон кæрæдзийы хæдбардзинад кæй банымадтой, уымæ гæсгæ, – фехъусын кодта РХИ-йы Парламенты депутат Цоциты Игорь.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад дунеон æмæхсæнад кæй нымайы, уый у, фæивæн кæмæн нæй, ахæм процесс æмæ никæмæй кæнгæ у, уыцы нымæцы Гуырдзыстонæй дæр.

«Фæнды мæ зæгъын, Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы Сири кæй банымадта æмæ паддзахадты ‘хсæн дипломатон ахастытæ кæй сарæзтæуыд, уый у, дунеон æмæхсæнады ‘рдыгæй, фæивæн кæмæн нæй, ахæм банымад дарддæр кæнын æмæ уый у хорз хъуыддаг», – загъта парламентари.

Цоциты Игорь ма банысан кодта, зæгъгæ, Гуырдзыстонæн хорз уаид, цы цау æрцыд, уый æмбæлонæй райсын æмæ йæхи ма æруадза Уæрæсейы ныхмæ гуымир политикон ахаст æвдисынмæ.

«Гуырдзыстоны политикон элитæ зæрдæрисгæйæ райста, Сири Хуссар Ирыстоны кæй банымадта, уыцы цау æмæ уый æнæхъуаджы нæу – Сириаг Арабаг Республикæ хъазы стыр роль Æввахс Скæсæны регионы. Æз бацамонин нæ хуссайраг сыхæгтæн, цæмæй сахуыр уой дунеон процесстæм адекватонæй кæсыныл, хъахъхъæной бæлвырд фæлгæтты уагахасты фæтк æмæ аккагæй исой абоны реалитæ, кæд сæ зæрдæйы равгæн æххæстæй дзуапп нæ дæттынц, уæддæр», – банысан кодта уый.

РХИ-йы Парламенты информацион-аналитикон управлени

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.