САМБО

Спорты хуыз самбойы фæзындыл 80 азы сæххæсты цытæн Беслæны уагъд æрцыд РЦИ-Аланийы чемпионат самбойæ. Ерысты хайад райстой РХИ-йы Дзауы районы самбойы скъолайы хъомылгæнинæгтæ. Уыдон рамбылдтой дыууæ бронзæ майданы. Ахæм æнтыст бафтыд Козаты Георги æмæ Беджызаты Арсены къухты. Георги 52 кг уæзы категорийы бронзæ майдан рамбулыны тохы тыхджындæр уыд Дзæу-джыхъæуы минæварæй, Арсен та 62 кг уæзы категорийы 3-аг бынат бацахсыны тохы фæуæлахиз Горæтгæрон районы спортсменыл.

Дзауаг спортсменты бацæттæ кодтой тренертæ Беджызаты Гия æмæ Хъоцыты Тамерлан.

БОКС

Ирон профессионалон боксер Чилæхсаты Георги рамбылдта Eurasian Boxing Parlament чемпионы титул. Уый Екатеринбурджы уагъдцæуæг турнир RCC Boxing Promotions фæлгæтты рамбылдта Гайбатулла Гаджиалиевы. Турниры фæлгæтты уагъд æрцыд 12 тохы, кæцыты хайад райстой Уæрæсе, Аргентинæ, Филиппинтæ, Узбекистан æмæ Киргизийы минæвæрттæ.

УÆЗЗАУ АТЛЕТИКÆ

Ашхабады уагъд цыд дунейы чемпионат уæззау атлетикæйæ. Ерысты 2012 азы Олимпион хъæзтыты бронзæйон призер Æлбегаты Русланæн травмæйы аххосæй йæ бон не ссис майдан рамбулын. Уый иууыл уæззаудæр уæзы категорийы (+109 кг) бацахста 5-æм бынат. Уый тыххæй фехъусын кодта УФ-йы уæззау атлетикæйы федерацийы вице-президент Владимир Салтыков.

Хуриты Батрадз 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.