Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта 2019 азы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы реализацийыл контролы фæдыл штабы радон рабадт. Æмбырды куысты хайад райстой Арæзтад, архитектурæ æмæ Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, йæ хæдивджытæ Гаглойты Сергей æмæ Гуыцмæзты Илья, афтæ ма подрядон æмæ арæзтадон организациты минæвæрттæ, кæцытæ архайынц æндидзынгæнæн куыстыты.

Зæгъойты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ, ацы аз 2018-2019 азты, Инвестицион программæйы реализацийы фæлгæтты газы ног коммуникациты реконструкцийы фæдыл куыстытæ уагъд цæуы столицæйы аст уынджы, сæрмагондæй, Уæлахизы, Лермонтовы, Гаглойты Рутены, Тельманы, Гафезы, Остъаты æфсымæрты, Харебаты Исахъы (Сталин æмæ Тельманы уынгты ‘хсæн) уынгты æмæ Джиоты А.-йы уынджы фæзилæны.

Пухаты Эрик æрæмбырдуæвджытæн бахæс кодта, цæмæй сæ хъус дарой, газы хызæгтæ ивыны фæдыл куыстыты гъæдмæ, уы-мæн æмæ уыдоныл баст у цæрджыты цардуагон лæггæдты æмвæзад.

Æмбырды рæстæджы арæзтадон организаци «Гарант Групп»-ы директор Александр Березнев æрæмбырдуæвджыты базонгæ кодта, Тугъанты Махарбеджы уынджы Хуссар Ирыстоны фæмардуæвæг хъахъхъæнджыты Мемориалон комплексы арæзтад куыд цæуы, уыимæ.

«Ныртæккæ конд цæуынц цæттæгæнæн куыстытæ фундаменты арæзтадæн, проектон документаци æмæ сметæйон хыгъдтæм гæсгæ техникон нормæтæ бахынцгæйæ», – банысан кодта генподрядчик.

Проект йæхæдæг у, йæ дæргъ 30 метр æмæ йæ бæрзæнд та 6 метр кæмæн уыдзæн, ахæм конструкци. Монумент арæзт цæуы 2019 азы Инвестицион программæйы фæлгæтты. Планмæ гæсгæ объект арæзт хъуамæ фæуа ацы азы фæззæджы райдианы.

Монументы алыварс территори дæр схæрзарæзт кæндзæн æмæ йæ цъæхдарæнтæй сфæлындздзæн ацы арæзтадон компани.

Хицауады Сæрдар æрæмбырдуæвджытæн бахæс кодта, цæмæй горæт Цхинвалы Стыр парчы, спортивон комплекс «Олимп»-мæ æввахс хæрзарæзтадон куыстыты темптæ фæцырддæр кæной.

«Инспекцион азылды рæстæджы æз уыдтæн  æмæ федтон парчы арæзтадон куыстытæ цы территорийыл æххæст цæуынц, уый. Банысан кæнын мæ фæнды уый, æмæ куыстыты темптæ  хуыздæрхъуаг кæй сты. Кусын хъæуы интенсивондæр режимы», – банысан кодта Пухаты Эрик.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.