Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик ауагъта 2019 азы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы реализацийыл контроль кæныны фæдыл штабы рабадт. Рабадты хайад райста Хицауды Сæрдары хæдивæг,  Экономикон рæзты министр Бекъойты Геннади, Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, йæ хæдивæг Гуыцмæзты Илья, афтæ ма цалцæггæнæн куыстыты хайад чи исынц, уыцы подрядон æмæ арæзтадон организациты минæвæрттæ.

Боны фæткыл дзургæйæ, Хицауады Сæдар банысан кодта, зæгъгæ, арæзтадон-цалцæггæнæн куыстытæ хъуамæ графикмæ гæсгæ æххæст цæуой æрбалæугæ бæрæгбонтæм нæ кæсгæйæ.

«Æрбалæугæ дыууæ къуырийы ис бирæ бæрæгбонтæ, фæлæ уæддæр мах æппæт объектты фæдыл дæр хъуамæ куысты фæстиуджытæ фенын кæнæм. Ис бæрæг графиктæ æмæ сæ хъæуы хъахъхъæнын», – банысан кодта Пухаты Эрик, арæзтадон организациты къухдариуæггæнджытæм дзургæйæ.

Зæгъойты Эдуард æрæмбырдуæвджытæн  фехъусын  кодта Инвестпрограммæйы объекттæ реализаци кæныны тыххæй, уæлдайдæр та, гуырæн хæдзар, цыран арæзтадон куыстытæ активонæй цæуынц. Аразджытæ ныфс æвæ-рынц куыстытæ ацы аз сæрды кæронмæ кæй фæуыдзысты.

Пухаты Эрик бахæс кодта, цæмæй кусын райдайой æнæмæнгхъæуæг ифтонгад балхæныны фарстатыл.

Арæзтады министр ма радзырдта Уанат-Цхинвалы донуадзæны арæзтады тыххæй дæр, кæцы æхсæвæй бонæй столицæйы ифтонг кæндзæн донæй.

«Мадзалы фæлгæтты цæттæ цæуы доны резервуартæн фæзуат, алкæцыйæн дзы йæ бæрцуат уыдзæн 3, 5 мин кубы. Тагъд рæстæджы резервуарты райдайдзысты аразын», – загъта Дзæгъойты Эдуард.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы ахсджиаг социалон объект аиуварс кæндзæн столицæйы доны хъуагдзинады проблемæ.

Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй объектты арæзтад иумæйагæй сисгæйæ цæуы æнæ къуылымпыйæ.

Æмбырдæн хатдзæгтæ аразгæйæ, Пухаты Эрик зæрдыл æрлæу-уын кодта, арæзтадон организациты къухдариуæггæнджытæ æмæ æндæр бæрнон адæймæгтæ дæр иугъуызон бæрндзинад кæй хæссынц адæмы раз 2019 азы Инвестицион программæ æнтыстджынæй среализаци кæныны тыххæй, æмæ сæ æрдомдта, цæмæй сæ хæстæ цæсгомджынæй æххæст кæной.

РХИ-йы Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.