(Хъазиты Мелитоныл 65 азы сæххæсты юбилейон фембæлды 12.11.2013 азы)

Раст уын куы зæгъон, уæд æз абон ардæм æрбацыдтæн хъусынмæ. Уымæн æмæ, цæмæй ахæм фембæлды хъæуæг ныхас зæгъай, уый тыххæй хи хъæуы цæттæ кæнын. Фæлæ Мелитоны рагæй зонын. Стæй иумæ кусæм, æмæ дзы зæгъинаг цы дæн фыццаджы-фыццаг?

Иу уый æмæ мæнæ нæ Республикæйы хистæр Леонид Харитонович афтæ кæй загъта, зæгъгæ, мах ардæм æрбацыдыстæм “шин кæнынмæ”, уымæй хуыздæр, æвæццæгæн, ницы æрымысдзыстæм нæ ацы изæрæн йæ нысан цы у, уый зæгъынæн – цин кæнын. Цин кæнæм хорз лæгыл, цин кæнæм хорз поэтыл, цин кæнæм хорз прозаикыл. Уый у стыр хъуыддаг. Чи зоны йæ зæгъынæн уымæй хуыздæр ницы æрымысдзыстæм, æмæ кæд сахуыр уаиккам, зæгъгæ, цы нæм ис нæ кæстæртæй хорзæй, дзæбæхæй, ууыл цин кæнынхъом суæм. Цас кæстæр уа æмæ йæхи хуыздæр равдиса, уыйбæрц ыл тынгдæр хъуамæ цин кæнæм. Зæронд лæгыл ма фæнды цин кæн, фæнды нæ.

Ӕз æй зонын, Къоста æнкъард ныхæстæ загъта. Зæгъгæ:

 

Зонын, – æфсæрмæй кæудзыстут,

Бавæрдзыстут мын мæ мард.

“Рухсаг у, рухсаг, – зæгъдзыстут, –

Ницæмæн уал уыд дæ цард!”.

 

“Ницæмæн уал уыд дæ цард!” – фæдзурынц зæронд лæгæй. Ӕмæ мæм ахæм хъуыды ис – цæй ахæм закъон райсæм, цæмæй юбилейтæ бæрæг кæнæм дыууиссæдз азæй цыппарыссæдз азмæ. Стæй лæг базæронд вæййы, æмæ афтæ фæхъуыды кæны, зæгъгæ, мыл цин кæнынц, ома тагъддæр афардæг у æмæ дæ фервæзæм.

Цæмæй афтæ ма дзурæм, уый тыххæй йæ зæгъын. Фæлæ Мелитон йæ тæккæ лæджы кары ис. Ӕмæ йыл цин кæнæм. Тынг мæ фæнды, уыцы цин кæнын цæй тыххæй у, уый-иу дзæбæх куы ‘нкъариккам, æмæ-иу æй куы зониккам. Фыссæгæн та йæ сæйраг мæт уый у – исчи мæ кæсы æви нæ? Куы ничи дæ кæса, уæд цы уынгæджы дæ сæр фæцис, цæуыл æй сæттыс? Кæд дæ исчи кæсы, уæд уый чи у, кæцæй у – æцæг чиныгкæсæг у æви нæ?

Мæн афтæ фæнды, цæмæй мах зонæм, Мелитон цы ныффыста, уый æцæг кæсинаг у. Йæ алы æмдзæвгæ, йæ алы уацмыс мæм, чизоны, не ‘рбафтыдысты, фæлæ йын йæ сæйраг чингуытæ иууылдæр кастæн. Бæргæ зæронд лæг алцæуыл нал феххæссы, фæлæ сæ уæддæр хъуамæ зонæм. Мелитон æцæг курдиатджын лæг у æмæ хъуамæ зона, зæгъгæ цин мыл кæнынц мæ курдиаты тыххæй. Ӕмæ уæд ноджы хуыздæр уыдзæнис, ноджы рæсугъддæр. Йæ “Цатыр” нырыккон ирон поэзийы хуыздæр чингуытæй у. Стæй “Ӕууæндын Адæймагыл”, йæ бирæ новеллæтæ, уацаутæ, роман, пьесæтæ… Мæнмæ хорз кæсы ноджыдæр уый, æмæ Мелитон канд курдиатджын нæу, фæлæ ма кæй у тынг куыстхъом. Кусынхъом куынæ уай, уæд курдиат йæхæдæг бахус уыдзæнис, æндæр ницы. Чи зоны, иу-дыууæ æмдзæвгæ ныффыссай, дыууæ чиныджы дæр фестæд, фæлæ Мелитон ныр æнæхъæн библиотекæ ныффыста æмæ цæмæй уыйбæрц уацмыстæ сфæлдисай, уый тыххæй хъуамæ уай куыстхъом, куыстуарзон.

Мелитон у тынг куыстхъом æмæ йæ курдиат уымæ гæсгæ тынг уæрæх æвдисы, чи йæ кæсынц, уыдонæн. Чи йæ нæ кæсы, уымæн нæ дæр Мелитоны аххос у, нæ дæр мæ аххос. Йæхи аххос у, чи йæ нæ кæсы, уымæн.

Гъемæ, мæ дыккаг фæндон уый уыдзæнис, цæмæй Мелитоны уацмыстæ кæсæм æмæ сæ зонæм. Уый нæхицæн хуыздæр уыдзæн. Мелитонæн уæлдай нæу. Уымæй Мелитон хуыздæр нæ фæуыдзæнис, æрмæст ын æхсызгон уыдзæнис, æндæр…

Махæн уыдзæнис хуыздæр – цас фылдæр зонай курдиатджын уацмыстæ, уыйбæрц дæ зæрдæ рæсугъддæр уыдзæнис, дæ удыконд та хъæздыгдæр уыдзæнис.

Фæнды ма мæ зæгъын уый дæр æмæ, Мелитон у ахæм лæг, исты хорз уацмыс куы фены, уæд ын вæййы тынг æхсызгон. Ӕмæ уый фысджытæм стæм у. Блок кæддæр дзырдта, зæгъгæ, “мы друг другу враждебны”, – уый фысджытæй дзырдта æмæ ууыл баст у, фыссæг йæ куыст фæкæны иунæгæй æмæ, хиуарзондзинад чи у, уый афтæ свæййы æмæ йæхицæй дарддæр иннæты хъуыды дæр нал фæкæны.

Ӕмæ æз хъуыды кæнын иу ирон фыссæджы, – цы йæ æмбæхсын, Мамсыраты Дæбейы – дзæбæх прозаик, курдиатджын прозаик. Иухатт иу-цалдæрæй уыдыстæм. Ӕмæ уый дзуры:

– Ӕз ирон фысджытæй тарстæн æрмæстдæр Дзесты Куыдзæгæй.

Мæнмæ цыдæр диссаг фæкастис йæ ныхас, зæгъын, уый та куыд у, фыссæг фыссæгæй тæрса? Зæгъын цы хуызæн ныхæстæ кæныс?

– Ӕмæ уый не ‘мбарыс? – зæгъын, нæ йæ æмбарын. – Цæмæй дзы тарстæн, цæ, зæгъын, уый мæнæй хуыздæр куы ныффыстаид.

Ууыл хъуамæ цин кæнай! Тæрсын дзы нæ хъæуы, фæлæ йыл цин кæнын хъæуы. Ӕгайт-ма исчи дæуæй хуыздæр ныффыста. Ӕз разы дæн иу хъуыддагыл – Ирыстоны фысджытæ иууылдæр мæнæй хуыздæр куы фыссиккой, æрмæст-иу мæн дæр искуы куывдмæ семæ куы бауадзиккой, æндæр мæ ницы хъæуы.

Гъемæ нæ ахæм амонд уæд, нæ фысджытæн чысылгай искуы куы сахуыр уаиккам аргъ кæнын, се ‘нтыстыл цин кæнын, цæмæй сын ноджы фылдæр æнтыса.

Гъемæ, Мелитон, дзæбæхæй цæр, цæмæй дын ноджы стырдæр æнтыстытæ уа æмæ, мæ цахъхъæн куы суай, уæд куыд дзурай, зæгъгæ, мæнæн бирæ чиныгкæсджытæ ис.

Мыхуырмæ йæ бацæттæ кодта

ТЪОТЪОТЫ Ленæ

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.