9-æм ноябры Тыбылты Александры номыл Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты конференц-залы уагъд æрцыд сфæлдыстадон конференци фыссæг, поэт, публицист, æхсæнадон архайæг, Ирыстоны Фысджыты цæдисы æмсæрдар Хъазиты Мелитоны райгуырдыл 70 азы сæххæсты сæраппонд.

Конференци бацæуæн ныхасæй байгом кодта ирон литературæйы историйы кафедрæйы хистæр ахуыргæнæг Плиты Серго. Уый банысан кодта, зæгъгæ, Мелитоны хуызæн гоймæгтæ кæмæ нæй, уыцы адæмтæ стыр хæрзиуæгæй цух сты, зæгъгæ, нæ адæм амондджын сты, Мелитон æмæ нæм Мелитоны хуызæттæ кæй гуыры, рæзы се ‘нтыстытæй нæ зæрдæтæ, æмæ бирæ адæмты зæрдæтæ кæй рухс кæнынц, уымæй.

Хъазиты Мелитоны цард æмæ сфæлдыстады тыххæй доклад сарæзта професор Плиты Гацыр. Гацыр банысан кодта, зæгъгæ, Мелитон йæ зæрдæйы рæсугъд тынтæ дардыл нывæндын куы байдыдта, уæд йæ уарзон Иры алыварс фæзындысты тар, кæуындзæст мигътæ, уасын райдыдтой Ирыстоны сæрмæ фыдбоны халæттæ. Мелитон йæ адæмы рыст æвдыста йæ уацмысты, йæхæдæг та йæ бонтæ æрвыста æнкъард æмæ æрхæндæгæй. О, фæлæ зындзинæдтæй чи фæтарстаид, Мелитон ахæм нæ разынд, нæ асаст йæ хъару, æмæ йæ адæммæ, ныфсытæ æвæргæйæ сидт знаджы ныхмæ тохмæ, цæмæй уарзон фыдыбæстæйы знаг ма скæна йæ къæхты бын. Раныхасгæнæг дзырдта, зæгъгæ, Мелитон нæ поэзийы æвæллайгæ зиууон у, æхсæв нæ улæфы, бон нæ бады, фæлгæсæн рындзæй кæсæгау кæсы Ирыстоны хæхтæ æмæ быдыртæм, æдзæллаг уавæрмæ чи æрхауд, кæддæр цард цæджджинагау кæм æхсыст, уыцы комбæстæм, уыцы хъæутæм.

Мелитон литературон куыст кæд скъолайы райдыдта, уæддæр йе ‘взыгъддзинæдтæ зынын райдыдтой студентон бонты. Литературæйы ахæм бæрзæндмæ схизынæн та йын фæахъаз сты йе студентон хæстæ æххæст кæнынмæ кæй нæ зивæг кодта,  æндæр адæмты классикты уацмыстæ кæсын æмæ ахуыр кæнынмæ кæй тырныдта, уый.

Мелитонæн ма раарфæ кæнын æмбæлы уый тыххæй дæр, æмæ йæ поэзийы сæйраг фарстытæ адæм æмæ фыдыбæстæ, æвзаг æмæ нæ диссаджы æгъдæуттæ кæй сты. Ирон æвзаг æмæ æгъдæуттæн сæфæн, мæлæн кæй нæй, уый фидарæй загъта йе ‘мдзæвгæ-тæй бирæты. Мелитон фидарæй зæгъы, зæгъгæ, цалынмæ Къоста, Секъа æмæ æндæр ирон классикты кæсæм уæдмæ амæлæн нæй ирон æвзагæн.

Мелитоныл царды тынгдæр цы бандæв-та, фылдæр цæуыл фæмæт кодта, уыдонæй иу у Бесланы 1-æм астæуккаг сколайы сколадзаутæ, ахуыргæнджытæ æмæ хъомылгæнджыты æнамонды хабар. Уæд мастæй йæ зæрдæ коммæ дæр нал каст, фæлæ, цæмæй уыцы цаутæ нæ адæм, сомбоны фæлтæр ма ферох кæной уый тыххæй ссардта тых, хъарутæ æмæ ныффыста, зæрдæмæ арф чи бахъары ахæм æмдзæвгæтæ.

Раныхасгæнæг ма банысан кодта, зæгъгæ, Мелитон алыварсыг курдиаты хицау у, фæлæ зæгъæн ис, прозæйы фадыджы йæ тыллæджы райст бирæ хъæздыгдæр кæй у, уый. Ууыл дзурæг сты йæ прозаикон уацмысты бирæнымæц æмбырдгæндтæ. «Алмас», «Фæлдзæуæн рæстæг», «Зæлы зарæг», «Чызджы зæрдæ» æмæ æндæртæ.

Мелитонæн йе сфæлдыстадон куыстыты хсæн стыр бынат бацахстой йæ иртасæн куыстытæ. Уый монографитæ ныффыста Къоста, Гафез, Нафи, Камал æмæ Ирыстоны æндæр зындгонд адæймæгтыл. Фæуынхъус ын у, æрæджы Джыгкайты Шамилыл цы чиныг фыссын райдыдта, уый дæр.

Уый фæстæ ма конферецийы Мелитоны тыххæй сæ хъуыдытæ дзырдтой фыссæг Гæбæраты Юри, Мелитоны хорз чи зоны, æхсæнады уыцы архайджытæ, университеты лектортæ Тыбылты Ингæ, Куыдзеты Иринæ, Биазырты Аллæ, Остъаты Джульеттæ, Тыбылты Инал, Тедеты Вадим æмæ æндæртæ. Уыдон се ‘ппæт дæр банысан кодтой, зæгъгæ, Мелитонæн ахæм æнтыстытæ, сæйраджыдæр, йæ къухты бафтыд йæ куыстуарзондзинады фæрцы.

Студенттæ Джиоты Линдæ, Гæджиты Иринæ, Кокойты Аллæ æмæ æндæртæ та кастысты Мелитоны фыст æмдзæвгæтæ.  Джуссойты Дианæ æмæ Сиукъаты Залинæ та бакастысты Мелитоныл сæхи фыст æмдзæвгæтæ.

Мелитоны сфæлдыстадон конференцийы хайад райста æмæ дзы раныхас кодта РХИ-йы Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик.

Конференцийы кæронбæттæны раныхас кодта юбиляр йæхæдæг. Уый раарфæ кодта конференци чи бацæттæ кодта æмæ йæ ауагъта, уыдонæн. Уыцы ахсджиаг куыст бакодтой университет æмæ ирон литературæйы историйы кафедрæйы разамынад. Уыимæ ма банысан кодта зæгъгæ ахæм конференцитæ уадзын æнæмæнг хъуыддаг у, уымæн æмæ æрыгон фæлтæртæн уарзын кæнæм сæ мадæлон æвзаг, зонгæ сæ кæнæм сфæлдыстадон куыст чи кæны уыдонимæ æмæ уыдæттæн та ис стыр æмæ ахсджиаг нысаниуæг.

Гæззаты Иван

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.