Пухаты Эрикы сæргълæудæй Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады рабадты уынаффæ цыд паддзахадон арæнтæ, сæудæджерадон фадыджы техникон æмæ экологон æдасдзинад бахъахъхъæныныл, афтæ ма сфидар кодтой фæцæрыны минимум.

Пухаты Эрик æрæмбырдуæвджыты хъусдард аздæхта къухдариуæггæнджыты бæрндзинады темæмæ Хицауад цы закъондæттæн акттæ райсы, уыдон æххæст кæныны тыххæй.

«Курæг уæ дæн, цæмæй лæмбынæг хъусдард здахат бадзырдтæм æмæ уынаффæтæм, цæмæй контроль кæнат уыдонæй уæ дæлхыгъдон фадыджы куыд пайда чындæуы, уымæ. Закъæттæ исæм, цæмæй уыдон æххæст цæуой»,  – банысан кодта министрты кабинеты сæргъ-лæууæг.

Дарддæр Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой «Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон арæн хъахъхъæныны фадыджы фæткхалæнты фæдыл административон бæрндзинады тыххæй» закъоны проект. Уый бæрæг кæны паддзахадон арæн фехалыны тыххæй  ивартæ фæфылдæр кæнын.

Докладгæнæг, Паддзахадон æдасдзинады комитеты арæнгæрон службæйы къухдариуæггæнæджы хæстæ æххæстгæнæг Алиханты Валерий куыд банысан кодта, афтæмæй иварты ныры бæрцтæ, кæцытæ фидар æрцыдысты УФ-йы административон фыдракæндты кодексмæ гæсгæ, ницы ахадгæ сты.

«Закъоны проекты нысан у фæткхалыны нымæц фæкъаддæр кæнын административон æндæвдад фæкарздæр кæнгæйæ. Фæкарздæргонд ивартæ хъуамæ фæбæрзонддæр кæной паддзахадон арæныл архайæг барадон режим фехалыны тыххæй бæрндзинад. Фæфылдæр уыдзысты æф-тиæгтæ республикæйы бюджетмæ дæр», – банысан кодта уый.

Афтæ ма æркастысты æмæ сфидар кодтой сæудæджерадон æдасдзинад, зæххы бын хъæздыгдзинæдтæ æмæ энергетикæйы фадыджы паддзахадон цæстдард æххæст кæныны уагæвæрдыл.

Зæххы бын хъæздыгдзиæнæдтæй пайда кæныны фарстыл, сæйраджыдæр, Леуахийы цæугæдоны донвæды хуыры æфтиагыл дзургæйæ, Пухаты Эрик бахæс кодта паддзахадон Технологон-экологон цæстдарды комитетæн, цæмæй ацы процессмæ цæуа лæмбынæг хъусдард.

«Æвæтк куыстытæй зиан æййафы донгæроны æнæхъæн экосистемæ. Æнауæрдонæй змæст кæй цæуы, уый халы цæугæдоны æмуæзад æмæ  хус кæны. Уымæн æруадзæн нæй», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Уымæй уæлдай ма, фидаргонд æрцыд «Дыккаг æмæ фылдæр сывæллæттæн афæдз æмæ æрдæджы онг æрвылмæйон æххуыс снысан кæныны æмæ фидыны фæтк, кæцыйы бæрц у 2 мин сомы æмæ фыст цæуы 2018 азы январæй фæстæмæ. Раздæр уый фыст цыд æртыккаг сы-вæллонæн.

Дарддæр Хицауады уæнгтæ сфидар кодтой «Паддзахадон санитарон-эпидемиологон нормæ æвæ-рыны тыххæй уагæвæрдтæ». Фæл-хасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæрдар Гаглойты Аннæйы ныхæстæм гæсгæ документ баст у цæрджыты санитарон-эпидемиологон фæрныгад сифтонг кæнынимæ, æрдзы æдас-дзинад æмæ адæймаджы æнæниз-дзинадæн æнæзиан цæрæн бынат сифтонг кæнынимæ.

Рабадты рæстæджы ма Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Гæбæраты Иналы фæндонмæ гæсгæ рахастæуыд уынаффæ Паддзахадон бюджетон бæстыхай Сывæллæтты-фæсивæды спортивон дзюдойы скъола  саразыны тыххæй.

«Хъуамæ ацы хъæппæрисы фарс æр-лæууæм, кæцы здæхт у рæзгæ фæлтæры æнæниздзинад бахъахъхъæнын, спорт æмæ æнæниз цардуаг парахат кæныны ‘рдæм», – загъта Пухаты Эрик.

 

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта радон æмбырд РХИ-йы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг 2018-2019 азæн Инвестицион программæ реализаци кæныны фарстаты фæдыл.

Хицауады Сæрдар подрядон организациты минæвæрттæй æрдомдта, цæмæй лæмбынæг хъусдард аздахой арæзтадон процессы гъæдмæ, афтæ ма профилон министрадтæ, ведомствæтæ, объектты заъказгæнджытимæ документаци рæстæ-гыл саразынмæ.

«Сæйраг у, цæмæй арæдтадон процессы æппæт министрадтæ æмæ ведомствæтæ кусой, куыд иу механизм. Æрмæст ахæм уавæры, гæнæн ис æмæ нын уа æвæрццаг фæстиуджытæ. Арæзтады процессы уæвæн нæй къуыхцыдзинæдтæн», – банысан кодта Пухаты Эрик.

Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард фехъусын кодта Хицауады Сæрдарæн арæзтадон-цалцæггæнæн куыстыты тыххæй. Уый банысан кодта, æппæт куыстытæ æххæст кæй цæуынц проект æмæ сфидаргонд графикмæ гæсгæ.

Æмбырды хайадисджытæ кусæгон уавæрты уынаффæ кодтой республикæйы районты  электроны хызæгты модернизацийыл, Коцты Гри æмæ Къуайсайы уынгты хæрзарæзтады куыстытæ соптимизаци кæныны тыххæй электроадæттæн хæххыты быцæутæ ахæссыны фадат, афтæ ма Дзауы поселочы РХИ-йы Президенты Резиденцийы бæстыхаймæ бацæуæн фæндагмæ бырутæ саразыны тыххæй.

Æмбырыды куысты хайад райстой РХИ-йы арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæстæ æххæстгæнæг Зæгъойты Эдуард, йæ хæдивæг Гаглойты Сергей, Автомобилон фæндæгты арæзтад æмæ эксплуатацийы фæдыл комитеты сæргълæууæг Гуыззыдтаты Эдуард, афтæ ма Инвестпрограммæйы объектты арæзтадон-цалцæггæнæн куыстыты цы подрядон организациты къухдариуæггæнджытæ архайынц, уыдон

Республикæ Хуссар Ирыстоны

Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.