Стыр цымыдисимæ æнхъæлмæ каст дунеон æмæхсæнад Сириаг Арабаг Республикæйы президентон æвзæрстытæм. Демократийы гамхуды бын бæстæ туджы лæсæнтæ  фæкæнынмæ чи хъавы, уыцы æнæдемократон Америкæ æмæ йе ‘мхъузон ныгуылæйнаг бæстæтæ рагацау загътой, Сирийы уагъдцæуæг æвзæрстытæн цыфæнды фæстиуæг ма уа, уæддæр сæ кæй нæ банымайдзысты… Æмæ, зæгъæм, Башар Асад нæ рамбылдта, фæлæ сæхи чи фæндыд, ахæм æндæр кандидат, уæддæр сæ нæ банымадтаиккой, сæхи нал басастаиккой?.. Сæ цæсгом дæр нæ фæсырх уыдаид, афтæмæй!..

Æниу дызæрдыг ничи кодта, Башар Асад кæй фæуæлахиз уыдзæн, ууыл, фæлæ ахæм уæлахиз æнæнхъæлæджы хабар у – иуæй-иу информацион гуырæнты развæлгъау бæрæггæнæнтæм гæсгæ 95 проценты бæрц…

Уый у Уæрæсейы, номхуындæй Путины уæлахиз. Башар Асады Саддам Хусейн æмæ Муаммар Каддафийы фæдыл арвитынмæ чи хъавыд, уыдонæн сæ фæндтæ уый фæбадын кодта сæ хъуыры, уый фервæзын кодта Сирийы,  бынтон куынæгмæ йæ чи æркодтаид, уыцы хæстæй, уый йæ нæ бауагъта аныхъуырын. Уым, кæй зæгъын æй хъæуы, Башар Асадæн йæхи хайбавæрд дæр стыр у. Уымæ поли-тикон дардмæуынындзинад куынæ разындаид, кæй хал ахæрын кæнын-мæ йын хъавыдысты, уыцы лидертау куы фæтарстаид æмæ Уæрæсемæ æххуысмæ куынæ бахатыдаид, уæд æй, зын у йæ зæгъын дæр, фæлæ Саддам Хусейны ауындзæн бæндæнæй раджы æрцауыгътаиккой.

Фæлæ, хъыгагæн, рæстаг адæймагад дæр нал зоны ахæмтæн аргъ кæ-нын. Уæрæсейæн æрмæст йæхи ми-дæг нæ, фæлæ ма махмæ дæр куы разынд ахæмтæ, Путины хурхмæ ма-рæн кæрдтæ чи ныддардта. Адæмæн, дам, рæстмæ пенситæ нæй, уый та дам, дунейы финансон æмæ хæстон фæрæзтæ Сирийы ныххардз кодта, йæ адæмы къухы, дам, мæгуыры лæдзæг ныссагъта.

…Дæ сыхаджы цæхæрадонмæ залиаг калм куы баирвæза, уæд дæ цæхæрадоны исты байтауыныл æмæ тыллæг æркæныныл мауал хъуамæ хъуыды кæнай, фæлæ дæ тыхтæ, дæ фæрæзтæ иууылдæр дæ сыхагæн баххуыс кæнынмæ саразыныл. Уымæн æмæ уыцы калм дæ сыхаджы цæхæрадоны куы ‘рбынат кæна, уæд сом та дæ цæхæрадонмæ æрбалæсдзæн æмæ дын дæ бинонты скуынæг кæндзæн.

Уæлдайдæр та уыцы калмæн йæ хъавд дæ цæхæрадонмæ куы уа, дæ сыхаджы цæхæрадон æй æрмæстдæр йæхи дыл кæцæй ныххуырса, ахæм стратегион бынатæн куы хъæуа, уæд…

Фылдæр кæмæн ис, уый зыддæр у, уый бынтон нал фæзоны æфсис. Америкæйы Иугонд Штаттæ дæр сæхимæ истытæ æнæбассивгæ нæ фæуыдаиккой Сирийæ, фæлæ сæ Уæрæсейы ныхмæ плацдармæн кæй хъуыд, ууыл дызæрдыггæнæн нæй.

Гуырдзыстон дæр сæ æндæр ницæмæн хъæуы æмæ Украинæ дæр, фæлæ йæ уыдон кæронмæ кæнæ бынтондæр не ‘мбарынц æмæ сæхигъæдæй лæсынц калмы дзыхмæ. Фæлæ алкæмæн йе ‘мбисонд – йæхи. Фæзмын хъæуы, зондджындæр чи у, цардмæ бæрнондæр цæстæй чи кæсы, уыдоны.

Сирийы хъæлæсдæттыны процесс цыдис суанг æмбисæхсæвтæм. Æвзæрстыты фæстиуджытæ бæрæггонд цæуынц нырма дæр, фæлæ Башар Асады фарсхæцджытæ сæ уæлахиз нысан кæнын райдыдтой развæлгъау. Адæм æнæхъæн æхсæв тезгъо кодтой уынгты, цин кодтой сæ бæрæгбоныл, сæ уæлахизыл. Æвзæрстыты хайад райста сириæгты 80 проценты бæрц. Æвзарæн компанийы рæстæджы аналитикты фылдæр хай дзырдтой, Башар Асад кæй райсдзæн æвзарджыты хъæлæсты 80-90 проценты.

Сирийы адæмы бæрæг фылдæр хай æцæгæйдæр сты Башар Асады фарсхæцджытæ, кæд фæстаг азты сæ царды уавæр тынг ныллæг æмвæзадмæ æрхауд, уæддæр.

Адæм æвзарынц фæлхасадон товарты стыр хъуагдзинад, нæй æртаг, сæ царды æмвæзад, сæйраджыдæр, баст у  Уæрæсейы Федерацийы гуманитарон æххуысыл. Милуангай адæймæгтæ фесæфтой сæ куысты бынæттæ, нæй сын царды фæрæзтæ, маамæлайы къæбæр. Фæлæ хæцынц Башар Асады æвварс, уымæн æмæ йæ æмбарынц, уый цæст сын куы нал æрттива, уæд бынтон кæй фесæфдзысты.

Сириаг адæм æмбарынц, Башар Асады режимы стабилондзинад кæй у Уæрæсейы Федерацийы фарсхæцынады фæрцы, æмæ йæ æмбæхсгæ дæр нæ кæнынц. Гуманитарон нысæнттæн æндидзыд æрцыд электронон æмæ сæудæджерадон рауагъдад. Æрмæст Сирийы динон культмæ хауæг объекттæ сæндидзын кæныны тыххæй Уæрæсе рахицæн кодта иу миллиард сомæй фылдæр фæрæзтæ. Фондз азы дæргъы Уæрæсейы Федераци Сирийы Арабаг Республикæйы сæндидзын кодта 975 ахуырадон æмæ 246 медицинон уагдоны. Арæзт æрцыд мингай километры электронон хæххытæ æмæ фæндæгтæ.

Фæлæ Сирийы, социалон хызæгты анализмæ гæсгæ ис ахæм адæм дæр, кæцытæ Уæрæсейы æххуысгæнæгæй нæ уынынц, фæлæ сомбоны знагæй. Уыдон сты, ныгуылæйнаг пропагандæйы æндæвдады бын чи бахауд, ахæмтæ, кæцытæн дзурынц, уырнын сын кæнынц, зæгъгæ, Уæрæсе Сиримæ æххуыс кæныны æфсон æрцыд, цæмæй йын йæ нефт, йæ наулæууæнтæ, заводтæ æмæ улæфæндæттæ йæхи бакæна.

Фæлæ бæлвырд у, бæстæйы сæргъ 20 азы чи лæууы, уыцы лидер Башар Асад Сирийæн нырма авд азы бæрц кæй къухдариуæг кæндзæн. Æмæ уыцы азтæ гæнæн ис суой Сирийы рæзты цардивæн азтæ, уыцы нымæцы – æддагполитикон равзæрсты хъуыддаджы дæр. Æмæ зæрдыл дарын хъæуы,  Æввахс Скæсæйнаг политиктæ сæ къух кæуыл нæ исынц, уыцы прагматикон æууæлты дæр. Зæрдыл дарын хъæуы уый дæр, Америкæйы Иугонд Штатты ног президент Джо Байден кæй фæнд кæны Æввахс Скæсæны активондæр политикон архайд райтынг кæнын, «сириаг фæдыздæхты Трампы рæдыдтытæ» сраст кæнын. Нæ хъæуы рох кæнын уый дæр, æмæ ныры къуындæг æмæ хæццæ дуджы Уæрæсейы фæсауæрцтæ дæр искуы кæй фæуыдзысты. Стæй хъуыдыйаг у уый дæр, цы уыдзæн Асады фæстæ, уымæн æмæ ацы уæлион дунейы æнусон ницы ис. Æниу… Путины фæстæ нæм цы æнхъæлмæ кæсы, уый ноджы катайагдæр æмæ хъуыдыйагдæр куы у, фæлæ махæн цы нæ бон у… Кæнæм уал абоны кой, аразæм, абон æнæсаразгæ цæмæн нæй, уый, къæрцхъус уæм царды алы фæзылдмæ дæр… Сирийы абоны уæлахиз бирæбæрцæй у мах уæлахиз дæр, уымæн æмæ нæ политикон царды Уæрæсейы банымады фæстæ иууыл ахсджиагдæр бынат уыдзæн, нæ паддзахадон хæдбардзинад нын Сириаг Арабаг Республикæ кæй банымадта, уымæн, нæ хæдбардзинад нын Латинагамерикæйаг æмæ Сабырокеанаг бæстæтæ иууылдæр куы банымайой, уæд-дæр…

Мах уал абон федтам, сириаг адæм сæйраг бынаты сæ мæгуыр цард, сæ тыхст уавæр кæй нæ сæвæрдтой, фæлæ сæ национ интерестæ, сæ фыдыбæстæйы хъысмæт.

Æмæ уый тынг ахсджиаг у…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.