РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик бабæрæг кодта, 2019 азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдон. Йемæ ма уыдысты Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард, йæ хæдивæг Гаглойты Сергей, капиталон арæзтады управленийы хистæр Джиоты Роберт, подрядон организациты къухдариуæггæнджытæ.

Хицауады сæргълæууæг бабæрæг кодта Суворовы уынджы сабидоны æмæ хъалонты инспекцийы арæзтцæуæг бæстыхайы, республикон парчы æмæ Цхинвалы уазæгдоны бæстыхæйтты арæзтад.

Пухаты Эрик цымыдис кодта аразджыты куысты уавæртимæ, арæзтадон æрмæджытæй куыд ифтонг цæуынц æмæ сæ цас кусджытæ кусынц, уыдæттæм.  

Хъалонты фæдыл комитеты 160 бынатæн арæзт чи цæуы, уыцы сабидоны бæстыхæйтты æххæст цæуынц дыккаг уæладзыджы систæ амайыны куыстытæ. Объектты архайы 50 кусæгæй фылдæр. Хæрзарæзт цæуы парчы зонæ дæр. Ам фесты территори планировкæ кæныны фæдыл куыстытæ, хæрзарæзт цæуынц цады донбылгæрæттæ, арæзт цæуынц хицæн техникон агъуыстытæ. Уазæгдоны комплексы аразджытæ кæнынц мидæггагон куыстытæ: сæрдынц къултæ, æвæрынц рудзгуытæ, уадзынц æм инженерон коммуникацитæ.

«Бæрæг аххосæгтæм гæсгæ объектты хицæн хуыз куыстытæ графикæй фæсте зайынц, фæлæ аразджытæ ныфс æвæрынц, тагъд рæстæгмæ ахæм фæстæзаддзинадæн бынат кæй нал уыдзæн. Радон Инвестпрограммæ райдыдта активонæй æмæ æппæт тыхтæ раттын хъæуы, цæмæй йæ темп ма фæкъаддæр уа», – загъта Хицауады Сæрдар.

Пухаты Эрик бахæс кодта капиталон арæзтады управлени æмæ подрядон организациты къухдариуæггæнджытæн, цæмæй объектты куыстытæ æххæст кæныны график аразынмæ сæ хъус æрдарой, фæфылдæр кæной кусджыты нымæц, цæмæй цы фадгуыты хъæуы куыст фæрæвдздæр кæнын, уым фæстæзаддзинад мауал уа.

«Графикмæ гæсгæ фæстейæ кæм зайынц, уым дыккаг сменæ хъæуы бакæнын, цæмæй арæзтады цыд фæтагъддæр уа æмæ планмæ гæсгæ æххæст кæной сæ куыст», – загъта Пухаты Эрик.

Уый подрядонтæн бацамыдта, цæмæй развæлгъау батыхсой объекттæн ифтонгад ныззакъаз кæныныл.

Æхцайы фæрæзты тыххæй дзургæйæ, уый банысан кодта, зæгъгæ, Инвестпрограммæйæн æхцайы фæрæзтæ хицæн цæуынц æнæкъуылымпыйæ, уымæ нæ хауынц Дзауы æмæ Знауыры районты цæрæн хæдзæртты арæзтад, кæцыты фæдыл сæ къухтæ æрфыстой РХИ-йы æмæ УФ-йы ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы 2019 азы апрелы мæйы.

Уымæ нæ кæсгæйæ, Хицауады сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, уый нæ бахъыгдардзæн рæстæгыл проекттæ реализаци кæнынæн.

РХИ-йы Президенты æмæ Хицауады пресс-службæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.